20 æм май 1992 аз… Уæд  Ирыстоныл радон хатт рахæтыд йæ Хуыцау æмæ та йыл йæ тугмондаг сыхæгты къухæй æрцыд уæззау трагеди. Гуырдзыйы æнæформалтæ уæды онг дæр иугай-дыгай куынæг кодтой ирон адæмы, фæлæ, æвæццæгæн, лæджы фыдхортæм уый фаг нæ каст  æмæ та уыцы бон дæр бакодтой ахæм æбуалгъ ми, кæцы Ирыстоны историйы баззад æнустæм уæззау трагикон бонæй.

Æрвылæхсæв горæтмæ кæй æхстой æмæ цардæн тæссаг кæй уыд, уый тыххæй бирæтæ цыдысты горæтæй. Уыцы бон та гуырдзиаг тæппуд фашисттæ сæхи бааууон кодтой фæндаггæрон хъæды æмæ уырдыгæй бабын кодтой хæстæй лидзæг адæмы. Коцты Назирæ дæр йæ цардæмбал Цхуырбаты Суренимæ  араст ис «фæцу æмæ ма ʻрцу»-йы  фæндагыл. Назирæ бон раздæр æрцыд горæтмæ æмæ нæ хъавыд фæстæмæ здæхынмæ, фæлæ йæ, æвæццæгæн, йе ‘намонды къæхтæ хастой æмæ сæумæрайсом æвиппайды фæфæнд кодта Цæгат Ирыстонмæ ацæуын. «26 азы дæргъы мæ хæдзары бинонтæн 20 май у уæззау бон… гæнæн куы уаид, уæд æй, æгæрыстæмæй, къæлиндарæй дæр фесафин, – зæгъы Назирæйы чызг Аллæ. Уыцы бон æгас Ирыстоныл æрцыд æвирхъау трагеди æмæ уыцы трагедийы амæттаг фæци, мæнæн а-зæххыл æппæты зынаргъдæр, æппæты адджындæр чи уыд, уый – ме схъомылгæнæг мад. Кæд, Хуыцауы фæндæй, афтæ рауад, æмæ мæ ныййарæг  æндæр сылгоймаг уыд, хъомыл та мæ Назирæ скодта, уæддæр æз  мæхи тынг амондджыныл нымайын, ахæм сылгоймаг мæ кæй схъомыл кодта. Уымæн æмæ уый уыд, цард тынг хорз чи æмбæрста, адæймаджы фидæн цавæр хъуыддæгтæй рæсугъдгæнгæ у, уый тынг хорз чи зыдта,  ахæм сылгоймаг».

Коцты Назирæ йæ царды фылдæр æмбис куыста Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Уый йæ дæсныйад уарзта бирæ, уыд тынг зондджын, æгъдауыл хæст æмæ йæ Ирыстоны патриот. Ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæй Назирæ кæй разы лæууыд, ахуыры фæндагыл кæй æфтыдта, уыдонæй алкæйы мысинæгты дæр уый баззад, куыд уæздан сылгоймаг, домдта бæрнон ахаст куыд ахуырмæ,  афтæ царды æппæт хъуыддæгтæм дæр. Домдта кæддæриддæр, цæмæй адæймаг цы фæндагыл слæууа, цы хъуыддаджы бæрны бацæуа, уымæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæса.  «Кæд хуыйæг дæ, уæд у тынг хорз хуыйæг, кæд дохтыр дæ – уæд та тынг хорз дохтыр», – ахæм хъуыдыйыл лæуд уыд кæддæриддæр Назирæ. Уый нæ уарзта искæйы хъыджы бацæуын – уайдзæф дæр-иу бакодта худгæбылæй æмæ фæлмæнæй. Уымæ гæсгæ йæм, æвæццæгæн, хъыг дæр никуы ничи кодта. Назирæ æмгæрттæн дæр уыд сæ иузæрдион  æмæ æнувыд хæлар. Аллæ куыд радзырдта, афтæ-мæй нæмгуытæ сæ хæдзармæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудысты, арæхдæр-иу батахтысты Назирæйы хатæнмæ. «Мах-иу ын дзырдтам, цæмæй уырдæм мауал хиза, тæссаг дзы у, зæгъгæ. Фæлæ-иу уый никæмæ хъуыста, – нæ йæ фæндыд йæ хуыссæн уат дæр фæивын». Назирæ никуы тарст мæлæтæй, уыйхыгъд, сылгоймаг уæв-гæйæ, йæ ныфс хаста знаджы ныхмæ æргом риуæй рахизын. Уымæн æвдисæн уыдысты йæ архайдтытæй бирæтæ.

