Ацы аз ноябры мæйы 105 азы сæххæст зынгæ ирон политикон æмæ æхсæнадон архайæг, 21 азы дæргъы Цæгат Ирыстоны обкомы сæргълæууæг Хъæбæлоты Билары райгуырдыл. 100-азы юбилейы цытæн организацион комитеты уæнгтæ ралæууыдысты ахæм инициативæимæ, зæгъгæ, Ручъы тъунелæн лæвæрд æрцæуæд Хъæбæлоты Билары ном. Оргкомитеты уæнгты уыцы уынаффæ, æнæразыдзинад сæвзæрын кодта хуссарирыстойнаг æхсæнадмæ. Уый фæдыл газет «Южная Осетия»-йы фæрстыл сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæ дæр, зæгъгæ, кæд тъунелæн искæйы ном дæттын хъæуы, уæд æрмæстдæр зынгæ курдиатджын инженер Гаглойты Рутены ном. Уый, зæгъ, сорганизаци кодта фыццаг куыстытæ фæндаг саразыны тыххæй æмæ систы фидæны Транскамы бындур.

Æрæджы ацы фарсты фæдыл йæхи сæрмагонд хъæппæрисимæ ралæууыд меценат, æхсæнадон архайæг Лалыты Лева. Газет «Рæстдзинад»-ы йæ чысыл уацы сæйраг редактор Хозиты Барис фыста: «Лалыты Лев, хæрзæгъдаудзинады зиууон æнцой нæ зоны, æдзухдæр æй цыдæр хъуыдытæ сæ разæй скæнынц, æмæ сæ цалынмæ сæххæст кæны, уæдмæ удæнцой нæ зоны. Ныр та йæ хъæппæрис баст у дыууæ Ирыстоны чи иу кæны, уыцы фæндагимæ. Зындгонд хæрзгæнæджы фæнды, цæмæй тъунелы цæгаттаг бацæуæны æвæрд æрцæуой бюсттæ, йæ саразыныл зæрдиагæй чи бакуыста, уыцы разагъды лæгтæ — Гаглойты Рутен, Къоста, Плиты Иссæ æмæ Хъæбæлоты Биларæн. Левы фæнд у, чи хъæуы, ахæм. Фæлæ хорз уаид, нæ газеткæсджытæ — скульптортæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ Хицауады уæнгтæ сæ хъуыды куы зæгъиккой Ла-лыйы фырты хъæппæрисы тыххæй».

Не ’мбæстæгты ‘хсæн арæх рауайы быцæутæ, зæгъгæ, уæддæр Транскамы фæндаджы арæзтадмæ стырдæр хайбавæрд чи бахаста — Гаглойты Рутен æви Хъæбæлойы фырт.

Ноябры мæйы Хъæбæлойы фырты райгуырдыл сæххæст 105 азы æмæ зæрдыл æрлæууын кæнæм ацы паддзахадон архайæджы хъуыддæгтæ.

Æнæмæнг, Транскамы фæндаджы арæзтады егъау сты Билары лæггæдтæ, фæлæ, уæддæр æмæ уæддæр, фыццаг чи сдзырдта æмæ йын проекттæ чи сарæзта, уый уыд Гаглойты Рутен. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн фæндаг саразыны хъуыды йæ иунæг уысм дæр рох нæ уыд. 1921 азы Рутены политикон мотивтæм гæсгæ бахъуыд йæ райгуырæн бæстæйæ ацæуын æмæ фæсарæнты рæстæгмæ æрцæрын. 1922 азы Рутен йæ хæлар, зынгæ хирург Гаглойты Савимæ фыста: «æхсæвæй бонæй мæ хъуыдытæ мæ райгуырæн бæстæ, мæ радтæг адæм, мæ фыдæлты уæлмæрдтимæ сты…». Фæсарæнтæй æрвыста корреспонденци-æмдзæвгæтæ, кæцытæ мыхуыр цыдысты газет «Хурзæрин»-ы фæрстыл. Йе ’мдзæвгæтæ дæр фыст сты йæ радтæг адæмы æнусон бæллиц — фæндаджы тыххæй: «Уымæй фæстæмæ мæ зæрдæ, Карздæр цы хорзыл кæуы: Сихор куы хæрин æз Дзауы, ’Хсæвæр — Дзæуджыхъæуы!».

