Ног ахуыры азы райдианимӕ та милицийы кусджытӕ дӕр службӕ хӕссын райдыдтой скъолаты цур. Сӕ нысан у фыдбылыз ма ӕруадзын, ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнын. Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ фӕлӕууынц уагдӕтты бӕстыхӕйтты ӕмӕ ма кӕрты дӕр. Скъолаты бӕстыхӕйтты та ӕхсӕвӕй-бонӕй фӕхъахъхъӕнынц паддзахадон унитарон уагдон «Ирбис»-ы кусджытӕ.

Алы райсом дӕр автоинспектортӕ скъолатӕм ввахс уынгтыл фӕлӕууынц ӕмӕ автотранспорты змӕлд контроль кӕнынц. Нӕ горӕты уынгтӕ ӕгӕр уынгӕг кӕй сты ӕмӕ автотранспорты нымӕц та бирӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ райсомӕй азмӕлӕнтӕ нал вӕййы уынгты. Ӕгӕрыстӕмӕй, фистӕг бӕлцӕттӕн дӕр зын вӕййы фӕндаджы иннӕ фарсмӕ ахизын. Ныййарджыты фылдӕр хай сӕ сывӕллӕтты скъолатӕм ласынц автомашинӕтыл ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн скъолатӕм ввахс афтид бынат нал баззайы. Паддзахадон автоинспекции сиды ныййарджытӕм, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕтты рахизын кӕной ӕдас ран, ма уромой фӕндаджы астӕу, хизын сӕ кӕной скъолайы кӕртмӕ.
Стӕй ма сывӕллӕттӕ сӕрдыгон улӕфтыты рӕстӕджы ферох кӕнынц фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ нал фӕзонынц домӕнтӕм гӕсгӕ уынгты цӕуын. Афтӕмӕй та фыдбылызӕн бирӕ нӕ хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ автоинспектортӕ сӕ хъус фылдӕр дарынц скъоладзаутӕм, амонынц сын раст ахизын фӕндаджы иннӕ фарсмӕ.
Вӕййы афтӕ ӕмӕ ахуырдзауы скъо-ламӕ ӕппынӕдзух фӕласынц автомашинӕйыл йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ фистӕгӕй цӕугӕйӕ фӕндаг нӕ фӕзоны йӕ хӕдзармӕ. Фарон дыккӕгӕм скъоламӕ ввахс автоинспектортӕ тротуарыл баййӕфтой райдиан къласы ахуыргӕнинаджы кӕугӕйӕ. Куыд сын бамбарын кодта, афтӕмӕй йӕ кӕнынмӕ ничи ӕрбацыд ӕмӕ йӕхӕдӕг та хӕдзармӕ фӕндаг нӕ зоны. Ӕмӕ уый раст нӕу. Сывӕллоныл къахӕй ацӕуынӕй ницы ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ цалдӕр хатты уӕддӕр хъуамӕ акӕнай фистӕгӕй, цӕмӕй фӕндӕгтӕ базона ӕмӕ ма фӕндаджы иннӕ фарсмӕ хизын дӕр арӕхса.
Уымӕй уӕлдай ма скъоладзаутимӕ райдыдтой уадзын профилактикон мадзӕлттӕ дӕр. Бацӕуынц сӕ кълӕстӕм ӕмӕ семӕ аныхас кӕнынц ахӕм темӕтыл, куыд фӕндагон фӕткойтӕ, тамако дымыны тӕссагдзинад, наркотикты ӕн-дӕвдад ӕрыгон организмыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.