Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн базонгæ кодтой Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Хуссар Ирыстоны офисы ног сæргълæууæг Ашот Астабастьяны. Уый ацы организацйы кусы 15 азæй фылдæр.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты раздæры сæргълæууæг Фаррух Исломов бузныджы ны-хæстæ загъта паддзахады къухдариуæгадæн æххуыс æмæ æмгуыстады тæххæй.

«Мæн фæндыд сæрмагондæй дæ фенын æмæ дын хæрзбон зæгъын. Бузныг дын зæгъын де ‘ххуысы тыххæй. Мах иууылдæр хатыдыстæм Хуссар Ирыстоны алы структурæты æххуыс дæр. Алы министрадтæ æмæ ведомствотæ æххуыс кæнынц Сырх Дзуарæн æмæ уый тынг ахсджиаг у махæн. Нæ куыст æнæ сымах æххуысæй нæ цæудзæн. Махæн тынг хорз æмгуыстад ис алыгъуызон æмвæзадтыл, уыимæ районты дæр», – банысан кодта Фаррух Исломов.

Пухаты Эрик бузныджы ныхæстæ загъта Сырх Дзуары раздæры сæргълæууæгæн æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл комитеты уæвынад кæй у ахсджиаг.

«Мæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын, махмæ цы куыст арæзт цæуы, уый тыххæй. Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуар скъуыддзаг кæны, республикæйы къухдариуæгад ын йæ разы цы хæстæ æрæвæры, уыдон. Хорз уаид, уæ куыст дарддæр дæр ахæм æмвæзадыл куы æххæст кæниккат. Уæ гуманитарон архайд у адæмы хæрзиуæгæн», – загъта Хицауады Сæрдар.

Йæ рады, Ашот Астабастьян ныфс бавæрдта, дунеон комитет цы æмвæзадыл кусы, уый бахъахъхъæнынæн кæй сараздзæн алцыдæр.

«Æз ацы организацийы кусын 15 азæй фылдæр. Куыстон алыгъуызон континентты, бæстæты. Фæстаг дыууæ азы куыстон Ташкенты æмæ уыдтæн Астæуккаг Азийы барадон департаменты информацион политикæйы фæдыл регионалон информатор. Тынг бæрнджын мисси уыд, бирæ фæрацу-бацу кодтон. Уый фæстæ мæ ардæм рарвыстой, æмæ мын тынг æхсызгон у. Æз æй зонын, организацийы мæ размæйы сæргълæууæг Фаррух Исломов гуманитарон архайды стандартты тынг стыр бындур кæй æрæвæрдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бон цы уа мæ коллегæты æххуысæй, уымæй сараздзынæн алцыдæр, цæмæй уыцы æмвæзад бахъахъхъæнæм», – банысан кодта Ашот Астабастьян.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.