Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ æрбалæууыд демократон дуг, кæцы нын нæ цардмæ бахаста бирæ ивындзинæдтæ. Фæлæ, стыр хъыгагæн, уыцы ивындзинæдтæн сæ фылдæр  сты æппæрццаг æмæ æвзæрыдæрм æндавынц адæмыл, уæлдайдæр та – рæзгæ фæлтæрыл.

Раздæр, Советон Цæдисы рæстæджы, къухы æнгуылдзтыл банымайæн уыд, наркотикон буарадтæй чи пайда кодта,  уыцы адæймæгты æмæ-иу нæм стыр диссаг дæр каст, искæцы æвзонг адæймаг наркоман кæй уыд, уыцы хабар-иу куы фехъуыстам, уæд.  Абон та  наркоманты нымæц бæрæг фæфылдæр, æгæрыстæмæй наркотикон буарадтæй пайда кæнын райдыдтой æнахъомтæ дæр. Афтæ ма арæх уынгты фенæн вæййы расыг адæймæгтæ. Хъыгагæн, расыггæнджыты ‘хсæн вæййынц бынтон æвзонг адæймæгтæ дæр. Рæзгæ фæлтæры ‘хсæн карз нозт кæныны цаутæ фæстаг рæстæджы фæфылдæр сты.

Ацы ахсджиаг фарсты фæдыл нæ республикæйы арæх мадзæлттæ уагъд фæцæуынц нозты ныхмæ.  Иу ахæм мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы скъола-интернаты. Бацæттæ йæ кодтой 11-æм къласы ахуыргæнинæтæ сæ хъомылгæнæг Гуццаты Дзерассæйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрбацыдысты скъола-интернаты ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ, афтæ ма йæм хуынд æрцыдысты реабилитацион центр «Ныфс»-ы минæвæрттæ дæр. Мадзалы скъоладзаутæ бакастысты докладтæ. Карз нозт адæймаджы цардыл куыд æндавы, уый тыххæй æвдыст æрцыд видеоролик дæр.

11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ æрдзырдтой ацы карз проблемæйы тыххæй.  Уæззаудæр фыдракæндтæн сæ 90 проценты рæзгæ фæлтæр саразынц расыгæй. Фæзынд ахæм æмбарынад, куыд бæгæныйы алкоголизм, кæцыйы дæлбар бахаудысты 6-9-аздзыд сывæллæттæ дæр. Æмæ нозт та уæлдай æппæрццагæй æндавы сывæллоны организмыл.

Мадзалы раныхас кодта реабилитацион центр «Ныфс»-ы методикон хайады кусæг Наталья Орлова. Уый банысан кодта, сæ куыст фыццаджыдæр баст кæй у, царды зындзинæдты  æмæ цардуагон проблемæты аххосæй карз нозтыл чи ныххæцы, уыдонæн баххуыс кæнынимæ.

«Хъыгагæн, уынгты фæцæйцæугæйæ, арæх æвзонг адæймæгты фенын расыгæй, уыдон сæхи фæдарынц æнæмбæлонæй. Æз  реабилитацион центры кусын æхсæз азы æмæ уыцы рæстæджы бирæ æппæрццаг цаутæн сдæн æвдисæн. Бирæ хæттыты нæ кусджытæ мæлæтæй аирвæзын кодтой æвзонг адæймæгты. Бæдæйнаг сты ахуыргæнинæгтæ, ацы темæйыл мадзал кæй сарæзтой, уый тыххæй. Хъуамæ алы æвзонг адæймаг дæр йæхи хъахъхъæна ахæм æппæрццаг æндæвдадæй. Цард тынг вазыгджын у, æмæ дзы хъæуы хи бахизын алы æвзæрдзинæдтæй. Карз нозт адæймаджы фæиппæрд кæны царды хорздзинæдтæй, йæ цард свæййы æндæргъуызон, рæзгæ фæлтæр сæ хъус нал фæдарынц ахуырмæ æмæ ахæмтæн та сæ сомбон хорз никуы вæййы. Ацы темæйы фæдыл рæзгæ фæлтæримæ профилактикон куыст хъуамæ арæхдæр цæуа куыд сæ ныййарджыты, афтæ скъолаты ‘рдыгæй дæр», – банысан кодта Наталья Орлова.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.