1928 азы сæрды Рутен æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Сæйраг Кавказы рагъыл цыбырдæр фæндаг саразыны тыххæй уыд йæ новаторон куыст «Осетинская перевальная шоссейная дорога». 1929 азы уац мыхуыр æрцыд журнал «Фидиуæг»-ы. Номхуындæй, Гаглойты Рутен æрæвæрдта бындур Ручъы фæндагæн. Сарæзта фæндаджы проекты цыппар версийы, Ручъы тъунелы динамитæй фыццаг срæмыгъд дæр йæхæдæг сарæзта (ныртæккæ кæм ис, уым нæ, фæлæ Ручъы хъæумæ æввахсдæр, цыран нæ уыдаид зæйтæ æрцæуынæй тасдзинад). Фæндаджы арæзтады куыстытæ цыдысты æнтыстджынæй, фæлæ урæд æрцыдысты, кæй йæ æрцахстой, уый аххосæй. 1937 азы Берияйы бацамынд-мæ гæсгæ, Гаглойты Рутены фехстой Тбилисы, куыд «адæмы знаг», афтæ.

Гуырдзыстоны хицауад æппæт гæнæнтæй дæр архайдта фæндаджы арæзтады ныхмæ. 1919 азы 26 марты газет «Кавказское слово»-йы уац «Опасный путь»-ы фыст уыдис: «Æнæхицау аргъуаны хицауиуæгад кæнын райдайынц хæйрæджытæ», — зæгъы гуырдзиаг æмбисонд. Ирæттæ уырыссæгтæн Гуырдзыстонмæ гом кæнынц ног дуæрттæ, фæлæ уыцы дуæртты дæгъæлтæ æвæрынц сæхи дзыппы. Ацы фæндаг Гуырдзыстоны дыууæ дихы фæкæндзæн. Цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ æруромын кæна Ручъы фæндаджы арæзтад”.

1961 азы августы Хъæбæлоты Билар сси партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь. Æппæт тыхтæй дæр архайын райдыдта республикæйы экономикæ сæндидзын кæныныл. Хъæбæлоты Билары номимæ баст сты Ирыстоны ахæм ахсджиаг цаутæ, куыд Дзæуджыхъæуы хъахъхъæнынадон заводты æнæхъæн комплекс, аэропорты, Ногдзауты галуан æмæ рогатлетикон манеж, стадион, республикон библиотекæ, Сæрдыгон театр æмæ бирæ æндæр ахсджиаг объектты арæзтад. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Ручъы тъунелы арæзтад. Йæ разамынды рæстæджы республикæйы экономикæ æмæ хъæууон хæдзарад дидин калдтой, бæрзонд æмвæзадыл уыдысты ахуырад, аивад, спорты къабæзтæ, уæгъдибар хъæбысхæстæй фæзындысты дунейы æмæ Олимпион хъæзтыты фыццаг чемпионтæ. Йæ архайды фæрцы дыууæ районон центры — Дигорæ æмæ Æрыдон райстой горæты статустæ.

Цæгат Ирыстоныл 40 азы сæххæсты цытæн республикæмæ фæхуыдтой Никита Хрущевы. Мæнæ цы фыста Хъæбæлойы-фырт йæ мысинæгты: «СЦКП-йы Централон Комитетмæ бацæттæ кодтон фыстæг, цыран уыд дыууæ фарсты: Республикæйы сырæзты 40-азы цытæн Цæгат Ирыстоны схорзæхджын кæнын æмæ æфцæгыл фæндаг саразыны фарст. Уыдтæн Министрты Советы Сæрдар И. Вороновмæ æмæ æндæр бæрнон адæй-мæгтæм, фæлæ уыдон, Хрущевмæ фыстæг радтын бахæс кодтой мæхицæн. Фембæлдтæн Л. Брежневимæ дæр, уæд уый нырма рæнхъон секретарь уыд. Уый мын бакаст мæ фыстæг æмæ мын загъта, цæмæй мæхæдæг бацæуон Хрущевмæ. Уыцы рæстæджы уагъд цыд Советон Цæдисы Уæлдæр Советы сесси æмæ мын Брежнев загъта, цæмæй йæм телефоны фæдзырдтаин сессийы куысты фæстæ. Æз æм фæдзырдтон æнафоны сессийы фæстæ, уый мын загъта, цæмæй бацыдаин Н. Хрущевы химæисæнуатмæ. Уым Хрущевмæ æнхъæлмæ кастысты зынгæ паддзахадон архайджытæ. Секретарь фехъусын кодта Хрущевæн ме ’рба-цыды тыххæй. Куы рахызт, уæд мæ иннæты разæй фæхуыдта Хрущевы кабинетмæ. Уый мын загъта, зæгъгæ, фыстæг мæ къухты уыд, фæлæ йын йæ мидисимæ нæ базонгæ дæн. Фыстæг кæсгæйæ-иу мæ Хрущев афарста: Плиты Иссæ сымахæй у? Хетæгкаты Георги сымахæй у? Мамсыраты Хадзы-Умар сымахæй у? (уыдоны хъæбатырдзинæдты тыххæй банысан кодтон мæ фыстæджы). Фыстæджы мидисимæ базонгæйы фæстæ мын загъта: «Политбюро аивта республикæйы сырæзты 40-азы фæдыл бæрæгбон. Æмæ Цæгат Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ Æфцæгыл фæндаджы фарст та у вазыгджын æмæ йæ хъæуы лæмбынæг сахуыр кæнын. Дыккаг бон мæ йæхимæ фæхуыдта Микоян. Уый мын фехъусын кодта, зæгъгæ, æхсæвы ист æрцыд уынаффæ уæ республикæйы уын Ленины орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй. Хорзæх радтынмæ уæм ацæудзæн йæхæдæг Никита Хрущев. Цæгат Ирыстонимæ зонгæ кæныны рæстæджы мын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ Хрущевы афарстон: „Æмæ æфцæджы фæндаджы тыххæй фарст та куыд уыдзæн?“ Уымæн йæ цæсгомыл фæзынд мидбылхудт æмæ мын сдзуапп кодта: „Куыд хинæйдзаг дæ, æмбал, Хъæбæлойы-фырт, ды афтæмæй Мджаванадзейы бын æвæрыс топпыхосæй йедзаг боцкъа“. Æз ын бамбарын кодтон фæндагæн æрмæст территориалон нысаниуæг кæй нæй, фæлæ йын кæй ис иумæйаг-цæдисон, экономикон æмæ стратегион сæйраг нысан. Хрущев сразы фæндаджы арæзтадыл, фæлæ Гуырдзыстонмæ йæ иу балцы рæстæджы йæ хъуыды фæивта, Мджаванадзе йæ куы срасыг кодта, уæд».

