Нæ газеты куыд хъусын кодтам, афтæмæй 15 августæй 19 ав-густмæ нæ республикæйы фенддагдæр бынæттæй сæ иу Ерцъойы цады былыл уагъд æрцыд Æхсæнадæмон авторон зарæджы фестиваль «Алайнаг уды тæгтæ». Фестивалы фæстиуджыты фæдыл нæ редакцимæ фæуазæг ис йæ сæйраг организатор Хъуылымбегты Лейлæ æмæ нын бæстонæй æрдзырдта фестивалы тыххæй.

Уый куыд загъта, афтæмæй фестивальмæ хуынд æрцыдысты Мæскуы, Санкт-Петербург, Бако, Краснодар, Сочи, Воронеж, Донецкы адæмон республикæ, Беларус, Азербайджан æмæ Уæрæсейы алы къуымтæй барды зарæг уарзджытæ æмæ æххæстгæнджытæ. Уазджыты ‘хсæн уыдысты зынгæ зарæггæнæг Евгений Лихачев, Марат Фахрединов æмæ æндæртæ.

«Фестивалы райдайыны агъоммæ æххæст æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ. Рахицæнгонд фæзуаты ныккарстой кæрдæг, сифтонг æй кодтой электроны рухсы генератортæй, æвæрд æрцыдысты, фестивалы рæстæджы æнæмæнгхъæуæг чи уыд, ахæм уавæртимæ цатыртæ, æхсæвбынæттæ æмæ 200 адæймагæн аходæн бахæрыны бынæттæ. Афтæ ма фестивалы фæзуатмæ æрбаластой хæлцадон продукттæ. Бынаты та сæвæрдтой ирон уæливыхтæ æмæ æндæр национ хæринæгтæ аразынæн пецтæ. Æдасдзинады уавæртæ дæр афтæ – æртæ боны дæргъы уым уыдысты тагъд æххуысы æмæ уæл-вæткон уавæрты министрады кусджытæ. Уазджытæй дарддæр ма фестивальмæ фæуазæг сты УФ-йы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннади, Фæсивæд æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей, æхсæнады минæвæрттæ æмæ авторон зарæгæн табугæнджытæ. Фестивальмæ æрцæугæ уазджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй фыццаджыдæр сæ зæрдæмæ фæцыд нæ бæстæйы æрдз, сатæг уæлдæф, бæрзонд хæхты рæсугъддзинад æмæ ирон адæмы уазæгуарзондзинад.

«Ирыстонмæ æрцæугæйæ нæ фыццаджыдæр дисы баппæрста æрдзы рæсугъддзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, федтам бирæ рæсугъд бынæттæ æндæр бæстæты дæр, фæлæ махмæ афтæ каст, цыма Ирыстоны алы кæрдæг, алы дурыл дæр къух аныдзæвгæйæ, уыдзæн уаз æмæ хосгæнæн миниуæгимæ. Ирыстоны цы уæззау бонтæ æмæ тугкалд уыд, йæ адæм цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон хынцгæйæ, мах æнхъæл нæ уыдыстæм ныртæккæ ам ахæм сабырадуарзаг адæмыл фембæлын. Фæлæ нæ фембæлд рауад тынг зæрдæмæхъаргæ, айстой нæ, куыд сæ рагон хæлæрттæ, афтæ, кæд Ирыстоны зæххыл фыццаг хатт уыдыстæм, уæд-дæр», – радзырдта фестивальмæ æрцæуæг бард Юлия Окунева. Фестивалы жюрийы уæнгтæ уыдысты Марат Фахрединов, Евгений Лихачев æмæ Джавид Имамвердиев. Фестиваль уагъд æрцыд конкурсон бындурыл, автортæ азарыдысты куыд сæхи зарджытæ, афтæ ма дзы æхххæстгонд æрцыдысты зындгонд бардтæ Владимир Высоцкий, Булат Окуджава, Юрий Визбор æмæ æндæрты зарджытæ дæр цалдæр хуызы номинацийы. Уый фæстæ уæлахиздзаутæн бакодтой алыгъуызон лæвæрттæ. Æппæты хуыздæр лæвар – зынаргъ гитарæ лæвæрд æрцыд Гран-прийы номинацийы уæлахиздзау Егор Копченковæн. Хъуылымбегты Лейлæ куыд загъта, афтæмæй фестиваль Ирыстоны ауадзыны сæйраг нысан у туризм райтынг кæнын æмæ Ирыстоны дунейæн базонгæ кæнын. «Фестивальмæ æрцæуджытæ баззадысты тынг райгондæй. Бирæтæ дзы фæстæмæ здæхыныл тагъд дæр нал кодтой. Фестиваль фæуыны фæстæ нæ балц ракодтам Цхинвалмæ Зары фæндагыл. Уым уазджытæ федтой Зары трагедийы амæттæгты цырт, Сыгъд удты цырт æмæ æндæр историон бынæттæ. Сæвæрдтой дидинджытæ æмæ фæмардуæвджытæн ссардтой сæ нæмттæ. Цхинвалы фенддаг бынæттыл æрзилыны фæстæ та мах ацыдыстæм Ленингормæ. Уым уазджыты базонгæ кодтой Ленингоры районы цыртдзæвæнтимæ, сæ историимæ», – радзырдта мадзалы организатор. Фестивалы фæуды – 18 августы киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд гала-концерт. «Фæнды мæ, фестиваль бацæттæ кæнын æмæ бæрзонд æмвæзадыл ауадзыны тыххæй нæм чидæриддæр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта, уыдонæн, нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы номæй арфæйы ныхæстæ зæгъын. Сæрмагондæй та лагеры комендант Æлборты Эдуард, Санахъоты Батрадз, Джиоты Андрей, Кæркуысты Галинæ, Груздев Сергей, Зассеты Олег, Бететы Раисæйæн».

  ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.