2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстæ ирон адæммæ йе ‘ххуысы къух фыццаг чи фæдаргъ кодта, уыдонæй иу у Валентина Шумлянская.   Ацы диссаджы хъаруджын сылгоймаг   уæдæй фæстæмæ ссис Ирыстоны хæлар. Ныр дæр та æрцыд Уæрæсейы ‘рдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бæрæгбон хуссарирыстойнаг адæмимæ  банысан  кæнынмæ.

«Уый зæрдæйæ рыст хæсты цæхæры бахауæг хуссарирыстойнаг цæрджытыл æмæ куыд йæ бон уыд, афтæ сын æххуыс кодта. Бирæ сты йæ лæггæдтæ ирон адæмы раз. 2008 азы августы, Хуссар Ирыстонмæ фыццаг егъау гуманитарон æххуыс куы æрласта, уæдæй фæстæмæ Шумлянская Валентина у æхсæнадон проект «Взывает взорванный Цхинвал»-ы сæргълæууæг. Гуманитрон æххуысы уæз уыд 54 тоннæйы. 10 аз-мæ уымæн йæ бон ссис Воронежы «Воинская слава, памяти и дружбы народов»-ы музейы (уым ис бирæ фотоæрмæджытæ, æфсæддон трофейтæ, раластой сæ Цхинвалæй) æмæ Хуссар Ирыстоны республикон национ музейы иуномон экспозици саразын. Сразыдзинадмæ гæсгæ гом акционерон æхсæнад «Уæрæсейаг æфсæнвæндæгтæ»-йы фæрæзтæй цалдæр азы фæд-фæдыл хуссарирыстойнаг 15-20 сидзæр æмæ фæкæсынхъуаг сывæллоны баулæфыдысты æмæ сæхицæн схос кодтой æнæнизгæнæн лагерь «Зеленый огонек»-ы, кæцы ис Воронежы цур. Реализаци цæуы æрвылазон хæрзаудæн ногазон акциты проект «Сегодня – дети, завтра – народ», зæгъгæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ-иу хуссарирыстойнаг сывæллæтты лагермæ кæй фæхуыдта августы мæйы, цæмæй-иу воронежаг сывæллæттимæ иумæ ссардтаиккой 2008 азы августы хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ.

«Мах, сымах æмæ Абхазимæ стæм сабырдзинады фарс, цæмæй сывæллæттæ алыран дæр цин кæной цардыл, ма зоной, хæст цы у, уый … Мах воронежаг сывæллæттæн равдыстам 2008 азы ист фильмтæ, базонгæ сæ кодтам, абон Цхинвал куыд æндидзы, уыимæ дæр.  Сымахимæ аразæм иу стыр хъуыддаг – тырнæм сывæллæттæ, адæмæн циндзинæдтæ аразынмæ. Уыдтæн дунейы бирæ бæстæты, сæ нымæц 40 ахызт, фæлæ мæ Хуссар Ирыстонмæ алыхатт дæр фæнды æрцæуын», – банысан кодта уый.

Шумлянскаяйы ныхæстæм гæсгæ, 1994 азы Цæцæны Республикæйы хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд ацыд Воронежы областмæ æмæ абоны онг кæны æх-сæнадон архайд, кæцы здæхт у æхсæннацион ахастытæ, хæларадон бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ. Ныртæккæ у хæсты (пенсиисджыты), фæллойы, Гарзджын Тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг органты ветеранты Воронежы областон æхсæнадон организацийы  организацион-методикон къамисы сæрдар.

Ацы бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Воронежы областы ветеранты советтæ къухтæ æрфыстой æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл. РХИ-йы ветеранты совет бастдзинæдтæ фидар кæны Уæрæсейы ахæм æхсæнадон организацитимæ, сæрмагондæй та Воронежы областон советы бюроимæ.

«Ам дæр нæ адæм, нæ ветерантæ сты. Æз Воронежы организацийы организацион-методикон къамисы сæрдар кæй дæн, уымæ гæсгæ ардæм æрцыдтæн, цæмæй базонгæ уæм æмæ уын баххуыс кæнæм, нæ бон цæмæй у æмæ цы зонæм, уымæй. Ветерантæ алыран дæр иугъуызон сты. Сымахмæ нал баззад Стыр Фыдыбæстæйон хæсты вете-рантæ, махмæ ма ис, активон цард чи кæнынц, ахæм ветерантæ», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йын визиты фæлгæтты уыд бирæнымæц фембæлдтытæ. Фембæлдтыты рæстæджы æруынаффæ кодтой дарддæры плæнттæ æмæ проекттыл. «Мах фембæлдыстæм Хуссар Ирыстоны ветеранты советимæ. Æруынаффæ кодтам проектыл, сразыдзинадыл æмæ сæ арвитдзыстæм Мæскуымæ», – банысан кодта Шумлянская.

Уый Цхинвалы ветерантæн балæвар кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл йæхи фыст чиныг. Хуссар Ирыстонмæ йæ алы æрцыды тыххæй та сарæзта буклеттæ æмæ уыдоны дæр  балæвар кодта ветерантæн.

 

Хорзæхджын æрцыд майданæй

Валентина Шумлянскаяйы йæ алы æрцыды рæстæджы дæр нæ республикæйы къухдариуæгад райсынц райзæрдæйæ. Ныр дæр та уыд, афтæ. Президент Гаглойты Алан æй схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 15 азы сæххæсты» майданæй бирæ азты дæргъы æнтыстджын æхсæнадон æмæ хæрзаудæн архайды æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боныл 16 азы сæххæсты цытæн. Хорзæх ын цытджын æгъдауæй радта РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар Гаглойты Арон. Хорзæхджын кæныны церемонийы ма уыдысты Ветеранты советы бæрнон нымæрдар Тедеты Роланд, Бестауты Азæ æмæ æндæртæ.

2015 азы та йæ Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй. Саккаг ма йын кодтой РХИ-йы æмæ УФ-йы æндæр паддзахадон хорзæхтæ дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.