Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты Фæскомцæдисы (Хуыбылты Валерийы) номыл уынджы дæр. Ацы уынг дæр арæзт цæуы 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Æмæ та тагъд нæ горæты хæрзарæзт чи æрцыдысты, уыцы уынгтæм ноджыдæр бафтдзæнис иу. Ацы уынг дæр æдзæллаг уавæрмæ æрцыд, æмæ дзы тыхстысты канд фистæгæй цæуджытæ нæ, фæлæ машинæты хицæуттæ дæр. Ныр æм цалцæгкæнынмæ æрæвнæлдта генподрядон организаци «Ремтрубсервис-Юг».

Ныртæккæ ацы уынгыл, мыдыбындзытау, æмызмæлд кæнынц фæндагаразджытæ. Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сырæзтæй фæстæмæ æмæ дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн. Уымæ гæсгæ ацы куыстытæм æрæвнæлдта «Водоканал». Раивтой дон æмæ канализацион хæххытæ. Æмæ ныр та куыст цæуы дон æмæ канализацион хæххытæ хæдзæрттæм бауадзыныл. Хæдзæрттæм донуадзæн куыстытæ 70% бæрц æххæст æрцыдысты. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд загъта, афтæмæй æппæт коммуникацион куыстытæ дæр фæуыдзысты 15 июнмæ, стæй æрæвналдзысты газуадзæн куыстытæм. Уынг асфальтгæнæн куыстытæм та ацы организаци æрæвналдзæн 1 июлæй. Ам æдæппæт кусынц 30 адæймаджы бæрц. Уынг даргъ кæй у, уымæ гæсгæ фесты дыууæ дихы æмæ дзы иутæ æрлæууыдысты уынгæн йæ уæллаг фарс, иннæтæ та куыстытыл архайынц уынджы кæронæй. Кусджытæ архайынц æнæзæрдæхудтæй, арæхстгай, цæмæй кæрæдзи ма бахъыгдарой æмæ сæ куыст сæххæст кæной банысангонд æмгъуыдмæ. Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй финанскæнынады къуылымпыдзинæдтæ нæй. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц сфидаргонд планмæ гæсгæ æмæ та тагъд ацы уынг дæр суыдзæн нæ горæты рæсугъддæр уынгтæй иу.

Бестауты В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.