Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ХПÆ-йы бæстæты Цыппæрæм Департаментмæ арвыста нотæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны боныл аст азы кæй сæххæст, уый цытæн, цыран, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Дыууæ бæстæты ‘хсæн æддагонполитикон ведомствотæ нотæтæ кæй баивтой, цыран дзырдæуы 2008 азы 9-æм сентябры минæварадты æмвæзадыл дипломатон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй, ссис ахсджиаг рæстæг уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг адæмты бирææнусон историйы æмæ æнæфæхицæнгæнгæйæ баст у Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы къухдариуæгады историон уынаффæимæ.

Уæрæсейы Федерацийы Кавказы сабырдзинад æмæ стабилондзинады иунæг гарантыл нымайгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм бузныг сты æмæ стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы Федерацийы фæндвидар архайдтытæн Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæныны æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн алыварсон æххуыс бакæныны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастыты уæлдæр æмвæзады æмæ уыдоны динамикон рæзты нысан, æнæдызæрдыгæй, у дыууæварсон бадзырдон-барадон базæ баххæст кæнын, кæцытæ бындуриуæг кæнынц хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы, æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг базæйыл».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.