Æрæджы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста æмбæстæгты иу къорды. Уыдон раздæр куырдиæттæ балæвæрдтой бæстæйы сæргълæууæджы номыл РХИ-йы Президенты æхсæнадон химæисæнмæ.

Президентмæ бацæуынмæ сæхи цы адæм ныффыстой, уыдон ‘хсæн уыд 2008 азы августы хæсты цы цæрæнуæттæ ныппырх сты, уыдон сæндидзын кæныны тыххæй куырдиæттæ. Куырдиæттæн сæ фылдæр скъуыддзаггонд æрцыдысты бынаты, лæмбынæгдæр æркæсын кæмæ æмбæлд, уыдон аргъæвтой бæстондæр сыл бакусыны сæраппонд.

Президенты химæисæнмæ чи æрбацыд, уыдонæй иу уыд Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы цæрæг Дыгъуызты Санет. Уый Президентæн радзырдта йæ зæрдæрисгæ фарсты тыххæй, йæ хæдзар хæстон цауты фæстиуæгæн тынг кæй бахъыгдард. «Аивгъуыйгæ азты дæргъы цы бирæнымæц куырдиæттæ фæфыстам хицауадмæ, уыдонæн ницы æнтыст уыд. Хæдзары фыццаг уæладзыджы ныр цалдæр азы цæрæм тæрсгæ-ризгæйæ. Зымæджы бонты-иу  балыгъдыстæм хæдзары ныккæндмæ, фæлæ ныртæккæ уый ахæм æдзæллаг уавæры ис æмæ уырдæм зымæджы бонты бахизын нал уæндæм. Мæ цардæмбалимæ нын æппындæр ницы уавæртæ ис, хисæрмагонд фæрæзтæй нæ хæдзар  сæндидзын кæнынæн», – дзырдта ацæргæ сылгоймаг Бибылты Анатолийæн.

Уый ма дзырдта йæ цардæмбал Дыгъуызты Анатоли йæ царды фылдæр хай колхозы кусгæйæ кæй арвыста, фæлæ ныртæккæ уæззау рынчын кæй у æмæ йæ къæхтыл дæр æнцой лæдзгуыты фæрцы кæй лæууы. «Тынг тæрсын иу зымæгон бон хæдзар бынтондæр куы ныккæла, мæ цардæмбал йæ быны куы фæуа, мæ бон æй æддæмæ рахæссын куынæ суа…», – катайгæнгæ дзырдта сылгоймаг.

Дыгъуызты Санетимæ ма Президенты химæисæнмæ бацыд йæ чындз Виолеттæ дæр. Уый та дзырдта: «Ме ‘фсин кæд ацæргæ сылгоймаг у, уæддæр ын ис йæхи чысыл хæдзарад, кусы цæхæрадоны дæр. Хъæдмæ хæстæг кæй цæры, уый тыххæй йæ тынг хъыгдарынц хъæддаг сырдтæ. Тыргъмæ арæх æрцæуынц рувæстæ, бирæгътæ æмæ йын ахæссынц йæ хæдзарон фос. Æрæджы та нын нæ фæскъул бирæгъ нæ цуаноны ныскъуыдтæ кодта. Фæлæ уæддæр нæ комынц мæ хицау æмæ ‘ме фсин æндæр ранмæ цæрынмæ ацæуын».

Уæд Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, хæсты агъоммæ сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыдон сæндидзын кæныны фарст Хуссар Ирыстоны у карздæр фарстытæй сæ иу. «Алкæцы фарстмæ дæр æркæсдзыстæм хицæнæй, республикæйы къухдариуæгад рахæсдзæн раст фæндæттæ, уыдонæй алкæй фæдыл дæр», – загъта уый.

Цалдæр боны фæстæ Бибылты Анатолийы хæслæвæрды фæстиуæгæн Дыгъуызты Санеты хæдзар бабæрæг кодта сæрмагонд къамис. Уыдон сахуыр кодтой хæдзары уавæр æмæ ивгъуыд къуыри Дыгъуызты Анатоли æмæ Санетæн баластæуыд цæрæн вагон. Ныр бинонтæ уырдæм балидздзысты æмæ зымæджы бонтæ æдасæй æрвитдзысты.

Бæстæйы сæргълæууæджы номыл ма уæд куырдиат лæвæрд æрцыд Цхинвалы районы Сацхенеты хъæуы цæрæг бирæсывæллонджын бинонтæй дæр. Кобаладзе Лейла йæ цыппар сывæллонимæ бирæ азты цард мæнгагъуысты. Сывæллæттæн нæ уыд æмбæлон цардуагон уавæртæ. Химæисыны рæстæджы Кобаладзе Лейла дзырдта, ныр цалдæр азы кæй хъаст кæны йæ царды уавæрты тыххæй. Уый фæдыл ын Президент загъта, зæгъгæ, æз нæ дих кæнын проблемæтæ мæ размæ æмæ мæ фæстæ æрцæугæтыл. «Цæрæнуæттæ сæндидзын кæныны бæрндзинад мæхицæй нæ исын. Хъыгагæн, ныртæккæ республикæйы бюджеты нæй цæрæнуæттæ сæндидзын кæныны фæрæзтæ. 2017 азы махæн нæ бон нæ бауыдзæн ахæм куыст бакæнын. Фæлæ бирæсывæллонджын бинонты фарст кæдфæнды дæр скъуыддзаг цæудзæнис хицæнæй», – дзырдта Президент.

Ныр Лейла Кобаладзейы бинонтæн дæр лæвæрд æрцыд ахæм вагон. Бинонтæ тынг райгонд сты, зымæджы бонты сæ мæнгагъуысты цæрын кæй нал хъæудзæнис, уымæй.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы дыууæ хæдзары бинонтæн уыцы хъуыддаджы  баххуыс кодта парти «Иугонд Ирыстон».

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.