Уæрæсейаг Финансон университет бафарста, Уæрæсейы 250 минæй фылдæр кæцы горæтты цæры, уыцы бынæттон цæрджыты, æмæ сæ дзуаппыты бындурыл сарæзтой рейтинг. Мадзал нысанмæздæхт у, цæмæй сбæрæг кæной, хуыздæр кæм цæрынц, уыцы горæттæ. Дзуаппытæ бахынцгæйæ фыццаг бынæттæ бацахстой Сочи, Мæскуы, Санкт-Петербург, Севастополь, Краснодар, Грозный, Екатеринбург, Калуга, Ростов-на-Дону, Тюмень, Нижневартовск, Сургут, Новороссийск æмæ Тула.

Бынæттон цæрджытæм дæттой ахæм фарстатæ – «дæ цард комфортон у?», «дæ фæрныгадæй райгонд дæ?», «дæ бон у хæдзар балхæнын?», «медицинон лæггæдтæй райгонд дæ?», «сыгъдæг уæлдæфæй улæфыс?» æмæ афтæ дарддæр.

Мæскуыйы цæрджытæ райгонд сты царды æмвæзадæй, культурон æргъæдтæ фенын сын æнцон у, фæлæ сын амалиуæггæнæджы куыст райдайынæн уавæртæ нæй, цæрæнуатон-коммуналон службæйы сæм зын ссарæн у куысты бынат. Хæдзар балхæнын иууыл æнцондæр у ахæм горæтты цæрджытæн, куыд Мурманск, Липецк, Пенза, Воронеж, Саратов, Брянск, Владимир, Сургут, Курган, Тюмень æмæ Севостополы. Материалон фæрныгад иууыл бæрзонддæр у Мæскуыйы, Санкт-Петербургы, Сочийы, Краснодары, Екатеринбургы, Ярославлы, Ростов-на-Донуйы æмæ Новороссийскы цæрджытæн.

Цæрджыты деструктивон уагахаст хынцæгæйæ та, ома æмæбæстæгты æнцойад кæм хуыздæр цæуы хъахъхъæд, фыццаг бынæттæ бацахстой горæттæ Грозный, Дзæуджыхъæу, Махачкала, Севостополь, Калининград, Пермь, Тюмень, Череповец æмæ Сочи. Фарон ма Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой премийæ ахæм номинацийы «Лидер по качеству экологической среды».

Иумийагæй сисгæйæ, Дзæуджыхъæу райста 69 баллы æмæ æрцахста 24-æм бынат. Фаронмæ абаргæйæ рейтингы бынат фæбындæр, фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ дзы царды уавæтæ февзæрдæр сты – иннæ горæттæ егъау темптæй ацыдысты размæ. Иууыл ахсджиагдæр проблемæйыл дзы цæрджытæ банымадтой, хæдзар дзы зынаргъ кæй у, уый. Стæй ма царды æмæ ахуырады æмвæзад, медицинон лæггæдтæ æмæ культурон уагдæттæм бацæуыны фадæттæ банымадтой проблемоныл. Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ сæм иууыл бæрзонд мыздтæ исынц æрмæстдæр паддзахадон службæгæнджытæ.

Ацы бафарст ма рабæрæг кодта, уæрæсейæгтæ иууыл тынгдæр цæуыл тыхсынц, цахæм сты сæ проблемон фарстатæ, уый. Уыдонмæ хауынц – бизнес саразыны уавæртæ, фæндæгты æдзæллаг уавæр, хæдзæртты аргъ æмæ экологи. Ӕвæццæгæн, бæстæйы къухдариуæгад бахынцдзæн ацы проблемæтæ æмæ сæм фылдæр хъусдард аздахдзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.