Майрæмбоны, 26-æм апрелы Уæрæсейы инвесторты делегаци компани «Стройпрогресс»-ы бындурæвæрæг Джусойты Альберт æмæ Уæрæсейы иууыл егъаудæр хисæрмагонд нефты компанитæй иу, «Роснефтгаз»-ы генералон директор Цоциты Феликс, афтæ ма компани «ИСМЛ» æмæ «Зубовский Бульвар»-ы генералон директор Пухаты Альберт сæ къухтæ æрфыстой цалдæр сразыдзинадыл. Хуссар Ирыстоны фарсæй ацы сразыдзинæдтыл йæ къух æрфыста Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин.