Тыбылты Леонид республикæйы сæвзæргæ уавæры тыххæй

9 апрелы Хуссар Ирыстоны уагъд цæудзысты президентон æвзæрстытæ æмæ референдум, Республикæ Хуссар Ирыстоны ном аивыны фæдыл. Тыбылты Леонид радзырдта Ольга Алленовайæн, референдум цæй тыххæй хъæуы, цæуыл дзырдта  Владимир Путинимæ æмæ уæрæсейаг æхцайы фæрæзтæ кæдæм цæуынц ацы регионы, уый тыххæй.

«АДÆМ БАНКЪАРДТОЙ, АХСДЖИАГ КÆЙ СТЫ, УЫДОНЫ ТЫХХÆЙ ЦЫДÆРТÆ АРÆЗТ КÆЙ ЦÆУЫ»

– Æрæджы дæуæн уыд фембæлд уæрæсейаг президентимæ. Æз æй афтæ æмбарын, æмæ уый рахæцыд дæ кандидатурæйы фарс æвзæрстыты?

– Нæ фембæлд нæ уыд æвзæрстыты мæ кандидатурæйы тыххæй, кæй зæгъын æй хъæуы. Владимир Владимиры фырт, æцæгæйдæр, цымыдис кæны, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæм куыд цæттæ кæнынц, цал сты президенттæм кандидаттæ, уымæ. Мæнмæ байхъусгæйæ, уый загъта, зæгъгæ уæрæсейаг хицауадмæ ис ахæм хъуыды, цæмæй рахæцой архайæг президенты æвварс дыккаг æмгъуыдмæ. Уымæн æмæ мах цы размæцыды фæндаг айгæрстам, уый Уæрæсейæн у райсинаг. Уæлдай хъусдард президент аздæхта, нæ бæстæты ‘хсæн æууæнчы æмвæзад кæй у бæрзонд, æмæ йæ ахæм хуызы адарддæр кæнын кæй хъæуы. Фæлæ нæ ныхасы сæйраг хай баст уыд æвзæрстытимæ нæ, фæлæ республикæйы социалон-экономикон уавæримæ.

– Æмæ цавæр размæцыды фæндагыл слæууыдыстут, радзур ма нын.

– Афтæ, уæдæ уæрæсейаг президентимæ мах дæр дзырдтам, фæстаг фондз азы дæргъы нæ республикæйы арæзт цы ‘рцыд, ууыл. Мах æвдæлонæй нæ бадтыстæм, æмæ нын Уæрæсейы уæрæх гуырахстджын æххуысы фæрцы  бантыст бирæ. Махæн ис хорз фæстиуджытæ æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, культурæйы, спорты фадгуыты. Цæрæнуæттæ аразыны нын æвзæр æнтысытæ нæй. Культурæйы министрады хаххыл мах сарæзтам 32 мин квадартон метры арæзтæдтæ.

– Театртæ æмæ музейты кой кæныс?

– Театр,  Националон  музей,  киноконцертон зал, культурæйы хæдзар. Афтæ у хъуыддаг Ахуырады министрады хаххыл дæр скъолатæ, сабидæттæ. Ныртæккæ ара-зæм университетон комплекс 700 студентæн, объекты проектон-сметæйон аргъ у 700 миллуан сомы. Ныфс мæ ис, сентябры мæ-йы не студенттæ ацы ног комплексы агъуысты кæй ахуыр кæндзысты. Æнæниздзинад хъахъхъæныны хаххыл сарæзтам сабиты рынчындон реабилитацион центримæ, нырыккон ифтонгад, хос кæныны æмæ реабилитацийы ахадгæ амæлттимæ. Уым æгæрыстæмæй ис бæхтæ дæр! Нæ сывæллæттæ бирæ зындзинæдтæ бав-зæрстой фæстаг дæсгай азты дæргъы, æмæ сæ хъæуы, æнæмæнг реабилитаци. Мæ бон у зæгъын, æмæ ахæм рынчындон нæй Цæгат Кавказы дæр.

– Уый ныридæгæн кусы?

– Уый байгом уыдзæн марты фæуды, æнæуый лæвæрд у эксплуатацимæ, скъуыддзаг ма цыдысты кадрон фарстытæ. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцыд цалдæр рынчындоны районты дæр, 16 фельдшерон-акушерон пункты. Фондз азы дæргъы мах сарæзтам, сæндидзын кодтам æмæ экс-плуатацимæ радтам 434 объекты. Республикæйæн ис хорз размæцыд, æмæ мах ууыл не ‘рлæууыдыстæм.

– Уæрæсе кæй ифтонг кодта, уыцы Инвестпрограммæ фæуд кæны ацы аз. Ома, дæ хыгъд баст уыди ацы программæйæн рахицæнгонд фæрæзтæ куыд хардз цæуынц, уыимæ дæр?

– Раст у, программæ уыди æртæазон – 2015 азæй 2017 азмæ. Ныр уый фæуд кæны.

– Аххæссыдыстут ыл?

– 2017 азы нывæстмæ хаст цы куыстытæ уыд, уыдон 2017 азы кæронмæ фæуыдзысты. Æмæ 2016 азы та мах сарæзтам, цы-дæриддæр нын нысангонд уыд, уый. Æр-мæст нын нæ бантыст Паддзахадон драмтеатры бæстыхай радтын. Уыцы объект ра-хызт ацы азмæ, æмæ йæ ацы аз мах кæронмæ сараздзыстæм.

– Цал хатты æрцыдтæн ныр, æмæ уый уæддæр арæзт цæуы.

– Зоныс, уый хуымæтæджы объект нæу. Мах æй райдыдтам аразын 2014 азы, нывæрдтам ын йæ бындуры капсулæ. Уый размæ æвзæрыди бирæ фарстытæ уый фæдыл, мах бахъуыд раздæры рæдыдтытæ сраст кæнын, æмæ объектæн æхца самал кæнын. Мах ын йæ аразынмæ æрæвнæлдтам, æмæ афтæмæй ницыма амал уыд. Ныр йæ арæзтад у фæуынхъус, ласт æм цæуы ифтонгад, рухсгæнæнтæ.

– Уыцы театр бюджетæн цас слæууыд?

– Йæ проектон-сметæйон аргъ у 1,3 миллиард сомы. Мах æй аразын райдыдтам бынтон ногæй, уый хæлд æрцыд хæсты фæстæ.  Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йæ майы байгом кæндзыстæм. Уый диссаджы бæстыхай у. Æмбал ын нæй, нæдæр Цæгат Ирыстоны, нæдæр Цæгат Кавказаг иннæ республикæты.

– Алина Кабаевайы фонд кæй сарæзта, уыцы спорткомплексы бассейн байгом ис? Æз æй куыд хъуыды кæнын, афтæмæй комплекс арæзт уыд, бассейн та бирæ рæстæджы дæргъы нæ куыста.

– «Олимп»-ы? Уым æппæтдæр кусы. Ныртæккæ нæм кусы дыууæ бассейны, ацы аз ныр æртыккаг хатт уагъд æрцыдысты ерыстæ ацы скъолайы хъомылгæнинæгты æхсæн. Ахæм цау фыццаг хатт уыд  Хуссар Ирыстоны историйы.

– Инвестицион нывæст адарддæр уыдзæн? Уæрæсе дарддæр дæр æхцайæ ифтонг кæндзæн?

– Мах ныртæккæ кусæм 2018-2020 азты ног Инвестицион программæйыл. Уый фæлгæтты уыдзæн ноджыдæр фæндæгты, социалон фадыджы объектты арæзтад. Фæлæ раздæрау, хъуаг æййафæм сабиты цæхæрадæттæй, дыууæ мин сабийæ фылдæр лæууынц рады. Æмæ уый, кæд ныридæгæн цалдæр хорз сабидоны са-рæзтам, уæддæр. Уыдон кусынц æппæт хъомысæй, фæлæ уæддæр сты семыдзаг, афтæмæй та хæлд цæуынц санепиддомæнтæ. Уымæ гæсгæ ног инвестицион программæмæ мах бахастам ноджы дыууæ сабиты цæхæрадоны арæзтад, афтæ ма скъолатæ дæр Цхинвалæн йæхи мидæг. Хъуамæ саразæм скъола æмæ сабидон Ленингоры районы хъæуты дæр. Æнæуый та уын зæгъдзынæн, ныртæккæ социалон уавæр бæлвырд хуыздæр у. Адæм банкъардтой, ахсджиаг кæй сты, цыдæртæ сын арæзт кæй цæуы.

