Æрæджы Медиа-центр «Ир»-ы коллективы хъæппæрисæй тымбыл фынджы фарсмæ æрбамбырд сты РХИ-йы Парламенты депутаттæ, эксперттæ, политологтæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ уынаффæ кодтой республикæйы æхсæнадон-полити-кон процессты фæдыл. Мадзалы темæ уыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæ-надон-политикон процесстæ æвзæрстытæй иу афæдз раздæр».

Мадзал уадзæг, эксперт, журналист Уазæгты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, кæд республикæйы уавæр æддаг бакастæй стабилон у, уæддæр ис ахæм разæууæлтæ, кæцытæ, гæнæн ис, æмæ негативон сценарийы фæстиуæгæн скарз кæной уавæр. Хорз у, æмæ республикæйы ис ахæм политикон тыхтæ, кæцытæ хъахъхъæнынц æндæр политикон тыхтимæ æмуæвынад кæныны фæтк. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, ис ныхмæвæрд хъуыдытæ æмæ уый æвзæрын кæны бæрæг тасдзинад, уымæн æмæ æхсæнад лæмбынæг йæ хъус цы проблемæтæм, фарстатæм фæдары, уыдон æвзæрстыты агъоммæйы рæстæджы æртыккаг планмæ кæй ацæуынц, уый фæстиуæгæн.

Цæмæй уавæр уа сабыр, æвзæрстыты агъоммæ цы процесстæ цæуы, уыдон уой æргом, уыимæ ма ифтонг æрцæуа политикон тыхты конкурентон, адекватон æмархайд, уый тыххæй æвзæрстыты закъондæттынадмæ цы ивындзинæдтæ райста РХИ-йы Парламент, уыдоны тыххæй дæр радзырдта Уазæгты Юри æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «ацы ба-расткæнинæгтæ здæхт сты уымæ, цæмæй фæлæмæгъдæр уой гæнæнуæвæг ных-мæлæудтытæ æмæ ма бауагъдæуа, фæстаг æвзæрстыты рæстæджы цы сценари уыд, уый».

Дарддæр раныхас кодта Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй «иу æвзæрстытæй иннæмæ фæивы нормативон-барадон базæ, уымæн æмæ фæивы реалондзинад. Ацы ивындзинæдтæ вæййынц алыгъуызон, зæгъæм, æхсæнады фæнды, цæмæй парламентон æвзæрстытæ ацæуой мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ, фæлæ уый тыххæй абоны онг дæр ницы ивындзинæдтæ сарæзтæуыд, кæд сæйраг политикон тыхты сæргълæуджытæ уый тыххæй дзырдтой разыйы ныхæстæ, уæддæр. Зæгъæн ис, нæ политикон процесстæ цæуынц тынг сындæг. Æгæрыстæмæй, хицауиуæгад æмæ æхсæнады ’хсæн сразыдзинад куы вæййы, уæддæр кæцыдæр этапыл хъуыддаг ныццауæзы. Абоны бон та сæмбæлдыстæм респуб-ликæйы æдзух цæрыны цензыл æмæ президенты бынатмæ кандидат раразмæ кæныны тыххæй бæрæг нымæц къухфысттæ æрæмбырд кæныны проблемæйыл. 3500 къухфысты æрæмбырд кæнын фантастикон нымæц нæу, фæлæ дæлдзиныг кæны иуæй-иу æмбæстаджы бартæ, кæцыйы фæнды, куыд политик, афтæ йæхи равдисын. Махмæ цæуы ахæм процесс, кæцы хъыг дары æвзонг тыхты рæзты».

Гаглойты Иринæ ма дзырдта бирæпартион системæйы тыххæй дæр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, махмæ нæй бирæпартион системæ, уымæн æмæ нæм нæй, классикон домæнтæн дзуапп чи хъуамæ дæтта, ахæм партитæ, зæгъгæ, нæм ис æрмæстдæр Уæрæсейы партиты халдихтæ.

«Махæн нæ паддзахаддзинады рæзты ногдæр истори райдыдта ахæм политикон змæлдæй, кæцы дзуапп лæвæрдта националон интерестæн. Абон та парламентон партитæй иу дæр дзуапп нæ дæтты националон интерестæн», — бахахх кодта Гаглойты Иринæ.

РХИ-йы Хицауады минæвар Парламенты Гобозты Вячеслав куыд банысан кодта, афтæмæй «Хуссар Ирыстоны Конституци дæр æмæ закъæттæ дæр фыст æрцыдысты Уæрæсейы Конституци æмæ закъæттæй æмæ рацарæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны уавæртæм гæсгæ. Зæгъæн ис, Хуссар Ирыстоны барадон унификаци арæзт æрцыд, Хуссар Ирыстоны спецификæ бахынцгæйæ. Сæдæпроцентон унификацийæн нæй гæнæн, уымæн æмæ мах стæм унитарон паддзахад, Уæрæсе та — федералон. Мах хъæуы æвзæрстыты иууон кодекс. Æз рагæй дзурын, æвзæрстыты тыххæй закъондæттынад æвзæрстытæй иу азы размæ ивын тынг æвзæр хъуыды кæй у, уый тыххæй». «Адæмы фæндонравдисынад дæр у зыгъуыммæгонд. Уый дзуапп нæ дæтты иу кæнæ иннæ реалон фарстæн. Афтæ у æдзух республикæйы цæрыны ценз дæр. Мах æй хорз зонæм, барадон паддзахады барадон системæйы кæй ис дырыс критеритæ уыцы паддзахады адæймаджы цæрынæн. Цæмæй æвзæрс-тыты къæсæрыл ист æрцæуа уыцы критери, кæцы бæззы Хуссар Ирыстонæн, уый тыххæй уал æрбæстон кæнын хъæуы тынг бирæ фарстатæ. Зæгъæм, сбæрæг кæнын хъæуы, æдзух Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы æмбæстæгты дæр æмæ Хуссар Ирыстоны æддейæ чи цæры, йæ уыцы æмбæстæгты дæр. Махмæ нæй хуымæтæджы системæ, кæцы бæстон кæнид хуымæтæджы фарстатæ. Уый тыххæй нæ бахъæуы алыгъуызон механизмтæ мысыны сæр. Уыцы механизмтæ сты оперативон.

