Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн, ныр дыккаг хатт Цæгат Ирыстонмæ æрбацыд «Уæлахизы поезд». Цæугæ музей ивгъуыд аз ссыд Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ цæрджытæ се ʻппæт нæ бабæрæг кодтой. Уый тыххæй, республикæйы разамынады куырдиатмæ гæсгæ, 21-æм февралы æфсæнвæндаджы станцы ногæй æрлæууыд поезд-музей.

Æртæ боны дæргъы адæм æнæрцухæй фæ-цыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æвирхъау цауты удæгас нывтæ уынынмæ, хæсты истори арфдæр банкъарынмæ æмæ йæ зæрдæ кæмæн нæ базмæлыд, йæ цæссыг чи не ‘ркалдта, ахæм нæ баззад бацæуджытæй.

Хæсты экспозицитæ æвæрд сты поезды фараст вагоны. Алы вагонæн дæр ис йæхи тема-тикон фæлгонц. Иу ран салдат-бæлцæттæ цæуынц хæстмæ, иннæ вагоны кæнынц санитарон мадзæлттæ, кæнынц операцитæ, бæттынц цæфты… Хæсты æвирхъау цаутæ иууыл тынг-дæр банкъарæн ис «Концлагерь» чи хуыйны, уыцы вагоны. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, йæ разы мыдадзæй конд фигурæтæ нæ, фæлæ æцæг адæймæгтæ ис. Бирæ дзы ис оригиналон документты реквизиттæ дæр. Цæмæй уыцы стыр трагеди музеймæ æрбацæуджытæ хуыздæр банкъарой, уый тыххæй вагæтты æвæрд уæрæх экрантыл æвдыст цæуынц хæсты нывтæ, хъуысы автоматты æхсын, бомбæты нæрын, цæлхыты уынæр, куыйты рæйын…

Поезд-музейы администратор Сергей Лукша куыд радзырдта, афтæмæй ацы поезд-музей у, æмбал кæмæн нæй, ахæм проект. «Уæлахизы поезд» сфæлгонц кæныныл куыстой дæргъвæтин рæстæг, уымæн æмæ ахæм адæймаджы æнгæс фигурæтæ æнцон аразæн нæ уыдысты. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ мыдадзын фигурæтæ арæзт кæй æрцыдысты реалон къамтæй. Пайда æрцыд бирæ архивон документтæй.

Поезд-музей арæзт æрцыд 2020 азы кæрон æмæ ныридæгæн æрзылд 85 горæтыл. Абон, 24 фералы, Цæгат Ирыстонæй ацæудзæн дарддæр радон горæтмæ æмæ цæрджытæн уынын кæндзæн хæсты тугуарæн цаутæ, йæ истори. Кæстæр фæлтæртæ хъуамæ зоной сæ бæстæйы ивгъуыд æмæ ахæм уæлахиз къухы куыд зынтæй бафтыд, уый.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.