«Радон хатт та бацыдтæн Советон Цæдисы Министрты Советы Сæрдар С. Косыгинмæ. Уый мын фехъусын кодта, зæгъгæ, Ручъы фæндаджы арæзтады ныхмæ рацыд Гуырдзыстоны Министрты советы сæрдар Джавахишвили. Уый, зæгъ, фæндон бахаста Æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг среконструкци кæныны тыххæй. Фæлæ та мах ногæй ныффыстам Брежневмæ, фæндаг Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сиу кæндзæн экономикон æмæ этнографион æгъдауæй. Национ-политикон баиу кæныныл дзырд дæр нæ цæуы», — фыста раджы йæ мысинæгты Хъæбæлоты Билар.

1971 азы 16 ноябры Советон Цæдисы министрты совет райста уынаффæ 1973-75 азы фæндаджы арæзтадмæ æрæвналыны тыххæй. Фæлæ та фæндаджы арæзтады ныхмæ Брежневы номыл фыстæг æрæрвыста В. Мджаванадзе. Уый базонгæйæ та, Хъæбæлоты Билар активонæй райдыдта архайын проблемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл. Æппынфæстагмæ, Советон Цæдисы Коммунистон партийы Централон комитет уынаффæ рахаста фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уæд загъта Хъæбæлойы — фырт йæ зындгонд фразæ: «Этому хребту сломаем хребет».

Кæй зæгъын æй хъæуы, егъау у Билары хайбавæрд ацы гоймагæн Ручъы фæндаджы арæзтадмæ, фæлæ егъау у йæ хайбавæрд Гаглойты Рутенæн дæр æмæ уый рохгæнæн нæй. Стæй дæр, Гаглойы фырт йе ’взонг цард ацы фæндагæн снывонд кодта. Мæнгæй йæ нæ хонынц Рутены тъунел. Фæлæ ныр Лалыты Левæйы хъæппæрис, ома, Гаглойты Рутен, Къоста, Плиты Иссæ æмæ Хъæбæлоты Биларæн цæгаттаг бацæуæны бюсттæ сæвæрыны тыххæй, уый, æвæццæгæн, уыдзæн иууыл растдæр фæндон. Уымæн æмæ Хъæбæлоты Билар йæ радтæг адæмы æцæг патриот куы нæ уыдаид, уæд, чи йæ зоны, царды фæнда-джы хъысмæт куыд уыдаид.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды æмæ 2008 азы августы хæсты рæстæджы ацы фæндаг ирон адæмæн ссдаг. Царды фæндаджы фæрцы, мæлæтæй аирвæзтысты мингай адæймæгтæ. Цæгат Ирыстонимæ нын ис транспортон бастдзинад. Гæнæн ис фидæны ТрансКАМ райса транзитон транспортон къæлидоры статус дæр. Чизоны дзы арæзт æрцæуа æфсæнвæндаг дæр. Хуыцау зæгъæд!

Хорз уаид Лалыты Левайы хъæппæрисы фæдыл сæ хъуыдытæ куы зæгъиккой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны бæрнон æмæ хуымæтæджы адæймæгтæ дæр. 36 азы кусы транскам, афон у аскъуыддзаг кæнын ацы фарст.

Джиоты Екатерина