Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уагъдæрцæуæг Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ æвзæрстыты тыххæй махæй алкæйы дæр бахъуыд æндæр хъуыддæгтæ рæстæгмæ ныууадзын æмæ æппæт хъусдард дæр ацы фарсты ‘рдæм аздахын. Мæ хъусдардмæ гæсгæ, РХИ-йы Парламенты депутаттæ разындысты  иууыл  активон дæртæ  æвзæрстыты агъоммæйы куысты процессы. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæ уыд, уымæн æмæ, номхуындæй, мах æвзарджытимæ ныхас кæнгæйæ, хъуамæ æмбарæм адæмы фæндондзинад æмæ йын закъондæттынадон формæ дæттæм.

Мæ депутатон куысты фæстаг рæстæджы, æвзарджытимæ фембæлдтыты, æгæрыстæмæй Дзауы районы иууыл дæрддагдæр хъæуты дæр, хъуыстам куырыхон  хъуыдытæ уæрæсейаг президентон æвзæрстыты фæдыл. Мæнмæ дисау каст, иууыл хуымæтæгдæр адæймæгтæ дæр ацы цаумæ стыр бæрндзинадимæ кæй кастысты, уый. Сæрмагондæй мæхи, æвзарджытимæ ахæм ныхас бирæ цæуылдæрты  ахуыр кæны æмæ уæлдай бæрнондæр ахаст мæ хæстæм дарын.

2018 азы Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты фæстиуджытæ дисау никæмæ фæкастысты. Фæлæ æнæбафиппайгæ нæ баззад ме ‘мзæххонты активондзинад, кæцытæ сæ хъуыддæгтæ ныууадзгæйæ, се ‘нæниздзинадмæ, боныгъæдмæ æмæ иуæй-иу æвзарæн фадгуыты дæрддагдзинадмæ нæ кæсгæйæ, ссардтой фадат уæрæсейаг президентон æвзæрстыты хайад райсынæн. Дисау макæмæ кæсæт, бирæтæ хъæлæс кæнынмæ бæхтыл  кæнæ дард фæндагыл къахæй кæй цыдысты, уый дæр. Æвзарджытæ иууылдæр æмбæрстой, зæгъгæ, нæ цард дарддæр кæны æмæ  цас æнтыстджын уа, уый та баст у конкретон адæймæгтыл. Уыцы адæймæгтæй иуы тыххæй ныридæгæн схъæлæс кодтам.

Æз куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат, афтæ хæсджын дæн стыр бузныджы ныхæстæ зæгъон, æвзарæн фадгуытæм чи æрбацыд æмæ  нæ фидæн кæимæ баст у, уыцы равзæрст чи сарæзта, уыдонæн се ‘пптæн дæр. Нæ равзæрст – УФ-йы архайæг Президент Владимир Путины æвварс, æвзæрстытæм чи æрбацыд, уыдоны 77% кæй рахæцыдысты, уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ тырнындзинæдтæ æмхуызон кæй сты ацы бæстæйы фидæны политикон курсмæ ахасты йæ фæндон чи равдыста, уыдонимæ.

Ноджы ма мæ иу хатт бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды нæ адæм Владимир Путины кандидатурæйы æвварс кæй рахæцыдысты, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы уыдон нæ хъуыды кодтой хисæрмагонд æдасдзинадыл, нæдæр фæрныгад æмæ экономикон стабилондзинадыл, нæдæр ахуырадон æмæ культурон рæзтыл, фæлæ рахæцыдысты адæймагон æмбарындзинады æвварс, кæцы арæзт цæуы нæ иумиаг историон, культурон æмæ монон менталондзинадыл.

Арфæйы ныхæстимæ мæ бахатын фæнды мæ партийы  æмтохгæнджытæн, ме ‘взарджытæн æмæ хæлæрттæн, æввахс сыхæгтæн, æмзæххонтæм æмæ коллегæтæн, кæцытæ алыхатт дæр сты нæ фарсмæ æмæ дих кæнынц  мæ Райгуырæн бæстæйы фæрныгадмæ здæхт цæстæнгас.

ДЖИОТЫ Инал,

РХИ-йы Парламенты

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон

хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.