– Фæстаг дæсгай азты адæм Хуссар Ирыстонæй цыдысты æддæмæ. Ахæм хъазæн ныхас дæр ма уыд, Хуссар Ирыстонмæ Цæгатæй цæуынц æрмæст хъæлæс дæттынмæ, зæгъгæ. Ныр та куыд у уавæр? Цæуынц ма æддæмæ?

– Ныр æддæмæ цæуджытæ къаддæр сты, æмæ бирæтæ фæстæмæ дæр здæхынц. Æмæ мах дæр уый тыххæй кусæм, æппæт адæттæ дæр уымæн аразæм. Арæнгæрон районты скъолатæ æмæ фæндæгтæ. Мах хъæуы бахъахъхъæнын хъæуты, цæмæй нæ арæнгæрон районтæ ма федзæрæг уой. Хъуамæ уа фæндæгтæ, цæмæй адæмæн уа рынчындонмæ, базæрттæм, министрадтæ æмæ ведомствотæм фæхæццæ уæвыны фадат. Хъуамæ уа рухс, цæмæй адæмы цард уа хæрзвадат. Махмæ ис ахæм цæрæн пункттæ, цыранмæ электроны тых нæ цыд  афæдзгæйтты, дæсгай азты дæргъы. Фæстаг азты дæргъы цалдæр хъæуы мах сифтонг кодтам электроны рухсæй. Хъуамæ уа бастдзинад, цæмæй адæймагæн фæ-дзурæн уа тагъд æххуысмæ, йæ хиуæттæм. Фæлæ сæйрагдæр скъолатæ сты. Мах ра-джы бафиппайдтам: куыддæр скъолатæ сæхгæнæм, афтæ цæрджытæ уыцы бынатæй ралидзынц. Уымæ гæсгæ мах æххуыс кæнæм, цы скъолатæ нæм ис, уыдонæн, æмæ аразæм ног скъолатæ. Ацы фондз азы дæргъы мах арæнгæрон хъæуты сарæзтам 60 ног хæдзары хисæрмагонд секторы, алы хæдзар дæр дзы у иу бинонты фаг. Уыцы рæтты раздæр адæм æнæхæ-дзар баззадысты хæсты аххосæй, æп-пæтдæр дзы æрцыди хæлд. Ног инвестицион программæмæ дæр мах бахастам ахæм хæдзæртты арæзтад, цæмæй адæм ма фæлидзой хъæутæй. Ныртæккæ адæммæ фæзынд сæ райгуырæн зæххыл æрцæрыны фæндон. Уыдон æрæвнæлдтой сæ зæххы фадгуытæ кусынмæ, исынц хицауадæй зæххытæ нардуаты, садзынц дыргъбæлæстæ, чи та тауы нартхор, хъæбæрхор. Æз уынын, хъæу куыд æндидзы, уый.

«НЕ ‘ФСАДЫ ХÆДБАРДЗИНАД ХÆЛД НÆ ЦÆУЫ»

– Путинимæ фембæлды дзырд цыд хъахъхъæнынады фарстытыл. Сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны æмæ УФ-йы æфсæддонты иумæйаг службæйы тыххæй. Дæ оппоненттæ дзурынц, зæгъгæ, бынæттон æфсад уæрæсейаг æфсадимæ иу кæнынц.

