УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уæгъдибар хъæбысхæстæй 2016 азы Олимпион чемпион, цхинвайлаг богал Рæмонты Сослан операци саразыны фæстæ кæронмæ сдзæбæх ис æмæ æппæт тыхтæй дæр йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы чемпионатмæ, цыран хайад райсдзæн кæнæ 65 кг уæзы категорийы кæнæ та  – 70 кг. Уый тыххæй хъусын кæны йæ тренер Мæргъиты Анатоли. 

«Сосланæн уæззау операци арæзт æрцыд йæ астæуыл. Фæлæ ныр кæронмæ сдзæбæх ис, тренировкæ кæны Дзæуджыхъæуы æмæ цæттæ у рахæцынмæ, куыддæр уыцы уавæр уа, афтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хайад райсдзæн Уæрæсейы чемпионаты дæр. Фæлæ цы уæзы архайдзæн, уый тыххæй уынаффæ кæндзыстæм УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатимæ. Кæд дунейы чемпионат æмæ Олимпион хъæзтытæм бахауыны фæдыл Уæрæсейы чемпионаты фæстиуджытæ хъаздзысты сæйраг ролы, уæд архайдзæн йæхи 65 кг уæзы категорийы. Кæд афтæ нæ уа, уæд та ерыс кæндзыстæм уæлдæр уæзы категорийы», – банысан кодта Мæргъиты Анатоли. 

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæ, куыд иннæ хъæбысæйхæцджытæн, афтæ Сосланæн дæр йæ сæйраг хæс у Сербийы дунейы чемпионатмæ бахауын. Фæлæ Сосланимæ раздæрау нæ сæйраг интерес та сты  Токиойы Олимпион хъæзтытæ», – йæ ныхасмæ бафтыдта Мæргъиты Анатоли. 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 3-аг туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд турниры фавориттæй сæ иу «Орен-бург»-имæ, кæцы ивгъуыд сезоны рахаудта премьер-къордæй. Дзæуджыхъæуккæгтæ хъазыдысты хорз, фæлæ уыцы спортивон амонд уыд фысымты æвварс.

Хъазты фыццаг æмбис пурти фылдæр уыд алайнæгтæм. Фембæлды дыккаг хай дæр «Алани» архайдта хуыздæр. 50-æм минутыл дзæуджыхъæуккæгты размæбырсæг Ислам Машуковы цæфы фæстæ пурти атахт «Оренбург»-ы къулдуæрттæм, фæлæ йæ хъахъхъæнæг раппæрста къухæй. Уымæ гæсгæ йын тæрхонгæнæг  фенын кодта сырх карточкæ æмæ ма снысан кодта 11-метрон цæф. Пуртимæ бацыд Хæдæрцаты Батраз. Фæлæ уый æвзæр сæххæст кодта пенальти æмæ фысымты кулдуаргæс нæ бауагъта пурти хызы смидæг кæнын. Уыцы цауæй фæстæмæ хъазты цыд цæхгæр фæивта. Цалдæр минуты фæстæ ныр та тæрхонгæнæг 11-метрон цæф снысан кодта дзæуджыхъæуккæгты къулдуармæ, «Оренбург»-ы хъазæг æй хорз сæххæст кодта æмæ хыгъд байгом кодта. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæмæй «Алани»-йы хъахъхъæнæг Кобесты Дмитри райста дыккаг бур карточкæ æмæ йæ тæрхонгæнæг арвыста хъазæн фæзæй. 62-æм хъазты та оренбургæгтæн æнæнхъæлæджы бантыст дыккаг пурти дæр бакъуырын. Уымæ нæ кæсгæйæ, «Алани» уæддæр стыр тыхтæй бырста размæ. Фæлæ йын  нал бантыст иу дзуаппон пурти дæр бакъуырын. Афтæмæй фæхæрд 2:0 хыгъдæй.  

Радон хъазт «Алани» акæндзæн 16 августы Красноярскы, цыран фембæлдзæн бынæттон «Енисей»-имæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.