Ног ахуыры азы ралæудимæ уынгты бæрæг фæфылдæр вæййынц куыд фистæг бæлццæттæ, афтæ ма хæдтулгæтæ дæр. Скъолатæм æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм райсомæй фæкæнынц сæ сывæллæтты, адæм сæхæдæг дæр куыстытæм фæцæуынц, æмæ уымæ гæсгæ фæндæгтыл сæвзæры æндыгъд уавæр. Уæлдайдæр та горæты сæйраг уынгты райсомæй азмæлæн нал вæййы машинæтæй.

Уавæр хынцгæйæ, милицийы фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ алы райсом дæр æрлæууынц скъолаты размæ æмæ контроль кæнынц бæлццæтты æмæ автотранспорты змæлд. Скъоладзаутæн амонынц фæндагон фæткойтæ, баххуыс сын кæнынц фæндаджы иннæ фарсмæ æдæрсгæ ахизын, бæрндзинадмæ æркæнынц фæткхалæг шофырты. Шофыртæй бирæтæ фæтагъд кæнынц æмæ саразынц аварион уавæртæ, афтæмæй фыдбылызы баппарынц æнахъом бæлццæтты æмæ æндæр фæндаджы змæлды хайадисджыты.

Фæндагон инспектортæ курæг сты шофыртæй, цæмæй ма халой фæндагон фæткойтæ, ма уромой сæ хæдтулджытæ скъолатæм æввахс, сæ сывæллæтты хизын кæной машинæйæ æдас ран æмæ сæ фæндараст кæной скъолайы кæрты онг. Ахуырдоны бæстыхайы та фæткмæ сæ хъус фæдарынц паддзахадон унитарон куыстуат «Ирбис»-ы кусджытæ.

Æнæххæст кары сывæллæттæ сæрдыгон каникулты рæстæджы ферох кæнынц фæндагон фæткойтæ, сæ хъус дзæбæх нал фæдарынц фæндагон змæлдмæ æмæ уымæ гæсгæ тæссаг вæййы фыдбылыз æрцæуынæй. Шофыртæ ацы уавæр хъуамæ хынцой æмæ горæты уынгты скъæргæйæ æппынæдзух кæсой фæндагон уавæрмæ, тротуартыл цæуджытæм, стыр тагъдадæй ма скъæрой. Стæй ма уынгтæ дæр уынгæг сты, тротуарты цур бауромынц автомашинæтæ æмæ уырдыгæй фистæг бæлццон куы рахизы, уæд æй шофыр æрæгмæ фены.

Скъоладзаутæн хъæуы фæндагон фæткойтæ амонын. Ныййарджытæй бирæтæ афтæ æнхъæлынц, цыма уыцы зонындзинæдтæ дæттын ахуыргæнджытæм хауы. Чидæртæ дзы сæ сывæллæттимæ, æгæрыстæмæй, скъолайы онг дæр никуы бацæуынц – рарвит æй хæдзарæй æмæ цыфæнды дæр кæнæд. Стæй фыдбылыз куы æрцæуы, уæд сын аххосджын кæнæ шофыр разыны, кæнæ ахуыргæнæг. Æмæ дæ сывæллоны æдасдзинадыл дæхицæй тынгдæр чи хъуамæ тыхса? Куыннæ хъуамæ бацамона ныййарæг йæ сывæллонæн элементарон фæндагон фæткойтæ?

Æниу, фистæг бæлццæтты змæлдмæ куы кæсай, уæд фендзынæ, цас адæм  халынц фæндагон фæтойтæ – бар кæм нæй, ахæм рæтты ахизынц фæндаджы иннæ фарсмæ, светофортæм нæ фæкæсынц æмæ афтæ дарддæр. Ахæм адæймаг йæ кæстæрæн цы хъуамæ бацамона, кæд æмæ йæхæдæг фæндагон фæткойтæ не ‘ххæст кæны?

Фæндагон змæлды инспектортæ ахуы-ры азы дæргъы астæуккаг скъолаты æдзухдæр фæуадзынц профилактикон мадзæлттæ – ахуырдзаутæн  фæамонынц фæндагон фæткойтæ. Бамбарын сын кæнынц, куыд тæссаг  у сæ халын æмæ уый фæстиуæгæн цас уæззау цауы æрцæуы. Бафæдзæхсынц сæ, шофырты æмрæнхъ фистæг бæлццæттæ дæр хæссынц бæрндзинад æмæ сæхи хъуамæ хъахъхъæной фыдбылызтæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.