Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты Колыты Аксойы номыл уынджы дæр. Ацы уынг дæр арæзт цæуы 2015-2017 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Æмæ та тагъд нæ горæты хæрзарæзт уынгтæм ноджыдæр бафтдзæн иу. Ацы уынг дæр фæстаг азты æрцыд тынг æдзæллаг уавæрмæ. Стыр цæдтæ-иу дзы сырæзт, кæд-иу ыл хуыр ныккалдтой, уæддæр. Ацы уынгыл ис Колыты Аксойы номыл лицей, 11-æм астæуккаг скъола, сывæллæтты цæхæрадон æмæ йыл машинæты змæлд тынг кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу уыцы хуыр дæр бирæйы фаг не ссис, уайтагъд-иу ныппырх ис æмæ та-иу дзы цъыфæй азмæлæнтæ нал уыд. Тыхстысты куыд цæрджытæ, афтæ машинæты хицæуттæ æмæ скъоладзаутæ дæр. Æмæ ныр сæ цинæн кæрон нæ уыдис фæндаджы арæзтадмæ куы æрæвнæлдтой, уæд.

Куыд иннæ уынгты, афтæ уал ам дæр коммуникацион хæххытæ ивд æрцыдысты. Уыдон дæр сæ сырæзтæй фæстæмæ ивд никуы уыдысты æмæ сæ ныр раивтой. Нырма уал раивтой канализацион хæххытæ, стæй та куыст цыдис канализацион хæххытæ хæдзæрттæм бауадзыныл. Ныр та æрæвнæлдтой фæндаг асфальтмæ бацæттæ кæныны куыстытæм. Скъахтой фæндагæн йæ уæлцъар, ныккалдтой дзы хуыр æмæ куыддæр тротуартæ кæронмæ арæзт фæуой, афтæ æрæвналдзысты асфальт æвæрæн куыстытæм дæр. Тротуарыл æвæрд цæуы тротуарон плиткæ.

Уæлдай æхцондзинад æрцыд ацы уынджы кæрон цы дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары ис, уыдоны цæрджытыл. Уыцы хæдзæрттæ Коцойты Арсены уынгмæ хауынц æмæ кæд  Инвестпрограммæйы дæр нæ уыдысты, уæддæр сын горæты администрацийы сæргълæууæг ныфс бавæрдта. Сæ хæдзæртты рæзтæ дæр арæзт кæй æрцæудзысты, уымæй.

Ныр та уал æппæт куыстытæ дæр цæуынц планмæ гæсгæ æмæ та рæхджы Колыты Аксойы номыл уынг дæр суыдзæн нæ горæты рæсугъддæр уынгтæй сæ иу.

Бестауты В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.