Бирæтæ фæдзурынц, зæгъгæ, фæстаг æвзæрстытæ уыдысты тынг æвзæр. Æз ууыл разы нæ дæн, уымæн æмæ æвзæрстыты агъоммæ дебаттæ уыдысты тынг æргом, республикæйы цæрджытæй сæ алчи дæр хъуыста æмæ уыдта телеуынынады фæрцы».

Æдзух цæрыны цензы тыххæй карз дискусситæ цыд Адæмон партийы лидер Плиты Алан æмæ Уанеты Мураты ’хсæн.

Плиты Алыксандр куыд загъта, афтæмæй РХИ-йы Парламент цы барасткæнинæгтæ райста, уыдон-мæ гæсгæ республикæйы территорийыл нæ уæвын айсинаг у, æрмæстдæр улæфты (отпусчы), командировкæйы, рынчыны æмæ ахуыры рæстæджы, ома, сæ паддзахадон органтæ куы арвитой, æрмæстдæр уæд. Плийы фырты ныхæстæм гæсгæ, республикæйы территорийыл æдзух цæрыны ценз æнæмæнгхъæуæг у, фæлæ йæ хъæуы корректировкæ кæнын. Цæвиттонæн æрхаста студентты, кæцыты ахуырмæ Хицауад нæ арвиты, фæлæ ацæуынц сæхи хъæппæрисæй. Афтæмæй цензы тыххæй РХИ-йы Парламент цы барасткæнинæгтæ райста, уыдонмæ гæс-гæ уыцы адæймæгтæн бар нæй сæхи президенты бынатмæ раразмæ кæнынæн.

«1991 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны цыд демократон процесстæ. Мах тырныдтам, цæмæй дунейæн фенын кæнæм æцæг демократи, мах демократон паддзахад кæй стæм, æмæ йæ уынын дæр кодтам, фæлæ абон цы барасткæнинæгтæ райстам, уыдонмæ гæсгæ адæймагæн нæй бар ахуырæн, йе ’нæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн республикæйæ æд-дæмæ ацæуынæн. Уыдон сты Конституцийы, демократийы бындуртæ æмæ сæ мах та иу дзырдæй ныддæлдзиныг кодтам. Демократийы дæлдзиныг кæнын нæй гæнæн, уæлдайдæр та — ирон домократийы», — бахахх кодта Плиты Алык-сандр.

Æвзонг юрист Джуссойты Сæрмæты ныхæстæм гæсгæ, республикæйы территорийыл фæстаг дæс азы æдзухæй цæрыны ценз раст нæу, уымæн æмæ фæстаг дæс азы дæргъы адæймаг республикæйæн æддæмæ куынæ ацæуа, уæд бæстæйы сæргълæууæджы бынаты уæвгæйæ, йæ бон нæ бауыдзæн аскъуыддзаг кæнын, йæ уæхсчытыл цы проблемæтæ æруæз кæндзæн, уыдоны, уымæн æмæ куынæ фена, æндæр бæстæты куыд цæрынц, куыд кусынц, уæд дзуапп нæ ратдзæн йæ адæмы домæнтæн.

Уанеты Мураты ныхæстæм гæсгæ, бирæ фæдзырдæуы алыгъуызон мадзæлтты, фæлæ хицауадмæ фæндæттæ ничи бахæссы.

Уанейы фырты уыцы ныхæсты фæстæ тымбыл фынджы хайадисджытæй сæ иу Хуссар Ирыстоны æхсæнады номæй фæндон бахаста æмæ уый куыд банысан кодта, афтæмæй президентæй хъуамæ æвзариккой, республикæйы экономикæ йæ къахыл чи слæууын кæна, ахæм адæймаджы, цензмæ нæ кæсгæйæ. Æдзухæй Хуссар Ирыстоны территорийыл та йын цæрыны ценз сæвæрын хъæуы, йæ куысты æмгъуыд куы фæуа, æрмæстдæр уæд. Уадз, æмæ æд бинонтæ дæс азы цæра, кæмæн разамынд кодта, уыцы паддзахады. Уый æнæ-мæнгæй хъуамæ хауид министртæм дæр. Афтæ куы уа, уæд æнæкомпетентон адæймæгтæ нæ бырсиккой, сæ бон рæстмæ кусын цы бынæтты нæу, уыцы бынæттæм æмæ нæ республикæ дæр уаид размæцыд.

Тымбыл фынджы рæстæджы дзырдæуыд паддзахадон арæнгæрон зонæты цæрæг адæмы проблемæты тыххæй дæр, афтæ ма республикæйы демографион уавæры тыххæй дæр.

Мадзалы раныхас кодтой тымбыл фынджы иннæ хайадисджытæ дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.