– Уыцы мæнг ныхæстæ кодтой ивгъуыд аз. Алыгъуызон хъуыдытæ уыд, нæ дæл-хæйтты бакæнын æмбæлы УФ-йы гарзджын тыхты скондмæ, æви нæ, уый фæдыл. 2016 азы марты махæн уыд фембæлд УФ-йы Президентимæ æмæ уыцы ран мах дзырдтам ацы фарстыл. Æмæ уæд æз федтон, Владимир Владимиры фырт æххæстæй кæй æмбары, Хуссар Ирыстонæн хъуамæ уа, чизоны, чысылнымæц, фæлæ фердæхтхъом æфсад. Æмæ мах уыцы хъуыдыйыл лæууæм. Ацы хатт та махæн нæ зæрды уыд къух æрфыссын, хъахъхъæнынады фадыджы æмгуыстады сæйраг бадзырды фæдыл сразыдзинадыл, фæлæ, хъыгагæн, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад уыцы бон бынаты нæ уыдысты. Нæ хъахъхъæнынады министр УФ-йы Хъахъхъæнынады министримæ уыцы сразыдзинад сфидар кæндзысты чысыл фæстæдæр, иу цалдæр боны фæстæ. Афтæ, æмæ уыцы уæлæмхас сразыдзинады дзырд цæуы ууыл, ома мах дæлхæйттæ æнæхъæнæй бацæуой Уæрæсейы Гарзджын тыхты скондмæ – нæ. Уæрæсейы æфсадмæ райсæн ис æрмæстдæр æфсæддон службæгæнджыты, дæлхæйттæ нæ, фæлæ. Æмæ не ‘фсæддонтæй уырдæм ахизын кæй бафæнда æмæ УФ-йы Гарзджын тыхтæм айсыны æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтта, уыдон баконд æрцæудзысты уæрæсейаг дæлхæйттæм.

– Уыцы уæрæсейаг дæлхæйттæ Хуссар Ирыстоны дислокаци  кæнынц?

– Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы.

– Æмæ цал адæймаджы айстæуыдзæн?

– Фыццаг этапы уал дзырд цæуы 100-150 æфсæддон службæгæнæгыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон пайда кæндзысты, уæрæсейаг æфсады æфсæддонтæ цы лæггæдтæй пайда кæнынц, уыдонæй. Æмæ тынг ахсджиаг у, уырдæм чи нæ бахауа, уыдон кæй баззайдзысты сæхи дæлхæйтты. Ома, мах дзы никæй иппæрд кæнæм, фæлæ уæрæсейаг æфсады скондмæ чи ахиза, уыдон фæрцы мах фæцауæрддзыстæм нæ бюджетыл æмæ фæфылдæр кæн-дзыстæм, нæхимæ чи баззайа, уыцы æфсæддонты мыздтæ æмæ ифтонгад. Афтæмæй не ‘фсады хæдбардзинад хæлд нæ цæуы, æфсад йæ бынаты зайы, штатон боннывæст хъахъхъæд цæуы. Не ‘хсæнпаддзахадон бастдзинæдтæ та министрадтæ æмæ ведомствоты хаххыл фидардæр кæнынц, нæ бадзырд æххæстгонд цæуы.

– Хуссар Ирыстон архайдзæн Уæрæсейы скондмæ бацæуыныл?

– Æмæ сымах фæнды мах Уæрæсейы сконды фенын? Кæй зæгъын æй хъæуы, мæн фæнды бузныг зæгъын Уæрæсе æмæ йæ адæмæн сæ уæрæх гуырахстджын æххуыс æмæ ахъазы тыххæй. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацыды идея  удæгас у, мах уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам. Ирон адæм дихгонд сты, не ‘фсымæртæ Уæрæсейы цæрынц, æмæ уæдæ æз дæр ацы идеяйы фарс хæцын. Фæлæ уыимæ иумæ мах æмбарæм, ацы фарст æппæты хуымæтæгдæр æмæ рæнхъондæр нæу. Хъуамæ арæзт æрцæуой æмбæлон уавæртæ, куыд иуæрдыгæй, афтæ иннæрдыгæй дæр. Æмæ йæ мах куы фенæм, Уæрæсейы нæм æнхъæлмæ кæсынц, куы фенæм æмбæлон нысæнттæ, уæд мах кусдзыстæм, дунейы чи æрфидар ис, уыцы схемæмæ гæсгæ.

