Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Петербурджы дунеон экономикон форумы. Делегацийы сæргълæууæг у РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Делегацийы сконды сты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр, РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ, РХИ-йы экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, РХИ-йы Парламенты Сæудæджерад æмæ транспорты комитеты сæрдар Бекъойты Геннади.

Форумы фæлгæтты Уæрæсейы Федерацийы Хицауады æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады ‘хсæн къухтæ фыст æрцæудзæн «Гом акционерон æхсæнад «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы дарддæры архайды æмæ акциты æлхæнын – уæй кæныны уавæрты тыххæй» Сразыдзинадыл.

Бибылты Анатоли ма хайад райсдзæн Петербурджы дунеон экономикон форумы пленарон рабадты, форумы фембæлдзæн бирæ политиктæ æмæ бизнесментимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.