Фæстаг азты Хуссар Ирыстонмæ æддагон туризм бæрæг фæактивондæр. Уымæн ис йæхи аххоссæгтæ, фыццаджыдæр, нæ æрдз, нæ хæхтæ тынг цымыдис кæнынц мегаполисты цæрæг адæмы. Раздæрау фæсарæнтæм æнцонтæй цæуыны фадат кæй нал ис, уый дæр разæнгард кæны туристты Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынмæ.

Æрмæст компани «Карсан-тур»-ыл æрвылаз дæр Ирыстонмæ æрцæуы цалдæр сæдæ туристы. Уый фæдыл туроператор йæхæдæг афтæ зæгъы: «Ахсджиаг у развæлгъау туристты домæнтæ базонын. Махмæ уазæг куы æрцæуы, уæд ыл сæмбæлæм дзаджджын фынгимæ, сбуц æй кæнæм æртæ чъири æмæ физонæгæй», – зæгъы Карсанты Гурам.

Ныртæккæ нæм туристтæ фылдæр сæхæдæг развæлгъау интернеты «Карсан-тур»-имæ бастдзинады фæрцы цæуынц. Зæгъы, зæгъгæ, йын алы районмæ дæр ис фиксацигонд æргътæ. «Зæгъæм, æз аразын экскурситæ æмæ уыцы иурæстæг æххæст кæнын гиды роль, дзурын историон факттыл. Турагентадттæ та хæсджын сты бæлццæтты хæрд, цæрæнуатæй сифтонг кæнын. Комфортон уавæртæ, æдасдзинад, хæлцы меню – уыдонæй сæ хъуамæ туристон фирмæ ифтонг кæна. Уыцы хъуыддæгтæ та нын нырма сты  бакусинаг.

РХИ-йы президент Гаглойты Алан æрæджы адæм æмæ Парламентмæ Ныстуаны фехъусын кодта, ацы хъуыддагыл кæй бакусдзæн паддзахад æмæ кæй сæндидзын кæндзæн туризм. Фæлæ цалынмæ ацы фарстыл паддзахад бакуса, уæдмæ уал хъуамæ архайой иунæг адæймæгтæ сæхæдæг дæр. Бынæттон цæрджытæй хæхбæстæй чи ралыгъд, ахæмтæн æз арæх фæдзурын, зæгъын, чысыл дуканитæ кæныны бæсты саразут, уæ фыдæлтæ кæцæй ралыгъдысты, уым хæдзæрттæ æмæ уæм туристтæ цæудзысты. Фæлæ мах адæм афтæ ахуыр не сты, æфтиæгтæ исын сæ æнцонæй æмæ æвæстиатæй фæнды. Туризмæн та дæргъвæтин перспективæ ис, бирæты йæ пайда уырнгæ дæр нæ кæны», – зæгъы Карсанты Гурам.

Этникон музей «Борджнис»-ы саразæг æмæ гид Бететы Юрийы хъуыды дæр ахæм у. Уый цалдæр азы кæны ахæм куыст æмæ бамбæрста, туристты æрдзы хъæбысæй нал фæфæнды горæтмæ. Хæхтыл ын уавæртæ куы уа – кæм баулæфа, хæрд, нозт куы уа, уæд уый къуыри дæр нæ рацæудзæн ахæм бынатæй. «Фæстаг азты Хуссар Ирыстоны фæзынд цыппарстъалыйон æмæ ма цалдæр сæрмагонд уазæгдоны. Уым се ‘ппæты дæр ис комфортон уавæртæ, хъастгæнæн сæ никæмæй ис. Фæлæ цахæм сты нæ туристтæ? Уыдон фæнды горæтæй баулæфын, хæхты тезгъо кæнын, уый фæстæ хорз, сыгъдæг ран бахсæвиуат кæнын, сты националон хæринæгтæ бахæрын. Мæ уазджытæй исчи ахæм сервис куы фæдомы, уæд сæ афæдзæхсын, нырма нын ахæм уавæртæ кæй нæй, нæ къæхтыл кæй нæма слæууыдыстæм æндæр размæцыд паддзахадтау», – зæгъы Бетейы фырт.

Карсанты Гурам ма куыд загъта, афтæмæй туризмæн бирæ тых ис Хуссар Ирыстоны пропагандæ кæныны хъуыддаджы. «Мах æрцæуæг туристты размæ хæссæм нæ истори. Дзурæм сын нæ культурæ, не ‘гъдæутты тыххæй. Æз нырма иу адæймаджы цæстыты дæр нæ федтон уыцы фарстатæ кæй нæ цымыдис кæнынц, хатт мæм уыйбæрц фарстатæ фæдæттынц æмæ ма тыхсгæ дæр скæнын. Цалдæр азы кæнын гиды куыст, фæлæ нæ фæлмæцын хæхтæм цæуынæй. Алцыдæр федтон, афтæ мæм каст, Ирыстоны алы къуым дæр бабæрæг кодтон. Фæлæ уый афтæ нæу, алы хатт дæр байгом кæнын ногдзинæдтæ.

Цалдæр мæйы размæ бабæрæг кодтон Биеты аргъуан, кæцы ис Цхинвалы районы. Йæ иувæрсты бирæ хатт ацыдтæн, фæлæ йын æрæджы базыдтон йæ уникалон арæзтады тыххæй. Ныр та лæмбынæг ахуыр кæнын Чысыл Леуахийы ратæдзæнтæ. Мæхæдæг дæр туристтимæ иумæ фæцин кæнын хæхты бæрзæндтæм куы схизын æмæ уырдыгæй куы рафæлгæсын. Синагур, Ерцъо, Буб, Билуртайы æфцæг, Къусджытæ, Джеры дзуар – диссаг сты, æвæдза». Цыма уыцы бæрзæндтæй рафæлгæсынæй æхцондæр исты ис царды? Æниу къаддæр рæсугъд не сты быдырон бынæттæ дæр. Кæмдæрты зымæг вæййы рæсугъд, кæмдæр та – сæрд. Зæгъæм, Знауыры районы Бахъатыхъæуы цады аивдзинадæн æмбал нæ вæййы сæрды. Ленингоры районы цы диссаджы æрдз ис, уый хъавын лæмбынæгдæр сахуыр кæнынмæ», – дзуры йæ тæлмæнтæ Хуссар Ирыстоны иууыл зынгæдæр гид Карсанты Гурам.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.