Чырыстон диныл хæст адæм æппæт дунейы кæрæдзийæн арфæ кодтой иууыл сæйрагдæр зымæгон бæрæгбоны – Чырыстийы Райгуырды тыххæй.

Тыбылты Леонид рухс бæрæгбоныл сæмбæлд Цхинвалы Мады Майрæмы аргъуаны, цыран 6 январы фæсæхсæвæрты уыдис бæрæгбонон аргъуыд.

Аргъуыды рæстæджы ам уыдысты РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Тъехты Алан æмæ Пухаты Эрик, æндæр официалон адæймæгтæ, афтæ ма сæдæгай уырнонтæ.

Чырыстоны аргъуыды размæ  уыдон Дзуарджын стæр сарæзтой аргъуаны алыварс.

Аргъуыд уагъта Цхинвалы аргъуантыл аудæг иерей Хетæгкаты Яков. Аргъуанмæ æрцæуджытæм æрсидгæйæ уый загъта, зæгъгæ, «мах ам æрæмбырд стæм иумæ æмæ мах фæнды кувæм нæ адæмы, нæ бæстæйы тыххæй». Фыд Яков банысан кодта, зæгъгæ, тынг ахсджиаг у кæрæдзийы фарсмæ лæууæм æппæт  хъуыддæгты дæр æмæ Стыр Хуыцауæй ракуырдта цæмæй фехъуса æрæмбырдуæвджыты куывдтытæ.

Тыбылты Леонид дæр æрсидт аргъуанмæ æрцæуджытæм æмæ сын раарфæ кодта Чырыстийы Райгуырды сæраппонд.

«Мах сымахимæ нысан кæнæм хæрзиуæджы æмæ фидыды стыр æмæ рухс бæрæгбон  Чырыстийы Райгуырды бон. Мах кувæм нæ адæмы рухс фидæны тыххæй», – загъта Президент. Адæмæн йæ цæст бауарзта æнгомдзинад, сабырад, амонд æмæ фæрныгад, æппæт хæрзиуæгон хъуыддæгты дæр æнтыстытæ.

Ацы рухс æмæ цины бæрæгбон зынаргъ у милуангай адæймæгтæн. Уый нын нæ хъусдард здахы нæ удварны традициты райдиантæм, уарзты æмæ хæрзаудæны идеалтæм, кæцытæ бирæ æнусты дæргъы лæггад кодтой адæмы иудзинадæн, æххуыс кодтой уæззау фæлварæнты æмæ зындзинæдты азты фидар фæлæууынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.