Кæд АИШ-ы историйы президентты амарыны цаутæ арæх уыдысты, уæддæр дзы ахæм рагæй нал уыд. Ацы цау ноджы схæццæ кодта америкаг æхсæнады. Æнæуи дæр æвзæрстыты агъоммæ арф кризисы уыд æмæ ныр ноджы уырдыгон политикон тыхтæ кæрæдзийыл бафтдзысты.

Трамп йе ‘взарджытимæ изæры 6 сахатмæ ‘ввахс æмбырд уагъта Пенсильванийы штаты горæт Батлеры æмæ ныхас кæнын куы райдыдта трибунæйæ, уæд æй снайпер æхсын райдыдта. Хъавыдис ын йæ сæрмæ, фæлæ фæивгъуыдта æмæ нæмыг сæмбæлд хъусыл. Видеоæрмæджытæй куыд рабæрæг, афтæмæй Трамп йæ амондæн уыцы рæстæджы дзургæдзурын йæ сæр иннæрдæм фæзылдта æмæ снайпер фæивгъуыдта. Æдæппæт фыдгæнæг фæкодта 6-9 æхсты æмæ йын уæдмæ йæхи амардта секретон службæйы снайпер. Хъыгагæн, фыдгæнæджы нæмгуытæ сæмбæлдысты æмбырдмæ æрбацæуджытæй æртæ адæймагыл. Иу дзы, 50-аздзыд зынгхуыссынгæнæн службæйы кусæг, бынаты фæмард.

Видеоæрмæджытæм кæсгæйæ, бафиппайæн ис, Трамп паникæйы кæй нæ ныххаудта, кæй йæм разынд ныфсхастдзинад, зыны, йæ хъахъхъæнджыты ‘хсæнæй куыд слæууыд æмæ, тымбылкъух хæрдмæ сдаргæйæ, адæммæ хъæр кодта «Тох кæнут!», зæгъгæ. Ацы къамтæ апырх сты æгас дунейыл æмæ сын, политологты хъуыдымæ гæсгæ, уыдзæнис стыр тых Трампы рейтинг хæрдмæ стæхынæн.

Рабæрæг ис фыдгæнæг дæр – разынд Пенсильванийы 20-аздзыд цæрæг  Томас Метью Крукс. Уыд Трампы партийы сконды, фæлæ фæстаг рæстæджы райдыдта цæуын демократон партийы æмбырдтæм. Ома, йæ зæрдæмæ цæуын райдыдтой Джо Байдены партийы программæтæ. Уыдис æм винтовка AR-15 æмæ æхсгæ та кодта иу бæстыхайы агъуыстæй 120-150 метры дæрддзæфæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй Крукс развæлгъау нæ бацыд бынатмæ, фæлæ хæцæнгарзимæ араст адæмы æхсæнты æмæ схызт бæстыхайы сæрмæ. Пъæлицæйæгтæ йæ бафиппайдтой, фехъусын кодтой гæрзифтонг адæймаджы тыххæй, фæлæ барадхъахъхъæнæг службæтæ уымæ сæ хъус не ‘рдардтой. Горæт Батлеры пъæлицæйы шериф фæстæдæр йæхи раст кодта, зæгъгæ, пъæлицæйаг схызт агъуысты сæрмæ æмæ федта фыдгæнæджы. Пъæлицæйы кусæгмæ хæцæнгарз нæ уыд, фыдгæнæг æм ныддардта винтовкæ, фæтарст йæхицæн амарынæй æмæ æрæмбæхст. Ам фарст æвзæры – æнæ хæцæнгарзæй пъæлицæйы кусæг кæй хъуамæ бахъахъхъæна?

Трампы амарынмæ бахъавды фæстæ куыд фæивдзæн уавæр АИШ-ы

Америкæйаг секретон службæйы кусджытæ сæ комкоммæ хæстæ мæгуырау кæй сæххæст кодтой, уый алчидæр бафиппайдта. Сæ политиктæ æрдомдтой серетон службæйы архайдæн саргъ кæнын æмæ дзы кæд хъæндзинæдтæ уыд, уæд – аххосджынты карзæй бафхæрын. Барадхъахъхъæнæг службæтæ хорз æмбарынц уавæр æмæ сæм сæвзæрд дзæвгар фарстатæ. Куыд бахаудта 20-аздзыд гæрзифтонг адæймаг æмбырдмæ? Куыд схызт бæстыхайы агъуыстмæ æнæбафиппайгæйæ? Куыд æй бауагътой цалдæр æхст фæкæнын? Трампмæ ‘ввахс цæмæннæ исчи лæууыд, цæмæй йæ уайтагъд бааууон кæна?

