Хуссар Ирыстоны районтæй иууыл дæрддзæфдæр у Ленингоры район. Стæй бирæ азты районы зынгæ хайæн Цхинвалимæ бастдзинад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ бынæттон адæм куыд политикон, афтæ социалон æмæ культурон æгъдауæй иппæрд кодтой Ирыстонæй. Уыцы территори уыд Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын, куыстой дзы сæ закъæттæ æмæ сæ куыд фæндыд, афтæ дзы арæзтой. Гуырдзиаг адæм дæр дзы бирæ цæры æмæ ахæм уавæрты ассимиляци тагъддæр темптæй фæцæуы. Ирæттæй дзы чи нæ ралыгъд фыццаг хæсты рæстæджы – 1990-æм азты, уыдон бар-æнæбары фæрæзтой æмæ быхстой зындзинæдтæн. Уавæр иннæрдæм фæивта 2008 азы хæсты фæстæ. Ардæм сарæзтой ног фæндаг, кæцы фæахъаз ис районы цæрджытæн æмбæлон уавæртæ саразынæн, уымæн æмæ ацы районмæ комкоммæ бастдзинад нæ уыд Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уæдæй фæстæмæ бынæттон цæрджытæн сæ царды ныллæууыд ног дуг. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынæттон цæрджытæй уыд ахæмтæ, кæцытæн æхсызгон нæ уыд Хуссар Ирыстоны паддзахад йæ территори фæстæмæ кæй æрбайста йæхимæ æмæ дзы йæхи закъæттæ кæй æрæвæрдта. Уымæн æмæ уыцы цæрджыты категорийæн Гуырдзыстоны паддзахады сконды цæрын пайдадæр уыд, уæлдайдæр та гуырдзиаг нацийы минæвæрттæн. Бирæтæн дзы сæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæ Гуырдзыстоны цæрынц æмæ сын ныр фæзын уыдон бæрæг кæнын. Стæй ма дзы ис ахæмтæ дæр æмæ цæргæ иу бæстæйы кæнынц, кусгæ та – æндæр бæстæйы. Уыцы рæстæгæн кæрон хъуамæ æрцыдаид æмæ бынæттон цæрджытæ ныры онг хъуамæ равзæрстаиккой, цавæр паддзахады сæ фæнды цæрын.

10 азæй фылдæр рацыд, фæлæ проблемон фарстатæ нырма скъуыддзаг не ‘рцыдысты æмæ ныр Гуырдзыстонмæ фæндаг хуыйы гриппы карантины фæстиуæгæн куы æрæхгæдтой, уæд та алырæттæй хъуысы, зæгъгæ, «адæм блокадæйы бахаудтой». Бынæттон администрацийы сæргълæууæг Гулиты Владимир цæрджытæн æмбарын кæны, зæгъгæ, уыцы фæндаджы баконд æмæ сæхгæд бынæттон къухдариуæгадæй аразгæ нæу. «Ис нæ бæстæйæн хицауад æмæ уыдон рахастой фæндон Ирыстоны цæрджыты æнæниздзинад бахъахъхъæныны фæдыл æмæ цас рæстæг бахъæуа, уыйас рæстæг фæндаг уыдзæн æхгæд. Мæнæй аразгæ дзы ницы ис æмæ нæ хъæуы цæрджыты æхсæн дам-думтæ уадзын», – зæгъы, чи йæм бацæуы, цæмæй сæ Гуырдзыстонмæ ауадзой, уыдонæн Гулиты Владимир.

Бынатмæ ныццæугæйæ фенæн ис, ам хæлцадон продуктты дефицит кæй нæй. Магазинмæ бахизгæйæ нæй зæгъæн æмæ цух сты товартæй. Ссад, сæкæр æмæ æндæр товартæ сæм ласынц Уæрæсейæ. Ӕрмæст банысан кæнын хъæуы уый, æмæ сæм раздæр дыргътæ æмæ халсæрттæ ластой Гуырдзыстонæй æмæ сæ аргъ уыд бæрæг асламдæр. Зæгъæм, пъамидоры килограмм сæм раздæр уыд 100 сомы, ныр та сæм у 200 сомы. Уый та цæрджытæн сæ къух нæ аразы.

Гуырдзыстон у æндæр бæстæ æмæ дзы цы хæцгæ низ фæзынд, уый тæссаг у Ленингоры районмæ, республикæмæ куы ‘рбаивæрза. Фæлæ йæ бирæтæ нæ фембарынц æмæ домынц, зæгъгæ, «Гуырдзыстонмæ мæ ауадзут, мæ хиуæтты бабæрæг кæнон». Ахæмтæ та 10 азы дæргъы хъуамæ аскъуыддзаг кодтаиккой сæ дарддæры цæрæн  бынат.  Кæннод  æмбисонд куыд у, «каркау хъа-хъа иу ран кæны, æфтаугæ та –   иннæ ран».

«Мæ сывæллæттæ цæрынц Гуырдзыстоны, æз та мæ бинойнагимæ ам – Ленингоры. Ныр дыууæ мæйæ фылдæр нал федтон мæ сывæллæтты. Раздæр та-иу мæм алы къуыри дæр æрбауадысты бæрæггæнæг», – зæгъы хъынцымгæнгæ Ленингоры цæрæг Одишвили Володя.

Арæн кæй сæхгæдтой, уый бандæвта бирæ уагдæттыл. Уымæн æмæ сæ кусджытæй бирæтæ баззадысты Гуырдзыстоны æмæ сын нæй æрбацæуыны фадат. Гуырдзиаг скъолайы куысты нæй 11 ахуыргæнæджы, 24 дохтыры та  рынчындоны цух кæнынц. Афтæ æндæр рæтты дæр. Фæндаг кæд байгом уыдзæн, уый бæрæг нæу æмæ рæстæгмæ цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уый хъуамæ æмбарой районы цæрджытæ  æмæ уыцы æмбæстæгтæн сæ хъысмæт куыд уыдзæн, уый ничи зоны. Таможнæйы пункт «Раздахæн»-ы æфсæйнаг дуæрттыл ауыгъд ис гуыдыр, нæдæр – иуырдæм уадзынц, нæдæр –  иннæрдæм. Бæргæ Ленингоры адæмæн сæ царды уавæртæ бæрæг хуыздæр куы уаиккой, зындзинæдтæ куынæ æвзариккой, уæд нæ хицауадæн дæр æнцондæр уаид кусын. Ацы сæвзæргæ уавæр адæм сæхæдæг куынæ бамбарой æмæ хатдзæгтæ куы нæ саразой, уæд сын сæ тыхстдзинады æххуысгæнæг нæ уыдзæн. Районы та царды уавæртæ аразыны хъуыддаг кæндзæн хуыздæр азæй-азмæ.

ДЖИОТЫ Александр

Пресс-туры иннæ æрмæджытæ – радон номыры

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.