Хуссар Ирыстоны «къухдариуæгады æвастбар амæттаг», «æмбæстагон активисткæ», «ныхæстæ мысаг», ахæм æмæ æндæрхуызон ныхæстæй йæхицæн ном кæны Ленингоры районы цæрæг Тамарæ Меарахъишвили. Фæстаг рæстæджы йæ активондзинад республикæйы царды сытынг интернет-сайтты.  Уæлдайдæр нæ «бæстæйы рæзт æмæ размæдзыдмæ бæллæг» сайт «Эхо Кавказа»-йы.

Нæ ацы æмбæстаджы бартæ, ома, «гуымир æгъдауæй хæлд кæй цæуынц», ууыл зæрдийæ у «Эхо Кавказа»-йы журналист Мурат Гукемухов æмæ иувæрсыг информаци исгæйæ, Тамарæйы ныхæстæй алыгъуызон информаци мыхуыр кæны ацы интернет-сайттыл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æрмæджытæ цыргъ кардау цæвынц нæ Республикæйы имиджыл дунеон аренæйы. Тамарæйы æвзаг та, уæлдæр куыд банысан кодтам, уыцы кардау у цыргъ, цыфæнды æмæ кæйфæнды дæр ныхасæй æлхæны, ахæм æвзаджы айст ын ис.

Тамара Меарахъишвилийы йæ æвзагайсты, йæ архæйдтыты тыххæй цалдæр хатты бахъуыд районы Мидхъуыддæгты хайадмæ цæуыны сæр. Æрæджы дæр ацы сылгоймагыл хайадмæ хъаст æрбахаста Ленингоры «Иугонд Ирыстон»-ы регионалон хайады минæвар  Дриаты Спартак, цыран æй азымджын кæны, мæнгард ныхæстæ кæй кодта, уымæй.

Ленингоры районы прокуратурæйы фæдысгарæг Бязырты Алан нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ «Эхо Кавказа»-йы сайтыл мыхуыр æрцыд Мурат Гукемуховы уац ахæм сæргондимæ – «Сторонники победителя примеряются к хлебным местам». Уыцы уацы, Тамарæйы ныхæстæм гæсгæ, Бибылты Анатолийы фарсхæцджытæ æргомæй, æнæфсармæй дих кæнынц бынæттæ.

Бязырты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Дриаты Спартакы куырдиаты фæдыл уагъд æрцыд фæдагуырды агъоммæ бæрæггæнæн куыст, кæцыйы фæстиуæгæн интернет-ресурсы мыхуыргонд «факттæ» фидар не ‘рцыдысты. Уголовон  хъуыддаг бакæныны бындурыл ма уагъд æрцыдысты æнæаргъæвгæ фæдагурæн архæйдтытæ, сæрмагондæй, басгæрст æрцыд йæхæдæг æмæ йæ цæрæнуат, уымæн æмæ, гæнæн ис, уголовон хъуыддагæн нысаниуæгджын чи сты, ахæм бæлвырдгæнæнтæ æмбæхст æрцыдаиккой.

Прокуратурæйы кусæг нын куыд загъта, афтæмæй закъоны фæткмæ, уголовон-процессуалон кодексы домындзинадмæ гæсгæ фехъусын кодта районы прокурор æмæ тæрхондонæн дæр басгæрсты фæстиуæг.

«Ленингоры районы тæрхондон нæ архæйдтытæ банымадта закъононыл. Ныртæккæ дæр фæдагурæн архæйдтытæ цæуынц дарддæр», – дзырдта Алан.

Уый ма нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ацы æмбæстаг арæх социалон хызæг Фейсбукы парахат кæны Ленингоры районы тыххæй æнæраст информаци.

Дæнцæгæн æрхаста ахæм факт, зæгъгæ, районы бæрæг æрцыд наркотикон буарадтæй кæй пайда кæнынц æнахъомтæ. Уый тыххæй йæ бахуыдта Алан прокуратурæмæ æмæ йын бамбарын кодта, кæд æмæ йæм ахæм информаци ис, уæд хъуамæ батыхсын кодтаид барадхъахъхъæнæг органты. Фæлæ уый фæазымджын кодта ацы органты, ома, уыцы факттæ барадхъахъхъæ-нæг органтæ уымæй хуыздæр  хъуамæ зониккой.

