Æрæджы Æппæтдунеон Олимпион комитет Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы аиуварс кодта 2018 азы Хуссар Кореяйы зымæгон Олимпиадæйы хайадистæй. Уыдонæн сæ бон у хайад райсын æрмæстдæр нейтралон статусы, ома, дзы нæ фæйлаудзæн Уæрæсейы тырыса, нæ дзы зæлдзæн Уæрæсейы гимн.  Ацы хабарыл масты æнкъарæнтимæ æрмæст Уæрæсейы нæ сæмбæлдысты, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, дунейы растхъуыдыгæнæг адæм се ‘ппæт дæр. Уый фæдыл сæ хъуыдытæ дзурынц, зынгæ фæсарæйнаг спортсментæ, спорты разамонджытæ, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ. Уыдон се ппæт дæр растыл нæ нымайынц Олимпион комитеты ахæм архайд æмæ сын зæгъынц уайдзæфы ныхæстæ. Нымайынц, зæгъгæ, ахæм архайды тыххæй æрмæст Уæрæсейы командæ æмæ спортсменты нæ æгад кæнынц, фæлæ ма сæхи дæр. Уымæн æмæ алчи дæр æнкъары Олимпион комитетыл кæй ис ныгуылæн бæстæты иуæй иу разамонджыты æндæвдад. Комитеты ахæм уынаффæ ма раст уымæй нæу æмæ, куыд ис гæнæн иу, кæнæ цалдæр спортсмены тых-хæй олимпиадæмæ æххæст бартимæ, ма бауадзай æнæхъæн командæйы.

Олимпион хъæзтыты æгас дунейы адæммæ стырдæр цымыдисондзинад чи сæвзæрын кæнынц, уыцы командæтæй иу у Урæсейы командæ. Уый та нысан кæны æмæ олимпион хъæзтытæм чи кæсдзысты, уыдон, цасдæрбæрцæй фæуыдзысты фыдæнхъæл.

Олипион комитеты уынаффæты тыххæй бирæ спортивон разамонджытæ зæгъынц, зæгъгæ, Олимпион комитет ахæм уынаффæ райста уымæн æмæ Уæрæсейы ныхмæ ныгуылæнырдыгæй дарддæр цæуынц алыгъуызон æбуалгъ митæ. Ныгуылæн бæстæты иуæй иу разамонджытæ Уæрæсейы раз санкцитæ куы æвæрдтой, уæд æнхъæлдтой ныдæлдзинæг æй кæндзысты, йæ зоныгуылтыл æй æрлæууын кæндзысты, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Йæ адæм æрбангомдæр сты, кæд фæзынд зындзинæдтæ, уæддæр се ‘нтыстытæ та стырдæр фесты. Уымæй дарддæр ма, иуæй иу зындгонд политиктæ æмæ спортсментæ  нымайынц, зæгъгæ, ныгуылæйнаг бæстæты разамонджытæн хъыг уыд Уæрæсе Сочæйы ахæм хорз олимпиадæ кæй ауагъта, алцы дæр дзы нывыл кæй ацыд, уый.

Кæд комитет æппæт аххосæгтæ дæр хæссы допинг пробæйы тыххæй, уæддæр сæ ацы уынаффæйы фылдæр хай амад æрцыдис политикæйы бындурыл. Уæрæсейы спортсменты куыд æмбæлы ахæм бартимæ зымæгон Олипиадæмæ ма бауадзыны фæндон хастой азæй фылдæр. Фæлæ цыфæнды хъуыддаг дæр раст бындурыл амад куы нæ æрцæуы, уæд дзы разыны бирæ хъæнтæ.

Олимпион комитет раст уынаффæ кæй нæ райста, уымæ гæсгæ Уæрæсейы командæ абон бæлвырдæй нæма зоны, цы бакæндзысты, уый. Уый та, кæй зæгъынæй хъæуы мæгуырауæрдæм бандавдзæнис спортсменты зæрдæйы уаг æмæ се ‘нтыстытыл. Иуæй иу политиктæ æмæ спорты разамонджытæ нымайынц, зæгъгæ, нырма ис рæстæг, ахъуыды кæндзыстæм æмæ Уæрæсейы Олимпион комитеты æмбырды скъуыддзаг дæр æрцæудзæнис, командæ Кореямæ зымæгон олимпиадæмæ ацæудзæнис æви нæ, уый. О, фæлæ бирæтæ куыд нымайынц, афтæмæй, ацæуын не ‘мбæлы. Уымæн æмæ Олимпион комитеты ахæм уынаффæйы фæстæ бæрæг нæу олимпиадæйы кухдариуæггæнджытæ куыд райсдзысты Уæрæсейы командæйы, цахæм уавæртæ сын са-раздзысты. Тæрхонгæнджытæ сæм цахæм цæстæй ракæсдзысты æмæ сын се ‘нтыстытæн куыд аргъ кæндзысты, уый. Нымайынц, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ Уæрæсейы спортсментæ ахæм уавæртимæ куы ацæуой, уæд сæ разы сæвзæра æндæр зындзинæдтæ дæр.

Гæззаты Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.