«1990 азы гуырдзиаг æнæформалтæ æнæнхъæлæджы нæ горæтмæ «фæтк» æвæрынмæ куы æрбафсæрстой, уæд нæм æрбацыдысты хæдзармæ æмæ ракодтой мæ цардæмбал Тыбылты Сергей æмæ йе ʻфсымæр Владимиры. Горæты уынгты алы рæтты тыгуыртæ-тыгуыртæй лæууыдысты æнæформалтæ æмæ тынг тæссаг уыд æддæмæ рахизын, фæлæ Назирæ æрхъуызыд махмæ ме ‘мкъайы хæдзармæ, кæд æй цалдæр раны уромгæ дæр бакодтой, домдтой дзы документтæ, уæддæр, æмæ нæ мæ зæронд æфсинимæ йæхимæ акодта. Уый фæстæ та ракодта ме ʻмкъай æмæ йе ʻфсымæры», – радзырдта Аллæ.

Уавæр кодта æндыгъдæй æндыгъддæр, хуыздæрмæ та æнхъæлмæ дæр ничи ма каст. Сурен æмæ Назирæ дæр сфæнд кодтой Аллæ æмæ чысыл хъæбул Сашæйы горæтæй арвитын. Аллæйы нæ бафæндыд йе ‘мкъайы ныууадзын æмæ Назирæ Сашæйы акодта Дзаумæ. Фæстæдæр уавæр куы фæхуыздæр ис, уæд Сурен ацыд æмæ йæ бинонты фæстæмæ горæтмæ æркодта 19-æм майы.  Фæлæ та уыцы æхсæв дæр горæт уыд нæмыджы æхсты бын. Уæд адæмæн бынтондæр асаст сæ ныфс æмæ Сурен æмæ Назирæ сфæнд кодтой Аллæ æмæ йæ чысыл хъæбулæн Цæгат Ирыстоны цæрæнуат бацагурын. «Кæд нæм уый размæ ныхас дæр нæ уыд, уæддæр 20-æм майы райсомæй раджы æвиппайды сæхи фæцæуæг кодтой æмæ абалц сты се ‘намонды фæндагыл. Тынг æвæндонæй араст сты, сæ цæсгæмттыл дæр зынд цавæрдæр æрхæндæгдзинад… чизоны, исты фыдбылыз æнкъардтой сæ зæрдæтæ», – загъта Аллæ. 

Назирæйæн уый уыд йæ царды фæстаг фæндаг… баци тугмондаг лæгхорты æгъатыр нæмыджы ам-æттаг. Æвыдæй нæ аирвæзт йæ цардæмбал Сурен дæр. Бирæ уæззау цæфтимæ æрдæгмардæй ма бафтыд Цхинвалы соматикон рынчындоны дохтырты къухы.

«Уыцы цауы фæстæ уый нал уыд раздæры хуызæн. Уыд мæстыгæр, æппынæдзух æнкъардта цавæрдæр тас æмæ тыхст, нал уыд раздæрау фæлмæнзæрдæ æмæ æмгæрттæуарзаг, фылдæр-иу уыд æрхæндæг. Мах-иу арæх архайдтам, цæмæй нын уыцы æнамонд хабары тыххæй бæстондæрæй исты радзура, фæлæ-иу, сбустæ кæнгæйæ, загъта: «Иронау дæр дзырдтой! Ма цæмæй уал мæ фæрсут ныр!», – радзырдта Аллæ.

Баззад Ирыстоны адæмæн дудаг хъæдгомæй Зары трагеди. Не ‘хсæн нæ разындзæн ахæм адæймаг, уыцы бон хæстæй чи лыгъд æмæ æгъатыр знæгты къухæй йæ адзал чи ссардта, уыдоны хъысмæтыл чи нæ фæхъыг кодта. Баззайдзысты уазал дурыл хъæрнывтæй фыстæй, уыцы бон гуырдзыйы судзгæ нæмыджы 33 амæттæгты нæмттæ.

Хуыгаты Миленӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.