– Æрæджы фæзынд ахæм информаци, ома Хуссар Ирыстоныл транзит, гæнæн ис æмæ сног уа. Транскавказы автомагистралы кой кæнын. Афтæмæй, гæнæн ис æмæ ацæуой уæзтæ Уæрæсейæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоныл Сомихстонмæ. Хуссар Ирыстоны уымæ цавæр ахаст ис?

– Мах не ‘ппæтдæр зонæм, бæлвырд консультацитæ кæй уыд æмсæрдæрттæ Карасин æмæ Абашидзейы ‘хсæн. Уый размæ, Уæрæсе Æппæтдунеон базарадон организацийы скондмæ куы бацыд, уæд ацы фарстыл уынаффæ цыд бæлвырд адæмы æхсæн. Æрæджы та йæ рæгъмæ рахастой ногæй. Мæнæн зын у, цæмæй зæгъон, ацы проект цас цæттæ æмæ æцæг у. Цæмæй уый практикон тыгъдадмæ рахиза, уый тыххæй йыл хъæуы  бæстон бадзурын æмæ уынаффæ рахæссын, уымæн æмæ дзырд цæуы, Æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг абоны домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, æмæ Сомихстон æвдисы ахæм фæндон, цæмæй спайда чындæуа Транскамæй. Мах уый, кæй зæгъын æй хъæу, æмбарæм. Фæлæ ацы ран ис цæлхдуртæ, уыцы нымæцы Гуырдзыстоны уагахасты дæр. Кæд мæ Хуссар Ирыстоны позицийæ фæрсыс, уæд мах цæттæ стæм ацы фарстыл уынаффæ кæнынмæ, фæлæ æрмæст транзиты хуызы. Нæ адæм нырма не ‘рынцадысты Гуырдзыстонимæ хæсты фæстиуджытæй, æмæ куыд хъуамæ уынаффæ кæнæм арæн байгом кæныны фарстыл.

– Æз æй куыд зонын, афтæмæй Гуырдзыстон нæу транзиты ныхмæ, фæлæ уыдонмæ ис, 2011 азы уæййæгты æрзылды мониторингы тыххæй сразыдзинады цы домæнтæ раразмæ кодтой, уыдон, – цæмæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны  таможнæйон арæнгæрон посты лæууой Швейцарийы инспектортæ æмæ сгарой, цы уæзтæ ласт цæуа, уыдон.

– Махæн Гуырдзыстонимæ ницы иудзинад ис, æмæ мах уымæн ницы зонæм.

– Сымах швейцараг инспекторты слæууыны ныхмæ не стут, цæмæй уыдон лæууой арæныл æмæ сгарой уæзтæ?

– Мах швецайрæгты сæр ницæмæн хъæуы. Мах банымадта Уæрæсе, æмæ æппæт бадзырдтæ дæр аразæм Уæрæсеимæ.

– О, фæлæ, Карасин æмæ Абашидзе та раст уый кой кодтой, 2011 азы сразыдзинад сæххæст кæныныл куы дзырдтой, уæд. Æви уый нырма проекты хуызы ис?

– Мах афтæ арф никæимæ уынаффæ кодтам уыцы фарстытыл. Мæнмæ гæсгæ ууыл уынаффæ цæудзæн фæстæдæр.

«МАХ СÆ РАЗÆЙ ФЕСТÆМ, АЛАНТЫ НОМ ЙÆХИ БАКÆНЫНМÆ ЧИ ХЪАВЫД, УЫДОНÆН»

– 9 апрелы уагъд цæудзæн референдум республикæйы ном аивыны тыххæй. Бамбарын ма нын кæн, цæмæн хъæуы уыцы хъуыддаг? «Хуссар Ирыстон»-мæ ма цæмæн хъæуы «Паддзахад Алани» æфтауын?

