Сербийы уагъд цæуы, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Европæйы чемпионат. Уым райдианы сæ тыхтæ фæлвæрдтой грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй архайæг спортсментæ. Ерысты 60 кг уæзы категорийы æртыккаг бынат бацахста Мæргъиты Марат. Уый бронзæ майдан рамбулыны сæраппонд тохы фæуæлахиз Турчы минæвар Мелих Йегиныл 9:0 хыгъдæй.

28-æм июны та Сербийы ерыстæ райдыдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй. Абон, 29-æм июны майданыл тох кæнын райдайдзæн хуссарирыстойнаг богал Пухаты Роланд. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг хæцы 92 кг уæзы категорийы.

 

ТЕННИС

Ирон теннисист Хъæрæцаты Аслан Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды хайад райсдзæн Парижы Олимпион хъæзтыты. Аслан йæ цæттæдзинад бафæлвардзæн куыд индивидуалон ерысты, афтæ къæйтты ‘хсæн дæр.

2020 азы Токиойы Олимпион хъæзтыты (коронавирусы пандемийы аххосæй уагъд æрцыдысты 2021 азы) Аслан миксты (Елена Веснинаимæ) ссис æвзист призер.

 

ДЗЮДО

Армавиры уагъд æрцыдысты æппæтуæрæсейон ерыстæ дзюдойæ. Уым сыгъзæрин майдан рамбылдта Танделаты Чермен. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 81 кг уæзы категорийы. Ацы æнтысты фæрцы Танделайы фырт Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар райста, 22 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн .

Спортсмены тренер у Зассеты Аркади.

 

БИЛЬЯРД

Дзагкойты Азрат фыццаг бынат бацахста Кæсæг-Балхъары Уырыссаг бильярдæй уагъдцæуæг турниры. Йæ призон фонд уыд 100 мин сомæй фылдæр. Ерысты хайад райстой Кæсæг-Балхъары, РЦИ-Аланийы, Дагъыстан æмæ Мæхъæлы минæвæрттæ. Азрат акодта æхсæз хъазты æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Æрдæгфиналы рамбылдта цæцæйнаг спортсмен Шамиль Расуевы. Финалы та – Кæсæг-Балхъары минæвар Темболат Уначевы.

Ныр Дзагкойты Азрат клуб «12 футов»-ы рейтингы ахсы фыццаг бынат. Уымæ гæсгæ йын хорз уавæр ис ацы сезоны фæстæ хатдзæгон турниры хайад райсынæн, кæцыйæн йæ призон фонд уыдзæн 150 мин сомы.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.