Адæмон сфæлдыстады республикон центры архайд 2022 азы здæхт уыд культурон æмæ фæлладуадзæн архайд æххæст кæнынмæ, стæй ма хæдархайгæ аивадон сфæлдыстад рæзын кæнынмæ. Центры специалисттæ пъланмæ гæсгæ кусынц адæмон сфæлдыстады æппæт хуызтæ æмæ жанртæ пропагандæ кæнынмæ. Центры специалисттæ бакуыстой æппæт мадзæлтты уагæвæрдтæ 2022 азæн, бацæттæ кодтой, ацы мадзæлттæм здæхт чи уыдысты, уыцы сметæтæ æмæ документтæ. Центр бакодта æппæт æнæмæнгхъæуæг куыст, фестивальтæ, конкурстæ æмæ равдыстыты организаци æмæ ауадзыны фæдыл. Методистты бакуыстгонд уагæвæрдтæ куырдиæттимæ æрвыст æрцыдысты горæты скъолатæ, хъæууон клубтæ æмæ районты Культурæйы хæдзæрттæм мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.

Хъыгагæн, финансон фæрæзты цухдзинады аххосæй æппæт мадзæлттæ æххæст не ‘рцыдысты. Цы мадзæлттæй ауагътой, уыдоны нымæцы уыдысты, Республикон конкурс «Хуссар Ирыстон-2022», Нывты равдыст: «Æрлæуу уысм», «Ирон адæмон хъæзтытæ», «Декоративон прикладон аивады равдыст-армукъæ».

«Ирон адæмон хъæзтытæ».

– Хицæнтæй æрдзурын æмбæлы, ацы мадзæлттæ куыд уагъд æрцыдысты, уый тыххæй. Ивгъуыд аз 10 августы Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы конференц залы уагъд æрцыд республикон æвдæм нывты равдыст ахæм номимæ «Хуссар Ирыстон-2022». Ацы конкурсы нысан уыд республикæйы цæрджыты æнцой балæууын æмæ сфæлдыстадон активондзинады рæзт. Нывты равдысты конкурс ауагъдæуыд ахæм номинациты: пейзаж æмæ портрет (сурæт). Хайадисджыты куыстытæн аргъ кодта сæрмагонд жюри. Равдысты хайад райстой æндæр æмæ æндæр кары 26 адæймаджы. Æхсызгон у уый банысан кæнын, æмæ равдысты активон хайад кæй райстой УФ-йы æфсæддон службæгæнджыты бинонтæ дæр. Пейзажы номинацийæ уæлахиз йæ къухты бафтыд æфсæддон службæгæнæджы æмкъай Луганскы Адæмон Республикæйæ.

Хетæгкаты Къостайы цырты раз уагъд æрцыд нывты равдыст ахæм номимæ «Æрлæуу уысм», кæцы уыд, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый цытæн. Конкурсы æппæт хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты  дипломтæй æмæ уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ та хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады Кады грамотæтæ æмæ æхцайы призтæй.

2022 азы 20 сентябры Хетæгкаты Къостайы цырты раз уагъд æрцыд 5-æм республикон равдыст ахæм номимæ «Декоративон-прикладон аивады армукъæ» æмæ дзы æдæппæт хайад райстой 29 адæймаджы. Уыдонæн сæ куыстытæ уыдысты цымыдисон, алыхуызон æмæ кæсджытæм сæвзæрын кодтой стыр цымыдис. Хайадисджытæ сæхæдæг та хорзæхджын æрцыдысты Центры дипломтæй. Зæгъын хъæуы, ацы равдысты хайадисджыты нымæц кæй фылдæр кæны азæй-азмæ æмæ уый у æхсызгон хъуыддаг. Ацы равдыстæй дарддæр ма 20 сентябры организаци æмæ уагъд æрцыдысты ирон адæмон хъæзтыты ерыстæ. Уыдон дæр уагъд æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл сабиты ‘хсæн æмæ  уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцыд призтæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Центры методисттæ бакодтой нысанмæздæхт куыст, развæлгъау бацæттæ кодтой сценаритæ æмæ уагæвæрдтæ, бæрæг темæты фæдыл æмбырд кодтой æрмæджытæ. Цы мадзæлттæ уагъд не ‘рцыдысты, уыдоны ауадздзысты ацы аз. Центрæн йæ разы дарддæры хæрзиуæгон куыстæн ис бирæ пълæнттæ, фæлæ сæ сæххæст кæныны æмбæлы бирæнымæц проблемæтыл. Организацийы æмбæлон куыстæн æнæмæнг хъæуы  бæстыхай, афтæ транспорт дæр. Афтæ ма самал хъæуы музыкалон аппаратурæ, уый æнæмæнгхъæуæг у мадзæлттæ уадзынæн. Æнæмæнгхъæуæг сын у нымæрдары иу штат рахицæн кæнын дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.