– Мах æм не стæм бафтауинаг, мах бавдисинаг стæм ном «Паддзахад Алани», куыд йе ‘мдых хай, афтæ, ома, махæн схонæн уыдзæн Хуссар Ирыстон, кæнæ та Паддзахад Алани. Нæ хъæудзæн дыууæ номы дæр иумæ дзурыны сæр. Ныр та дæ фарсты мидисы фæдыл. Алантæ сты нæ фыдæлтæ, æмæ уый у историон факт. Ирæттæ сты стыр аланты байзæттæгтæ, æмæ сын уыд сæхи паддзахад. Хæстон æрбабырстыты æмæ тæтæр-монголты æрбабырсты фæстиуæгæн ацы паддзахад дæрæн æрцыд æмæ фесæфт. Уый сæфт у ныр 600 азы бæрц. Фæлæ йæ мах зонæм, кæй цæуæт стæм, уый. Фæстаг рæстæджы та хицæн адæмтæ фæлварынц «аланты» ном сæхи бакæныныл.

– Æмæ уæддæр уый цæмæн у афтæ ахсджиаг, уымæй исты фæивдзæн?

– Уый ахсджиаг у нæ адæмы хиæмбарынадæн. Мах здахæм нæхи историон ном. Нæ историон ном раздахыны фарст рагæй цæры нæ адæмы зæрдæйы, фæлæ махæн уый фадат никуы уыд, нæдæр нын ууыл кусыны рæстæг уыд. 2015 азы æз бахæс кодтон, цæмæй ацы фарстыл бакуыстæуа, цæмæй историон æгъдауæй уымæн уа бындур, æмæ юридикон æгъдауæй та уа раст. Æмæ ацы дыууæ азы дæргъы бакондæуыд стыр куыст, куыстой йыл Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгаты ахуыргæндтæ дæр, уагъд цыдысты тымбыл фынгтæ. Мах абон цæттæ стæм ацы хъуыддагмæ, æрмæст ма нæ хъæуы нæ адæмы хъуыды базонын.

– Æмæ æвзæрстыты рæстæджы та цæмæн арæзтæуы?

– Фæрæзтыл фæцауæрдыны тыххæй. Нæ закъондæттынад фадат дæтты, цæмæй æвзæрстытæ æмæ референдум иу бон уагъд цæуой.

– О, фæлæ ном аивын расайдзæн уымæ, цæмæй ивд æрцæуой паспорттæ, цавæрдæр паддзахадон документтæ. Уый та хæрдзтимæ баст у.

– Нæ, мах ницы бахъæудзæн ивын. Документты æппæтдæр баззайдзæн, куыд уыдысты, афтæ. Фæлæ референдумы фæстæ мæн куы бафæрсай, кæцон дæн уымæй, уæд мæнæн мæ бон зæгъын уыдзæн, хуссарирыстойнаг кæй дæн, мæ бон зæгъын уыдзæн – Алайнаг дæн. Мæнæн ныр уыдзæн уыцы бар. Афтæмæй мах сæ разæй фестæм, аланты ном сæхи бакæнынмæ чи хъавыд, уыдонæн. Æмæ ныр ничиуал зæгъдзæн, паддзахад Алани Хуссар Ирыстон нæу, фæлæ, зæгъæм, Мæхъæлы Республикæ, зæгъгæ. Хъæрæсе-Черкесийы уыд цавæрдæр националистты ралæудтытæ, æмæ уым та бирæ ирон адæм цæры. Мах сын тарстыстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, куы сызмæнтой, æмæ сын куы зæгъой: «уый мах стæм алантæ, сымах нæ, фæлæ», уымæй, æмæ афтæмæй равзæры ныхмæдзыд. Ныр та сын уыдзæн ацы номæй сæхи схоныны бар.

– Дæумæ гæсгæ ацы хъæппæрисы фарс иууылдæр рахæцдзысты?

– Цы базонын æй хъæуы, Гуырдзыстон рацæудзæн нæ ныхмæ. Чизоны ма нæ цæгаттаг сыхæгтæй дæр кæйдæрты зæрдæмæ нæ фæцæуа. Æгæрыстæмæй, Хуссар Ирыстоны дæр чидæртæ рацыдысты йæ ныхмæ. Фæлæ мæнæн мæ бон у фидарæй зæгъон, раст кæй у нæ фæнд. Чизоны ма æгæрдæр байрæджы кодтам нæ республикæйæн йæ историон ном раздахыны сæраппонд. Мæн фидарæй уырны, референдумы не ‘мбæстæгтæй кæй фехъусдзыстæм разыйы ныхас.

– Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты агъоммæ уавæр у æндыгъд. Митингтæ, протесты акцитæ, социалон хызæгты æмæ дзыллон информацийы фæрæзты кæрæдзийыл азым æвæрæнтæ. Цымæ 2011-2012 азты цы кризис уыд, уымæн сфæлхатт уæвынæй тас у?

– Бæлвырд тыхстдзинад не ‘хсæнады фиппайдæуы фæстаг рæстæджыты, уый раст у. Уый баст у, раздæры Президент Кокойты Эдуарды республикæйы уæвæг закъон æххæст кæнын кæй нæ бафæндыд, уыимæ, æмæ сфæнд кодта æвзæрстыты хайад райсын. Барадхъахъхъæнæг органтæ бавдыстой, æдзух цæрыны ценз уый æрдыгæй æххæстгонд кæй нæ цæуы, ахæм документтæ, æмæ Централон æвзарæн къамис рахаста фæндон, ацы кандидаты ма срегистраци кæныны сæраппонд. Уæлдæр тæрхондон растыл банымадта ЦÆК-ы фæндон. Тæрхондоны ацы фæндон у бæстон æмæ йыл бахъастгæнæн нæй. Фæлæ экс-президент æмæ йæ фарсхæцджытæ скодтой дзыллон акцитæ ауадзыны фæнд, цæмæй тæрхондонæн аивын кæной йæ фæнд æмæ йæ куыст ныу-уадзын кæной Мидхъуыддæгты министр æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдарæн. Се ‘фсон уыди уый, цыма уыдон ЦÆК-мæ раст зонæнтæ нæ бавдыстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм архайдтытæ вазыгджын кæнынц уавæр. Фæлæ тæссагæй ницы æрцыдис. Ис закъон, æмæ уый ныхмæ цæуæн нæй.

– Кокойты Эдуарды ныхасмæ гæсгæ, Мидхъуыддæгты министрад бавдыста ахæм гæххæттытæ, цыма уый республикæйы нæ уыд, уый дзы æцæгæйдæр куы уыд, уыцы бонты. Уыдон сты Хуссар Ирыстонæн кæцыдæр зæрдылдарæн бонтæ, æмæ йын æвдисæнтæ дæр ис.

– Мидхъуыддæгты министрады бæрны цы документтæ ис Кокойты Эдуарды уæвыны фæдыл Хуссар Ирыстоны территорийыл, уыдон мидæг нысангонд у, фæстаг азты уый кæй нæ цард бынаты уыйбæрц, цæмæй йæхи раразмæ кодтаид президенттæм кандидатæй. Уый сбæлвырд кодтой барадхъахъхъæнæг органтæ. Уыдон бафарстой фадыгон инспекторы, сыхæгты, æркуырдтой арæны сæрты ахизыны фæдыл зонæнтæ. Нæ закъон, афæдзы 93 боны дæргъы республикæйы чи нæ уыд, уый нæ нымайы æдзух цæрæгыл. Уыцы ценз фидаргонд у закъондæттынады, æмæ йæ рæстæджы ист æрцыд Эдуард Джабейы фырты фæндонмæ гæсгæ. Ныр та йæхæдæг нæ дæтты дзуапп уыцы цензæн, куыд кандидат, афтæ. Чизоны барадхъахъхъæнæг органтæ кæй бавдыстой, уыцы гæххæттыты ис техникон рæдыд, æмæ, уый, зæгъæм, ам уыди 5-æм боны нæ, фæлæ 10-æм боны, уæддæр  ын бынаты уæвыны бонтæ иумæ нымадæй  не сты фаг. Мах ныхас кодтам иумæ, æмæ мæ ныфс ис, экс-президент ныр бамбæрста, йæ архайдтытæй йæ адæмæн зиан кæй хæссы, уый. Ныртæккæ уавæр фæивта хуыздæрæрдæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.