Æмæ та ногæй агургæ-æнæаргæ æфсон загъдкъахынæн, хъæр æмæ хъыллистæн, дам-думтæ æмæ фидистæн, зонд амонын æмæ риутæ тымбыл къухæй хойынæн… Чи уыд, кæй цæст бауарзта ахæм хуыцауæйкургæ амонд, æнæрцæф æмæ куырыхон зондамонджытæн?..

Горæт Цхинвалы сæйраг уынгтæй сæ иу, Мæскуыйы уынг – ивд æрцыд Владимир Путины уынгæй… Ацы уынаффæ кæй зæрдæмæ нæ фæцыд, уыдонæй бамбарæн ис æрмæстдæр ахæмты, кæцыты нæ фæнды, адæм цæрæнбонты кæуыл сахуыр сты, уыцы нæмтты раив-баив…

Фæлæ куыд ис бамбарæн æндæртæн, кæцытæ зонгæ-зонын дон уадзынц знаджы куыройы нукмæ, цы къалиуыл бадынц, уый лыг кæнынц сæхæдæг… Куыд ис бамбарæн ахæмтæн, кæцытæ, кæм хъæуы, уым гобийы ‘фсон кæнынц, хъуыддаг сæ кæм нæй, уым та Хуыцауы фæздæгæй марынц… Æмæ уыдонæн дæр, чизоны, ис кæмдæр бамбарæн: Хуыцау сын нæ радта, сæхи исты арфæйаг хъуыддæгтæй равдисой, ахæм амонд, сæхи равдисын, æндæрты цур къуыпп дарын та уыдоны дæр фæнды æмæ агурынц æфсоны рахæ-цæнтæ сæхи равдисынæн…

Фæлæ иууыл зындæр ахæмты бамбарын у, Ирыстоны хуссар хайы уæззау цард æмæ мæлæты тасæй йæ сæр раджы чи бафснайдта, æмæ ныр дардæй зондамонæнтæ чи кæны…

Зын у, адæм бирæ азты дæргъы сæ хъуыды æмæ сæ былалгъыл кæй фæдарой, цалдæр фæлтæры кæуыл сахуыр уой, уыцы номæй сæ æнæнхъæлæджы фæиппæрд кæнын. Зын у, фæлæ уыцы ном кæй номæй ивд æрцыд, уыцы адæймаджы ном ирон адæмæн сæ зæрдиагдæрты нæмтты ранымады куы уа, уæд та?..

Гуырдзыстон августы хæсты йæхи растыл нымайы? Нымайы. Йæхи растыл чи нымайы, уымæн дæр йæхирдыгон рæстдзинад ис – сурæг дæр, дам, Хуыцаумæ куывта æмæ лидзæг дæр…  Августы хæсты сын Буш баххуыс кодта? Нæ сын баххуыс кодта, уымæн æмæ йæ Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæм бынтондæр никуы бахъуыдысты… Фæлæ сæ дедакалакы уынгтæй сæ иуæн Бушы ном куы радтой, уæд куывдтæ кодтой гуырдзы, фырцинæй демонстрациты цыдысты…

Махмæ иу уынгæн радтой, нæ дарæг нæ уромæг чи у, нæ цард, нæ фыдыбæстæ нын чи хъахъхъæны, уыцы зынаргъ адæймаджы ном æмæ Хуыцауы æрбадæнты судзгæ æхсидæвтæ тъыссæм!!!…

Æмæ та уæддæр æмæ уæддæр – æппæт фæдисхъæртæ дæр уырыссагау!..

Кæд уæ ирон æвзваг бынтондæр нал хъæуы, уæд-иу дзы ахæм рæстæджы уæддæр спайда кæнут, цæмæй ныл нæ хæрзгæнджытæн сæ зæрдæ ма фæхуда, нæ цыфыддæр знæгтæ та ныл сæ къах ма æркъуырой!..

Цы хабар у, цы кодтам, цы ныл æрцыд?!. Æнæсæрфатæй кæнæм ахæм митæ æви Соросы басудзинаг доллартæ нырма дæр кусынц?..

Нæ горæты сæйраг уынгыл нымад цæуы Сталины уынг. Кæй номыл у? Ирыстонæн йæ хуссар хай нæ, фæлæ йæ цæгат хай дæр Гуырдзыстонæн ныллæвар кæнынмæ чи хъавыд, уыцы Иосеб Джугъашвилийы. Уый кой цæмæннæ исчи кæны? Æрвылаз Ирыстоны хæдбардзинад расидыны бон Ирыстоны хъахъхъæнæг гарзджын тыхтæ парады цæуынц  æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны дæр знаджы хъуыры атъыссынмæ чи хъавыд, йæ райгуырдæй йæ амæлæты бонмæ «швили» чи фыста, ахæм адæймаджы номыл уынджы, фæлæ уый кой никуы ничи скодта!.. Фæлæ нæм  Ирыстон нымад паддзахад кæй фæрцы у, кæй фæрцы цæры, уыцы арфæйаг лæджы номыл уынг фæзынд æмæ йæ бæстысæфтыл банымадтам…

Чидæртæ кæуынц, æрдиаг кæнынц… Мах, дам, дыууиссæдз азы бæрц Цæгат Ирыстоны цæрæм, фæлæ, дам нын тынг зын уыд, уый дам, цы бакодтат…

Уыдон та цы кæнынц, цы сæ хъæуы?.. Æмæ Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Орджоникъидзейы ном кæй хаста, ууыл нæ рыстис сæ зæрдæ, уæд цæмæннæ куыдтой, уæд цæмæннæ кодтой фæдисы хъæр?..

Æмæ афтæ дарддæр…

Стæй ма ноджы иу хабар: цымæ ацы хъуыддаг 2008 азы 8 августы фæстæ кæнæ 26 августы куы ‘рцыдаид, уæддæр афтæ систаиккой фæдисы хъæр чидæртæ?..

Ада-гъа… Улæфгæ дар ма скодтаид исчи, уæлдай улæфт…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.