Ацы цау барæй арæзт уыд, зæгъынц бирæтæ. Круксы æххуырсгæ ничи бакодта, йæхи зондæй ацыд фыдракæнд саразынмæ, фæлæ йæ нейтрализаци скæнын кæмæ æмбæлд, уыдон барæй сæ куыст нæ бакодтой. Трампы куы амардтаид фыдгæнæг, уæд уый фæстæ слестгæнджыты æрмæджытæ басусæг кодтаиккой, Кеннедийы амарыны рæстæджы сæ куыд нæ рахъæр кодтой, афтæ. АИШ-ы ныры разамынадæн ныридæгæн сæ цыфыддæр знаг у Трамп æмæ йæ сæ фæндагæй куыд аиуварс кæной, уый нал зонынц. Цыдæриддæр йæ ныхмæ мадзæлттæ райстой фæстаг дыууæ азы дæргъы, уыдонæй иу дæр эффективон нæ разынд. Трампæн бонæй-бонмæ йæ рейтинг хæрдмæ хизы æмæ логикон æгъдауæй куы ахъуыды кæнæм, уæд ма сын ис иу фæрæз – амарын. Фæлæ уый дæр афтæ æнцон саразæн нæу. Уымæн æмæ Трампы фæстæ дзæвгар адæм лæууы æмæ демократон партийы аххос куы фæуа йæ амæлæт, уæд дзы мидæггагон хæст райдайынæй тæссаг у.

Цалдæр мæйы размæ америкæйаг журналист Такер Карлсон дзырдта. «Трампы нæ фæтæрсын кæндзысты, нæ йæ бауромдзысты йе знæгтæ. Кæд æмæ йæ нæ амарой, уæд æнæмæнг рамбулдзæн æвзæрстыты. Йæ амæлæт та АИШ-æн хорзæй ницы æрхæсдзæн».

Фæстаг азты АИШ-ы æмæ ма йе ‘мцæдисон бæстæты дзыллон информацийы фæрæзты æппынæдзух кæнынц Трампы фыдгой. Æппынæдзух ыл мысынц алы диссæгтæ, хахуыртæ, æфхæрынц æй, адæмæн æй æнæуынон кæнынц. Ома, Трамп куы спрезидент уа, уæд æппæт мигранттæн депортаци сараздзæн, ЛГБТ æмæ æндæр ахæм организациты ныппырх кæндзæн, скуынæг кæндзæн паддзахадон системæ æмæ америкæйаг демократи. АИШ-ы йыл бакодтой цалдæр уголовон хъуыддаджы æмæ йæ тæрхондæтты ратæр-батæр кæнынц. Ахæм уавæрты бирæтæн Трамп ссис сæ цыфыддæр знаг, хонын æй райдыдтой АИШ-ы æвзæр­мæбæллæг. Суанг ма йæ Гитлеримæ дæр абарынц, фашист дæ, зæгъгæ.

Ахæм ницæйаг æмæ агрессивон пропагандæ хорзмæ никуы æркæны æхсæнады. Æнæмæнг разындзæн, иу дзыллон информацийы мæнг ныхæстæ йæ зæрдæмæ ‘ввахс айсдзæн æмæ Трампы амарын фæнд чи скæндзæн, ахæм адæймаг.

Архивон æрмæджытæм куы æркæсæм, уæд бафиппайдзыстæм, Кеннедийы амарыны хæдразмæ дæр дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ политикон тыхтæ æппынæдзух  кодтой йе ‘взæры кой. Дзæвгар рæстæджы дæргъы уыд критикæйы бын æмæ уый фæстиуæгæн бæллæх æрцыд. Иу æдылы йæхи фенхъæлдта адæмы сæрылхæцæг æмæ амардта президенты.

Æниу историон фактмæ цæмæн хизæм. Æрæджы Словакийы президент Роберт Фицойы дæр фæцæймардтой. Уый дæр Евроцæдис æмæ АИШ-ы политикæйы ныхмæ куы сдзырдта, уæд ыл уайтагъд «демократон» информацийы фæрæзтæ сæхи ныццавтой æрра куыйтау, хахуыртæ мысын ыл райдыдтой. Ныгуылæны политиктæ дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты – рахуыдтой йæ демократийы знаг. Уый фæстиуæгæн Словакийы разынд иу æнæзонд лæг, кæцыйы хъуыдымæ гæсгæ Фицо уыд словакаг адæмы знаг æмæ йæ хъæуы амарын.

Диссаджы демократон сты сæ фæрæзтæ, уæдæ цы!

 

Историон бæлвырдгæнæнтæ

Фыццаг хатт АИШ-ы президенты амарынмæ хъавыдысты 1835 азы. Президент Эндрю Джексонмæ бацыд хуымæтæджы цæрæг Ричард Лоуренс æмæ йæ дамбацайæ хъуамæ фехстаид. Йæ амондæн хæцæнгарз фæсыкк и.

1865 азы президент Авраам Линкольны, театры уæвгæйæ, фехста актер Джон Уилкс Бут. Нæмыг сæмбæлд сæрыл æмæ Линкольн бынаты фæмард.

1881 азы ног æвзæрст президент Джеймс Гарфильды фехста фыдгæнæг Шарль Гидо. Президент алыгъуызон цæфтимæ бахаудта рынчындонмæ æмæ фæстæдæр уым амард. Йæ амæлæты фæаххосджын кодтой дохтырты, ома, рынчынмæ барæй инфекци бахастой.

1901 азы президент Уильям Мак-Кинлийы дыууæ хатты дамбацайæ фехста Леон Чолгош. Цалдæр боны фæстæ Мак-Кинли рынчындоны амард.

1912 азы æвзæрстыты агъоммæ Теодор Рузвельтæн фембæлд уыд æвзарджытимæ Милуоккийы æмæ йæ уым фехста Джон Шрэнк. Нæмыг фыццаг сæмбæлд кæсæнцæстыты футлярыл æмæ къухæйфыст гæххæттытыл, стæй та риуы гуыдырыл, фæлæ арф нæ бахызт буары. Рузвельт нæ бакуымдта фыццаг медицинон æххуысмæ, фæлæ адарддæр кодта йе ‘мбырд тугкалгæйæ. Фæстæдæр дохтыртæ сæ ныфс нæ бахастой нæмыг сисынмæ æмæ йæ амæлæтмæ уыд йæ буары.

1950 азы цалдæр фыдгæнæджы хъавыдысты Гарри Трумэны амарынмæ, фæлæ сын нæ бантыст. Фыдгæнджытæй сæ иуы бынаты амардтой, иннæмæн та рахастой мæлæты тæрхон, фæлæ йæ фæстæдæр аивтой цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадынæй.

1963 азы президент Джон Кеннедийы Техасы уæвгæйæ, амардта Ли Харви Освальд. Ацы цауы фæдыл уыйбæрц мæнг ныхæстæ фæдзырдтой АИШ-ы разамынад æмæ дзы рæстдзинад базонæн нал ис. Освальды дыууæ боны фæстæ амардтой, ома, конвой кæныны рæстæджы али­дзынмæ æрхъавыдис, зæгъгæ. 1968 азы та президентон æвзæрстыты хæдразмæ амардтой Кеннедийы кæстæр æфсымæр Роберты. Уый уыд президентмæ кандидат æмæ æнæмæнг рамбылдтаид йæ конкурент Ричард Никсоны. Уыцы рæстæджы ма амардтой ноджы Кеннедийы фарсхæцæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Мартин Лютер Кингы дæр.

1975 азы президент Джеральд Форды дыууæ хатты хъавыдысты амарынмæ.

1981 азы президент Рональд Рейганы фехста Джон Хинкли. Цыппарсахатон операцийы фæстиуæгæн рынчын аирвæзт мæлæтæй.

Иууыл фылдæр хатт амарынмæ хъавыдысты президент Билл Клинтоны. 30 хатты йын уыд мæлæтæй тас.

2005 азы Джордж Буш уыд кусæгон балцы Гуырдзыстоны æмæ Саакашвилиимæ фембæлды рæстæджы адæмы ‘хсæнæй се ‘рдæм фехстой æфсæддон гранатæ. Дыууæ президентыл ницы зиан æрцыд. Сбæлвырд кодтой фыдгæнæджы – разынд бынæттон цæрæг Владимир Арутюнян. Стæрхон ын кодтой цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.

 

***

Фæстаг социалон æрфарстытæм гæсгæ, Трамп æмбулы Байдены 2,9 проценты  бæрц. Фæлæ ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Байденæн фылдæр проценттæ барæй фыссынц, Трампæн та – къаддæр. Уымæй уæлдай ма бонæй-бонмæ Трампы рейтинг фылдæр кæны, Байденæн та бынмæ хауы. Æрфарстыты рæстæджы ма куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй цæр­джыты 40 проценты бæрц цæттæ сты хæцæнгарз райсынмæ сæ кандидаты сæрыл. Æмæ уый тынг тæссаг уавæр у. Ныридæгæн, иууылкъаддæр, АИШ-ы цæрджытæм официалон æгъдауæй ис 500 милуан хæцæнгарзы æмæ хъуыддаг эскалацимæ куы ахиза, уæд дзы мидæггагон хæст уайтагъд сцырен уыдзæн. Трампæй уымæн тæрсынц æмæ йын цы хъыцъыдæттæ фæдардтой, уыдоны тыххæй сæ æрфæрсдзæн æмæ аххосджынты карзæй бафдзæн. Уымæ гæсгæ дарддæр дæр хъавдзысты Трампы амарынмæ, цæмæй ныры разамынад сæхи бахизой бафхæрынæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.