Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста æмбæстæгты, хисæрмагонд фарстыты фæдыл. Хайад дзы райстой Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уыдон лæвæрдтой æнæмæнгхъæуæг комментаритæ куырдиæтты хицæутты фарстытæн.

Цæвиттон, Мамиты Ингæ, бахатыд, цæмæй йын рахицæн кæной бæстыхай, национ æмæ æрвылбонон дарæсхуыйæн дизайнерон студийæн. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хуыйын базонын кæй фæнды, ахæмтæ йæ саразгæ номхыгъды ис 60 адæймагæй фылдæр. Мамиты Ингæ фæнд кæны дарæс кондадон æмвæзадыл хуыйын æмæ йæ брендон саразыныл.

Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй йын бацамындæуыд, цæмæй бахата Цхинвалы бирæпрофилон колледжы къухдариуæгадмæ, уым изæры ахуыртæ байгом кæнынæн фадат саразæн ис, æви нæ. Уавæрæй рахизынæн ма гæнæн ис, хи кондад сорганизаци кæнын хатырон кредиттæ дæттыны Фонды руаджы амалиуæгадæн æххуысы программæмæ гæсгæ. Уый тыххæй та хъуамæ  сараза бизнес-проект æмæ бахата Экономикон рæзты министрадмæ, фарстыл дарддæр бакусыны тыххæй.

Сувенирон продукци аразын æмæ реализаци кæнынæн æххуысы фæдыл та бахатыд Цхуырбаты Иннæ. Уый у национ стилы куклæтæ аразынмæ дæсны. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм продукци æлхæнынц куыд цæрджытæ, афтæ респуб-ликæйы уазджытæ дæр æмæ æнæмæнгхъæуæг у паддзахадон æмвæзадыл сæ кондад æрбиноныг кæнын.

Зассеты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй культурæйы министрады ахæм нысæнттæн нæй финансон фæрæзтæ æмæ ацы фарст аскъуыддзаг кæныны амал у сæрмагонд хъуыддаг сорганизаци кæнын.

Пухаты Эрик ма байхъуыста, æххуысы фæдыл æм чи бахатыд, уыцы иннæ цæрджытæм дæр. Куырдиæттæм æркæсыны фæстæ Хицауады Сæрдар радта бæлвырд хæстæ йæ дæлбар кусджытæн, цæмæй уыдон баххуыс кæной адæмæн цыбыр æмгъуыдмæ сын сæ фарстытæ аскъуыддзаг кæныны сæраппонд.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.