ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Нæ республикæйы ленк кæныны спортæй кæд нырма æрæджы райдыдтой архайын, уæддæр ныридæгæн ссис иууыл популярондæр спорты хуызтæй сæ иу. Ивгъуыд азæй райдайгæйæ, ерыстæ уагъд æрцыдысты авд хатты. Ныр та æвзонг спортсментæ сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой спринты. Спортивон комплекс «Олимп»-ы бассейны трибунæтæ та йемыдзаг уыдысты спортуарзджытæй. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли. «Æвæццæгæн уæ сæрыстыр уыдзысты уæ ныййарджытæ. Сымах абон равдисдзыстут, ерыс кæнынмæ æмæ уæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ цæттæ кæй стут, уый. Бузныг мæ фæнды зæгъын Евгения Терлеевайæн, нæ сывæллæтты нын кæй цæттæ кæны æмæ нын нæ фидæны чемпионтæм хъарм ахаст кæй дары, уый тыххæй. Ерысты хайадисджытæн зæгъын æнтыстыты фæндиæгтæ, фæлæ сæйраг уæлахиз уый у, æмæ абон хайад кæй исут ацы ерысты», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли.

Ерысты хайад райстой 200 спортсменæй фылдæр. Уыдон дихгонд æрцыдысты 6 кары къордыл.

Чемпионаты кæронбæттæны РХИ-йы ленк кæныны спорты федерацийы президент Евгения Терлеева куыд банысан кодта, афтæмæй тынг райгондæй баззад ерысты хайадисджыты бæрæггæнæнтæй. «Ерыстæ ацыдысты бæрзонд организацион æмвæзадыл. Сывæллæттæ иууылдæр зонынц, цы сæ домдæуы, уый. Уæлдай æхсызгондæр та мын уый у, æмæ æвзонг спортсментæ бæрæг кæй фæхуыздæр кодтой сæ бæрæггæнæнтæ. Фаронæй нырмæ нæм чи тренировкæ кæны, уыдон иу-уылдæр уыдысты иу æмвæзадыл æмæ уымæ гæсгæ призон бынæттæ бацахсыныл цыд карз спортивон тохтæ. Бирæ ма нæм уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ нырма бирæ рæстæг нæ цæуынц ленк кæныны секцитæм», – банысан кодта Евгения Терлеева.

Евгения Терлеева нæ республикæмæ кусынмæ хуынд æрцыд ивгъуыд азы сæрды. Уымæн ма йæ разы лæууæг хæстæй сæ иу у æвзонг тренерты дæр бацæттæ кæнын. «Æхсызгон ма мын у,  тренертимæ цы куыст кæнын, уымæн дæр кæй ис хорз фæстиу-джытæ. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ ныр сæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ кæй систы ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ», – загъта Евгения Терлеева.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призерты Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта кады грамотæтæ æмæ майдантæй.

 

ЛЕГЕНДÆТЫ МАТЧ

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд, афтæхуыйнæг, хæларадон хъазт «Легендæты матч». Республикон стадион «Спартак»-ы хъазæн фæзмæ рахызтысты футболон командæ «Алани»-йы ветерантæ, кæцыйы сконды уыдысты 1995 азы Уæрæсейы чемпионтæ дæр, æмæ Ирыстоны æмбырдгонд командæ, кæцыйы сконды ныртæккæ сты æндæр æмæ æндæр клубты хъазæг футболисттæ.

Хæларадон хъазты хайадисджытæн æмæ спортуарзджытæн раарфæ кæнынмæ  ба-цыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Стадионмæ æрбацыдысты 18 мин спортуарзæджы бæрц.

Чемпионты командæйы тренер уыд Александр Яновский, йæ капитан та – Джиоты Инал, æвзонг футболистты командæйы тренер  уыд Гæззаты Юри æмæ капитан та – Краснодары «Кубань»-ы хъазæг Гогниты Спартак.

Фыццаг минуттæй дыууæ командæ дæр фылдæр архайдтой размæбырсыныл. Хорз хъазыдысты командæты кулдуаргæстæ Заур Хапов æмæ Гæбулты Владимир.

Хъазты хыгъд байгом кодта ирон клубы историйы иууыл хуыздæр легионертæй сæ иу Мирджалол Касымов. Уый пурти бакъуырдта иварон цæф сæххæстгæнгæйæ. Йæ командæйæ ма расгуыхтысты Анатолий Канищев, Бæззаты Георги, Цоциты Витали æмæ Гаглойты Вадим. Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сконды та пуртитæ бакъуырдтой Гæбулты Георги (дыууæ хатты), Гогниты Спартак, Бахъаты Михаил æмæ Тохъазты Сослан. Афтæмæй хъазт фæцис æмдыхæй – 5:5.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.