Республикæйы хорз зындгонд у гид Карсанты Гурамы ном. Уый нын радзырдта, туристон сезон 2022 азы цахæм уыдзæн, цас бæлццæттæм æнхъæлмæкæсæн ис, уыдæтты тыххæй.

– 2021 аз мæнæн фæстиуæгджын уыд. Фæлæ ацы аз æз фылдæр туристтæм æнхъæлмæ кæсын. Турфирмæты куыст нырма махмæ бæстон нæу. Махмæ цы туристтæ цæуы, уыдон фылдæр цæуынц сæхæдæг, развæлгъау мемæ бастдзинад саразгæйæ. Турфирмæты лæггæдтæн ис фиксацигонд æргътæ, уыдон аслам нæ вæййынц. Зæгъæм, æз аразын экскурситæ æмæ æххæст кæнын гиды роль, дзурын историон факттыл. Турагентадтæ та хæсджын сты бæлццæтты хæрд, цæрæнуатæй сифтонг кæнын. Комфортон уавæртæ æдасдзинад, хæлцы меню – уыдонæй хъуамæ туристон фирмæ ифтонг кæна. Кæцыдæр турист хæры иу хæринаг, æндæр та – æндæр хæринаг. Уыдæттæ иууылдæр нырма сты бакусинаг. Республикæ нырма цæттæ нæу бирæ туристтæ исынмæ. Æцæг фæстаг азты фæндон ис ацы хъуыддагыл бакусын æмæ йæ сæндидзын кæныныл. Цалынмæ ацы фарстыл паддзахад бакуса, уæдмæ уал хъуамæ архайой иунæг адæймæгтæ сæхæдæг. Бынæттон цæрджытæй хæхбæстæй чи ралыгъд, ахæмтæн æз арæх фæдзурын, зæгъын, чысыл мага-зинтæ кæныны бæсты саразут уæ фыдæлты хæдзæрттæ, сцалцæг сæ кæнут æмæ уæм туристтæ цæудзысты. Фæлæ мах адæм афтæ ахуыр сты æфтиæгтæ сæ æнцонæй æмæ тагъд хъæуы. Туризм та дæргъвæтин перспективæ у, бирæты йæ пайда уырнгæ дæр нæ кæны. Æхсæз аз кæнын гиды куыст æмæ сын æмбарын кæнын: туристты æрдзы хъæбысæй нал фæфæнды горæтмæ. Хæхты йын уавæртæ куы уа, кæм баулæфа, хæрд, нозт куы уа, уæд уый къуыри дæр нæ рацæудзæн ахæм бынатæй.

Фæстаг азты Хуссар Ирыстоны фæзынд цыппарстъалыйон уазæгдон æмæ ма цалдæр сæрмагонд чысыл уазæгдæттæ. Уым се ‘ппæтæн дæр ис комфортон уавæртæ, хъастгæнæн сæ никæмæй ис. Фæлæ цахæм сты нæ туристтæ? – Уыдоны фæнды горæтæй баулæфын, хæхтыл тезгъо кæнын, уый фæстæ хорз, сыгъдæг ран бахсæвиуат кæнын, исты националон хæринаг бахæрын. Мæ уазджытæй исчи ахæм сервис куы фæдомы, уæд сæ афæдзæхсын, ныр кæй райдыдтам нæ къæхтыл лæууын æмæ нæм уавæртæ кæй нæма ис æндæр размæцыд паддзахадтау.

Карсанты Гурам ма куыд зæгъы, афтæмæй туризмæн бирæ тых ис Хуссар Ирыстоны республикæ пропагандæ кæныны хъуыддаджы. Мах æрцæуæг туристты размæ хæссæм нæ истори. Дзурæм сын нæ культурæ, не ‘гъдæутты тыххæй. Æз нырма иу адæймаджы цæстыты дæр нæ федтон, уыцы фарстатæ йæ кæй нæ цымыдис кæнынц, хатт мæм уыйбæрц фарстатæ фæдæттынц, æмæ ма тыхсгæ дæр скæнын.

Гурам ма зæгъы, зæгъгæ, цалдæр азы кæны гиды куыст, фæлæ нæ фæлмæцы хæхтæм цæуынæй. Афтæ, дам, мæм каст, Ирыстоны алы къуым дæр федтон, бабæрæг æй кодтон. Фæлæ та цалдæр боны размæ мæхицæн бакодтон ног бынат – Биеты аргъуан, кæцы ис Цхинвалы районы. Йæ иувæрсты бирæ хатт ацыдтæн. Ныр æй бамбæрстон, уникалон архитектурон арæзтад кæй у. Дзомагъмæ дæр туристтæ никуыма акодтон. Ныр та лæмбынæг ахуыр кæнын Чысыл Леуахийы цæугæдоны ратæдзæнтæ, ома, Медзыда æмæ Лехурагомы. Мæхæдæг дæр туристтимæ иумæ цин фæкæнын, хæхты бæрзæндтæм куы схизын æмæ уырдыгæй куы рафæлгæсын. Синагур, Ерцъо, Буб, Билуртайы æфцæг Кусджытæ, Джеры дзуар – диссаг сты. Цыма уырдыгæй рафæлгæсынæй æнцондæр  исты ис царды? Æниу, къаддæр рæсугъд не сты быдырон бынæттæ дæр. Кæмдæрты зымæг вæййы рæсугъд, кæмдæр та – сæрд. Зæгъæм, Зиулеты, Бахъатыхъæуы. Цад, дидинджытæ, рагон аргъуан-тæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, аивдзинадæн æмбал нæй, фыццаг рады – Дзау æмæ Ленингоры районтæн. Фæлæ Знауыры районæн дæр диссаг у йæ æрдз. Къаддæр зонын Цхинвалы районы. Фæлæ мæ нывæзты ис, уый лæмбынæгдæр сахуыр кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.