* Уæрæсейы мидæггагон продукты иумæйаг æрконд ацы аз 2,8 проценты фæфылдæр уыдзæн, гæнæн ис æмæ 3 проценты онг дæр, Европæйы та – фæкъаддæр уыдзæн.
* «Ныр та сæ зарæг фæивтой» – загъта Путин ахæм хъусынгæнинаджы тыххæй, зæгъгæ, Уæрæсейыл хъæуы тохы быдыры фæтых уæвын.
* Уæрæсе «бензинуæйгæнæг» бæстæйæ хизы продукттæ ногæй куыстгæнæг кондадмæ, уый ныртæккæ у экономикæйы структурæйæн йæ 43 проценты.
* Æфсæддон-техникон æгъдауæй мах цас тыхджындæр уæм, уыйас сæм къаддæр уыдзæнис мах кæцыфæнды æхсæнадæмон цæдистæй рацух кæныны фæнд.
* Нæ партнерондзинадыл, нæ энергоресурстыл чидæриддæр йæ къух систа, уыдон ныр сæхæдæг тыхсынц, æвзарынц зындзинæдтæ. Махæн уый æхсызгон нæу, фæлæ уый у факт.
* Уæрæсейы Федерацийы хъæуы мидæггагон хъуыддæгтæм хъусдард аздахын, бæстæйы разы цы хæстæ ис, уыдон скъуыддзаг кæнын, демографи хуыздæр кæнын, мидполитикон æгъдауæй фидардæр кæнын.
* Æппæт ивæн дугты Уæрæсейæн ахсджиагдæр хъуыддаг уыдис йæ адæмты иудзинад.
* Мах хъахъхъæнæм нæ моралон-хæрзуагон æргъадтæ, культурæ, истори, æвзаг. Уыдон мидæг ис абоны æрцæугæ цауты рахæцæн.
* Ныгуылæйнаг тыхæйисджытæ, ордайæ хъауджыдæр, сæхи хъардтой æвзаг æмæ культурæ байсыныл, æмæ уый та кодта адæмты куынæгкæнынадмæ.
* Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы хицæн уæнгты ныхмæ Ныгуылæны санкцитæ дзурæг сты сæ куысты ахадындзинадыл.
* Уæрæсейы ног æмвæзадмæ рахизыны сæйрагдæр уыдис адæмты иудзинад. Адæмы культурæ, традицитæ æмæ сæ истори куынæг куы æрцæуой, уæд адæм цадæггай фесæфдзысты, батайдзысты рагуалдзæджы митау.