Нæ горæты хуыз азæй-азмæ хорзæрдæм кæй ивы, уымæн нæ алчи дæр у æвдисæн æмæ уый та зæрдæйæн у уæлдай æхсызгон. Зæгъын хъæуы, горæты аивдзинадыл уæхскуæзæй чи фыдæбон кæны, уыцы арæзтадон организацитæ дзæвгар сты æмæ сын цæрджытæ сæхи рады та фæзæгъынц бузныг. Ахæмты нымæцмæ хауы Цхинвалы администрацийы арæзтадон-цалцæггæнæн фадыг, кæцыйæн йæ куыстытæ сты дзæвгар æмæ сæ сæххæст кæныныл архайы алы аз дæр. Фадыджы сæйраг инженер Бабаты Владислав куыд радзырдта, афтæмæй горæты æддаг хуызыл мæгуырауæрдæм бандæвта, Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг лæгсырдтæ куы æрбабырстой, сæ фыдархайды фæстиуæгæн æй раууатмæ куы æркодтой, уæд. Уыдон аиуварс кæныныл кусынц фадыджы кусджытæ æмæ алы аз дæр сæххæст кæнынц дзæвгар куыстытæ.

Афтæ уыд ацæугæ азы дæр, уæд цæрæн корпусты кæртытæ цалцæг кæныныл бацархайдтой Островски, Нæузæххонты æмæ æндæр рæтты, дарддæр та сын бакусинаг бынæттæ уыдзæн Мамсырайы-фырты, Сталины æмæ Тæболты Сергейы уынгты æмæ æндæр бынæтты. Цалынмæ фадыджы кусджытæ сæ хæстæм æрæвналынц, уæдмæ уал дзы æнæмæнгхъæуæг куыстытæ сæххæст кæны «Водоканал»-ы коллектив, уыдон æрбæстон кæнынц инженерон хызæгтæ, канализаци æмæ æндæртæ. Уый фæстæ ЦАФ-ы организаци æрæвналы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ ахицæн кæнынмæ, уыцы ны-мæцы вæййынц кæрты фæзуат сæмраст кæнын, æркалынц  ыл хуыр, бацархайынц бордюртæ сæвæрыныл æмæ ноджы æндæр æнæмæнгхъæуæг куыстытæ. Абоны домæнтæм гæсгæ ифтонг сты кусæгдых æмæ арæзтадон æрмæгæй. Цы 26 кусæджы сæм ис, уыдонæй иутæ сты шофыртæ, механизатортæ, грейдерыл кусæг… Сæ намысджын куыстæй цæвиттойнаг сты Бестауты Шота, Къудухты Зауыр, Пъапъашвили Анзор æмæ æндæртæ.

Бабайы фырт рахъаст кодта, цы техникæйæ пайда кæнынц, уыдон кæй сты зæронд æмæ арæх кæй хæлынц. Уымæ гæсгæ курæг у, цæмæй сæ сифтонг кæной ног техникæйæ æмæ уæд сæ куысты бæрæггæнæнтæ уыдзысты ноджы хуыздæр.

             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.