Ахсджиаг плæнттæ, социалон æмæ экономикæйы фарстатæ скъуыддзаг кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ ахуырады системæ фæхуыздæр кæныны фæдыл ног закъондæттынадон инициативæтæ раразмæ кæнын æмæ æмбæстæгты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл дзырд цыд «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры. Йæ уазджытæ уыдысты VIII-æм сæвзæрст Парламенты Сæрдары хæдивæг Тадтаты Таймураз, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон политикæйы фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Плиты Алыксандр æмæ Парламенты депутат Хуыгаты Алан.

Плиты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны æддагон политикон здæхт нæ фæивдзæн, уый здæхт у Уæрæсеимæ дыууæфарсон ахастытæ рæзын æмæ фидар кæнынмæ. Уый раджы сбæлвырд кодтой нæ адæм, Уæрæсе нæ сæйраг стратегион партнер æмæ нæ æввахс хæлар кæй у, хуссарирыстойнаг адæмы геноцидæй чи фервæзын кодта, уыцы паддзахад.

Гуырдзыстонмæ ахасты Хуссар Ирыстоны политикæйыл дзургæйæ, Плиты Алыксандр банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы дыууæ бæстæйы æхсæн цавæрдæр «хъармдзинадæн» нæ уыдзæн бынат. Цалынмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн бындурон документ – тыхæй кæй нал спайда кæндзысты æмæ нæ республикæйы хæдбардзинад нæ банымайдзысты, уæдмæ нæ нæ хуссайраг сыхагимæ ницæуыл ныхаскæнинаг ис.

Фидар кæндзæн æмгуыстад

Парламенты Сæрдары хæдивæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон сæ коллегæтимæ Паддзахадон думæ æмæ Федерацийы Советимæ дарддæр фидар кæндзысты сæ æмгуыстад.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ уыцы æмгуыстад æнтыстджынæй рæзт уымæй размæ сæвзæрст Парламенты куысты рæстæджы дæр. Арæзт æрцыд æдзухархайæг къамис Федерацийы Советы æмæ архайæг къорд Паддзахадон Думæимæ.

Комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы дыууæ форматы дарддæр сæ куыст кæндзысты æмæ рæздзысты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг парламентариты æмгуыстады сæйраг здæхтытæ сты социалон политикæ, сæрмагондæй, пенсион ифтонгад æмæ алыгъуызон фиддонтæ фидыны фæдыл фарстатæ.

«Уыцы куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр дæр конд цæудзæн. Уый æрмæст пенситæ æмæ пособитæм нæ хауы, фæлæ ма куыстмыздæ фæфылдæр кæныны хъуыддагмæ дæр.

Фæстаг рæстæджы ма нæ уæрæсейаг коллегæтимæ уынаффæ цыд Хуссар Ирыстонæн психиатрион æххуыс бакæныныл, уымæн æмæ уыцы фадыг уæззау уавæры ис», – банысан кодта уый.

Туризм рæзын кæнын

Уымæй дарддæр ма уæрæсейаг сенатортæ цымыдис кæнынц, цæмæй Хуссар Ирыстоны активонæй рæза туризм. Уæрæсейаг фарс цæттæ у йæ туроператортæ æмæ зындгонд блогерты æрæрвитынмæ, цæмæй нын баххуыс кæной нæ республикæйы туризм рекламæ кæнынæн. Уымæй бæрæг у, ацы здæхты серьезон куыст кæй цæуы.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæйы сæ коллегæтимæ Хуссар Ирыстоны парламентаритæн æдзух вæййы фембæлдтытæ. Парламенты Сæрдары хæдивæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм фембæлд уагъд æрцæудзæн ацы аз фæззæджы. Ног сæвзæрст Парламент активон куыст хъуамæ бакæна

Тадтаты Таймураз куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны экономикон æмæ социалон рæзты программæтыл бакусыны хъуыддаджы Хуссар Ирыстоны депутатты хайадист логикон æмæ раст у. Уымæн æмæ æвзарджытæ хъуамæ æнкъарой, республикæйы алыгъуызон фадгуытæ райрæзын кæныны хъуыддаджы активон хайад кæй исынц закъæттыл кусджытæ. Ахæм фæлтæрддзинадæй пайда цæуы Уæрæсейы. Парламентон комитеттæ уый тыххæй арæзт сты, цæмæй алы фадыг райрæзын кæнынæн дæр арæзт æцæуа æмбæлон уавæртæ. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, мах хъуамæ аразæм æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны VIII-æм сæвзæрст Парламент уыцы процессты райса активон хайад.

