3-æм апрелы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æхсæзæм сессийы цыппæрæм рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся фехъусын кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Централон æвзарæн къамис бахатыд Парламентмæ ахæм куырдиатимæ, цæмæй термин «æвзарæг» цы нысан кæны, уый раст бамбарын кæнæм. Уый фæдыл уынаффæ цыд, уагъд æрцыдысты консультацитæ, фарстыл уынаффæ кодтой РХИ-йы Парламенты Президиумы æмæ профилон комитеты рабадтыты. Уынаффæйы фæстиуæгæн райст æрцыд ахæм уынаффæ: «Æвзарæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны архайдхъом æмбæстаг, æрдмæ, расæ, национдзинад, æвзаг, мыггаг, исадон æмæ куысты бынаты уавæрмæ, цæрæн бынатмæ, дины ахастмæ, зондахастмæ, цы æхсæнадон баиугæндты ис, уымæ нæ кæсгæйæ, 18 азы кæуыл сæххæст, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ ахæстоны чи нæ бадт æмæ кæцыйы цæрæн бынат (æдзухон, фылдæр рæстæджы цы бынаты цæры, кæнæ рæстæгмæйон),  ис æвзарæн зылды арæнты, уымæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы, конкретон æвзарæн фадыджы референдумы хайадисджыты, референдумы фадыджы æвзарджыты номхыгъдмæ бахæссыны бындур у  йæ æдзухон кæнæ фылдæр рæстæджы дæргъы цы цæрæн бынаты цæры, æмæ ахæм цауты та, кæцытæ хынцыд сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны кæнæ æндæр закъæтты, афтæ ма ацы фадыджы территорийыл рæстæгмæ цæрыны факт. Æмæ æвзарджыты, референдумы хайадисджыты, кæцытæ цæрынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийæн æддейæ кæнæ та сты фæсарæнты дæргъвæтин командировкæты, регистрацийы  бындур  ма  ноджы у, уыдон фæсарæйнаг паддзахады территорийыл æппынæдзух кæй цæрынц кæнæ фæсарæнты дæргъвæтин командировкæты кæй вæййынц, уыцы факт дæр. Афтæмæй æвзарæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны архайдхъом æмбæстаг, кæцыйыл сæххæст 18 азы, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ нæ бадт ахæстоны æмæ регистраци æрцыд æвзарæн зылды арæнты.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Мамиты Инал, Тедеты Руслан, Тедеты Бахва. Ацы закъоны проектыл депутаттæ схъæлæс кодтой æм-хъæлæсæй.

Уый фæстæ Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæмæ рахаста «Бангты æмæ бангон архайды тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, ацы темæйы фæдыл уагъд æрцыд комитеты дыууæ рабадты, уымæн æмæ сæв-зæрдысты уæлæмхас фарстытæ, æмæ йыл  дарддæр уынаффæ цыд РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадты. Уый фæстиуæгæн «Бангты æмæ бангон архайды тыххæй», кæцыйы райста РХИ-йы Парламент 2016 азы 26-æм июлы, РХИ-йы Закъоны 15-æм статьямæ хаст æрцæуæд ахæм ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ:

«15-æм статьяйы 3-æм хай равæрд æрцæуæд ахæм редакцийы: бангон операцитæ сæххæст кæныны тыххæй лицензи, кæцыйы дæтты кредитон организаци сомты æмæ фæсарæйнаг валютæйы фæрæзтимæ бангон операцитæ сæххæст кæныны, сомты æмæ фæсарæйнаг валютæйы физикон æмæ юридикон цæсгæмтты æхцайы фæрæзты бавæрд-тытæм æрбакæныны бар, гæнæн ис радта кредитон организаци, кæцы хæсджын у республикæйы бангы хисæрмагонд фæрæзты фæфылдæр кæныны фæдыл мадзæлттæ сæххæст кæнын 360 милуан сомæй къаддæр ма хъуамæ уа фæткмæ гæсгæ, кæцы сфидар кодта республикæйы банг.

15-æм статьяйы 4-æм хай равæрд æрцæуæд ахæм редакцийæ:

Хисæрмагонд фæрæзты (капиталы) бæрц, кæцы арæзт æрцыд 2017 азы 1-æм январмæ, 2019 азы 1-æм январæй хъуамæ ма уа 50 милуан сомæй къаддæр». Ацы закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

«Æндæр æмæ æндæр фарстытæ» хайы депутат Тедеты Бахва депутатты хъусдард аздæхта уымæ, зæгъгæ,  цæттæгонд  цæуынц барадон фæтк халыны цаутæ, кæцытæ баст сты æвзæрстыты хъæлæсæппæрстимæ, уый тыххæй райстам информаци. Сæрмагондæй, Тедеты Бахвайы информацимæ гæсгæ, паспорты цы мыхуыр æвæрд цæуы, уымæн ис æнцонтæй схафæн æмæ уый фæстиуæгæн иу æвзарæгæн йæ бон суыдзæн цалдæр хатты схъæлæс кæнын. Депутаттæ фæндон бахастой Централон æвзарæн къамисмæ бахатыны тыххæй, цæмæй чернилæйы ахорæн ивд æрцæуа тушæй. Ацы фарстыл уынаффæ кæныны фæстиуæгæн, парламентаритæ райстой æмбæлон хъусынгæнинаг.

Йæ рады депутат Диакъонты Амиран фехъусын кодта, зæгъгæ, хицауиуæгады органтæ, сæрмагондæй Централон æвзарæн къамис, кæцытæ хæсджын сты æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй, æв-зæрстытæм нæ бауагътой кандидатты иу къорды. Диакъонты Амираны ныхæстæм гæсгæ, æвзарæн закъондæттынады барадон фæткхалындзинæдтæ æркодтой республикæйы æндыгъддзинады эскалацимæ. «Архайæг закъондæттынад халгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæмы бæсты, республикæйы хъысмæт скъуыддзаг кæндзысты уыдон, кæцытæ цæрынц республикæйы æддейæ. Уæлдæр тæр-хондон цæмæ гæсгæ загъта «нæ», æнæзакъонæй Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы æртыккаг уæлæмхас фадыг кæй бакодтой, уыцы хъастæн», – загъта уый.

Диакъонты Амиран банысан кодта, зæгъгæ, Парламент хъуамæ уæлдай лæмбынæгдæр ахаст дара Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты бынатмæ кандидаттæ равзарынмæ. Уымæй дарддæр ма, уый «Адæмон парти»-йы номæй фæндон бахаста хицауиуæгады органты архайды ахасты парламентон фæдагуырд ауадзыны тыххæй, кæцытæ бæрнон сты фæтк халыны цаутæ ма æруадзыны тыххæй.

Йæ рады, РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ ахæм фæтк халыны цаутæн гæнæн ис æруадзæн Конституцион тæрхондон нын кæй нæй, уый аххосæй.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон

управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.