Ам гæнæн нæй, æмæ хисæрмагонд хъуыды ма зæгъай, – кæд Тамарæ афтæ зæрдæрисгæ у районы æнахъомты æнæниздзинадыл æмæ тырны раст фæндагыл сæ сæвæрынмæ, уæд уыцы хъуыддæгтæ дунейы рæгъмæ цæмæн хъæуы хæссын. Хахуыртæ, мæнгард ныхæстæ,  дæ æмбæстæгты, æввахс æмгæртты гуырдзиаг спецслужбæтæн «уæй кæныны» бæсты йын ис сæрибар рæстæг æмæ уыцы рæстæгæй цæмæннæ пайда кæны фæсивæдæн хъомыладон-хæрзаудæн акцитæ организаци кæныны, зæгъæм, дискотекæтæ, балцытæ æмæ бирæ æндæр хæрзиуæгон хъуыддæгты.

Нæ журналистон къорд цы адæймæгтимæ фембæлд Ленингоры районы, уыдонæй бирæтæ йæ кой ракæнынæй дæр тæрсгæ кодтой, зæгъгæ нæ проблемæтæ нæ хъæуы. Аннæтæ цыма æмдзырд бакодтой, афтæ æмхъæлæсæй дзырдтой, зæгъгæ, ахæм адæймаджы хъæуы Ирыстоны æмбæстагдзинадæй цух кæнын æмæ йæ Ирыстонæй арвитын, уымæн æмæ змæнты æхсæнады хъуыды.

Прокуратурæйы фæдысгарæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Эхо Кавказа»-йæн интервьюйы Тамарæ æргомæй азымджын кæны районы тыхон структурæты, зæгъгæ йыл æдзух æндавынц. Барадхъахъхъæнæг органты минæвæртты цымыдисгæнæг фарстытæн уый дзуапп кодта, кæй ницы хъуыды кæны, цæй фæстиуæгæн сæвзæрд фарстытæ йæ физикон уавæры фæдыл дæр. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, æз хæсджыныл банымадтон, ацы адæймаг цахæмдæр низтæй рынчын у, æви нæ, уымæй йæ бафæрсын. Ацы фарст уый  райста, куыд хисæрмагонд æфхæрд, афтæ. Хисæрмагонд æфхæрдыл ма уый банымадта, йæ азтæй йæ куы бафарстам, бинонты уавæр, куысты бынатæй, уый дæр.

Ленингоры районы къухдариуæгад нын ацы æмбæстаджы фæдыл афтæ бамбарын кодтой, зæгъгæ, у «дывæрсыг гоймаг», иутæн зæрдæмæдзæугæ у, аннæтæн та  –  йæ кой ма скæн.

Хъыгагæн, нæ журналистон къордæн Тамарæ Меарахъишвилиимæ ныхас кæныны фадат нæ фæцис  йæ цæрæн фатермæ бацыдыстæм дыууæ хатты, фæхостам дуар, фæлæ нæм ничи ракаст. Фæлæ ацы сылгоймагæй ницы аирвæзт, уадид та йæ уарзон интернет-сайтыл мыхуыр æрцыд уац «Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйы сæргълæудæй исæн къорд æрбацыдысты мæ хæдзармæ. Сыхæгтæ мын æй загътой. Æз семæ нæ аныхас кодтаин, уымæн æмæ мæ мæ адвокат бафæдзæхста, æнæ уымæй иу ныхас дæр кæй никæимæ хъæуы. Исæн къорд уæд бацыд мæ ныййарджыты хæдзармæ дæр, уым дæр мæ агуырдтой…» Ахæм æнæраст факттæ мыхуыр цæуы ацы «кадджын» сайтыл. Æппындæр нæ – нæ исæн æмæ фыссæн къорд нæ ацыд йæ ныййарджыты хæдзармæ, фæлæ нæ йæ мад – йæ чызджы бæрæггæнæг æрбацæугæйæ, æрбаййæфта йæ чызджы цæрæн хæдзары раз. Иронау, зæгъгæ, æмбаргæ дæр нæ кæнын – йæ мад – афтæмæй мах цъæррæмыхст гуырдзиагау йемæ ныхæстæгæнгæйæ нын бамбарын кодта, кæд хæдзары нæй, уæд ма йæм цæмæ хойын æз, зæгъгæ.