Парламенты вице-спикеры хъуыдымæ гæсгæ, растдæр уыдзæн, Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон къабæзтæ æмзондæй республикæйы рæзын кæныны иу кæнæ иннæ программæйыл иумæ куы кусой.

Хуссар Ирыстоны социалон цард æмæ уавæртæ мæгуырау уыдзысты, адæм æндæр бынæттæм цæрынмæ куы цæуой. Ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, уый тыххæй бакусын хъæуы сæрмагонд программæйыл, цæмæй алкæцы район дæр, хицæнæй сисгæйæ, раздæр куыд уыд, афтæ размæ цæуа йæхи спецификæмæ гæсгæ.

 

Инвестицион программæ

Парламентон комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны парламентаритæ хъуамæ активон хайад исой Инвестицион программæйы реализацийыл, уымæн æмæ уый дæр бюджетмæ хаст у. Æмæ депутаттæ кæд бюджет исынц, уæд ын йæ хæрдзтæм дæр сæ хъус хъуамæ дарой.

«Хъыгагæн, фæстаг 15 азы дæргъы депутаттæ нæдæр Инвестпрограммæ райсыны исынц хайад, æмæ нæдæр æндæр экономикон программæтæ райсыны хъуыддаджы. Уый бæрæг зиан ракодта республикæйæн. Парламентаритæ хъуамæ зоной, Хуссар Ирыстон кæдæм цæуы æввахсрæстæгон астæуккаг æмæ дарддæры перспективæты», – бамбарын кодта депутат.

 

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты фарс балæууын хъæуы

Тадтаты Таймураз пресс-конференцийы рæстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ закъондæттынадон æмвæзадыл сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ æмæ сæ бинонты фарс балæууыны нысанæн хъæуы саразын æмæ бафидар кæнын паддзахадон комплексон системæ. Уымæн æмæ нæ лæппутæ уым æххæст кæнынц сæйраг æмæ ахсджиаг мисси. Уымæ гæсгæ хъæуы аразын æппæтдæр, цæмæй, сæ дарæджы цы бинонтæ фесæфтой, уыцы ныййарджытæ, сывæллæттæ æнкъарой паддзахады ‘рдыгæй æххуыс.

 

Иудзинад æмæ раст уынаффæтæ исын

Коммунистон партийы минæвар ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уыдон хæст сты æнгом куыст кæныны хъуыдыйыл, Парламенты цы фракцитæ ис, уыдонимæ. Парламент у уыцы бынат, цыран дзурын æмæ уынаффæ хъæуы æмзондæй æппæт фарстатыл æмæ сæ куыд æрбæстон хъæуы, уыдæттыл. Партийы минæвæрттæ араздзысты æппæтдæр, цæмæй сыл сæ æвзарджытæ цы æууæнк æмæ ныфсытæ сæвæрдтой, уыдон æххæст кæной. Нæ куысты сæйраг нысан, зæгъгæ, у адæмы хæрзæбонæн архайын.

 

Къуайсайы проблемæтæ рæгъмæ рахаста депутат

Депутат Хуыгаты Алан дæр рæгъмæ рахаста, республикæйы æххæстгæнæг органты раз цы фарстатæ æвæры, уыдон. Къуайсайы фæстаг рæстæджы зæх-хæнкъуыстытæ арæх кæй вæййы, уымæ гæсгæ хъыгдард баййæфтой бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Фæндон бахаста, цæмæй Инвестпрограммæмæ хаст æрцæуа ацы бынаты бирæфатерон ног хæдзæртты арæзтад, донæй ифтонгад æмæ горæты уынгты фездæхæнты хæрзарæзтад.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.