МАРАФОН – ХÆХХОН ФÆНДÆГТЫЛ

Æхсæнрегионалон 300-километрон марафон Behind the Wave – Caucasus UltraTrail-ы уæлахиздзау ссис ирон спортсмен Абысалты Анатоли. Æфцæгтыл 330 километры бæрц хæххон фæндæгтæ уый рацыд 85 сахатмæ.

«Марафон цыд Кæсæг-Балхъар, РЦИ-Алани æмæ Мæхъæлы территоритыл. РЦИ-Аланийы минæвар Абысалты Анатоли ацы маршрут ацæуынæн бахъуыд 85 сахат 14 минут æмæ 15 секунды», –  фехъусын кодта марафоны директор Александр Досков.

Финишмæ дыккаг та æрбацыд ерысты хайадисæг иунæг сылгоймаг Мария Назарова, кæцы бахъуыд 38 минуты фылдæр.

Александр Досков ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахæм дæрддзæгмæ æмæ денджызы æмвæзадæй ахæм бæрзонд бынæтты ерыстæ Уæрæсейы уагъд æрцыдысты фыццаг хатт.

Æдæппæт ерысты хайад райстой 43 спортсмены.

ФУТБОЛ

Футболон клуб «Сочи»-йы кулдуаргæс Дзанайты Сослан бахаудта Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы скондмæ, кæцы акæндзæн 2020 азы Европæйы чемпионатмæ æвзарæн хъæзтытæ. 6-æм сентябры Глазгойы Уæрæсе хъаздзæн Шотландиимæ, 9 сентябры Калининграды та – Казахстанимæ.

Уæрæсейы æмбырдгонд командæ хъазы къорд «I»-ы, цыран 9 очкоимæ ахсы 2-аг бынат. Къорды лидер 12 очкоимæ у Бельгийы æмбырдгонд командæ. 3-аг æмæ 4-æм бынæттæ та фæйнæ 6 очкоимæ ахсынц Шотланди æмæ Казахстан. Къорды ма хъазынц Кипр æмæ Сан-Марино.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.