«Кæм ис, уымæн та ницы зонын», – загъта мад, иучысыл ма бæласы бын алæууыд æмæ стæй ацыд.

Нæ журналистон къорд ма бацыдысты, Тамарæ кæмæн разамынд кодта, уыцы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуанмæ. Ныртæккæ галуаны разамонæг Музиаты Лейлæйы ныхæстæм гæсгæ, Тамарæ йæ бынатæй сæрибар æрцыд, йæ куыстмæ арæх кæй цухтæ кодта æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ, уый тыххæй. Лейлæйы ныхæстæм гæсгæ, сайтыл цы æнæраст информаци мыхуыр кæны, уымæй Ирыстоны дунейы раз хорзæрдæм нæ æвдисы.

«Тамарæ æппæты дæр уыны негатив, уый нæ уыны районы æвæрццаг ивындзинæдтæ, нæдæр ногарæзт объектты, фæндæгты, коммуникацион хæтæлтæ ивын æмæ æнд.», – банысан кодта Лейлæ. Уый ма нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, ацы бынаты кусгæйæ, уый районы сывæллæтты кодта Гуырдзыстонмæ улæфынмæ. Фæлæ куыд æмæ цы финансон фæрæзты руаджы, уый бæлвырд нæу, ничи йæ нæ зоны.

Уымæй дарддæр ма Сфæлдыстадон галуаны кусджытæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ Тамарæйæн æнгом ахастытæ ис Гуырдзыстоны къухдариуæгадимæ æмæ йын уыцы тых дæр ис, хорз ахастыты кæимæ нæй, уымæн проблемæтæ аразын кæна.

Ленингоры Сывæллæтты хæдзары директор Елхъанты Заирæ та банысан кодта, зæгъгæ, «Эхо Кавказа»-йы Тамарæйæ «стъалы» сарæзта Мурат Гукемухов. «Чи дзы сарæзта æмбæстагон активисткæ, уый бæрæг нæу, активисткæ нæ, фæлæ у «хахуыргæнæг». Поселочы йын нæй æмгæрттæ, уынджы иунæгæй вæййы, хæдзармæ йæм ничи цæуы. Йæхæдæг дæр æй нæ зоны, цы йæ хъæуы ацы царды», – дзырдта Заирæ.

Фыссын алкæмæн дæр у йæ бон, фæлæ хъуамæ хъуыды кæнай,  цы фыссыс, ууыл æмæ цас раст фыссыс. Æмæ дæ фыстыты тыххæй дæр бæрндзинад хъуамæ хæссай.

Заирæйы ныхæстæм гæсгæ, Меарахъишвили æнгом баст у æнæхицауадон организацитимæ, уыдон ыл сыкъатæ садзынц æмæ йæхицæй активисткæ аразы æхцайы тыххæй.

Бирæ барадхъахъхъæнджытæ Тамарæйы тыххæй афтæ дзурынц, зæгъгæ, хæлд цæуынц адæймаджы бартæ, фæлæ уыдон иннæрдæм нæ хъуыды кæнынц – йæхæдæг уыцы бартæ кæй халы. Науæд дæр ын кæд йæхи бартæ халынц, уæд цæмæннæ хаты республи-кæйы Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын минæвармæ, цæмæй йæ фарс балæууой… Фæлæ уый сæр нæ хъæуы йæхи хъахъхъæныны æмæ дзы социалон хызæгты къухдариуæгады «амæттаг» чи аразынц, уыдоны.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.