2016-05-07
Previous Post: Фотокъамтæ. № 54
Next Post: Сæрмагонд хъусдард — фæсивæды проблемæтæм
Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгты, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады къорд кусæджы схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ сын радтой сæрмагонд нæмттæ. Уæлвæткон уавæрты пресс-службæйы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй схорзæхджын кæныны церемони арæзт æрцыд ведомствойы сырæзтыл 15 азы сæххæсты цытæн. «Министр Гассеты Ибрагимы бардзырдмæ гæсгæ, сæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны тыххæй Уæлвæткон уавæрты министрады
7-æм сентябры Дзауы кино-концертон залмæ æрбацыд бирæ адæм. Се хсæн уыдысты районы администрацийы кусджытæ, скъолаты ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ поселочы цæрджытæ. Уыдон фембæлдысты Хуссар Ирыстоны æфсæддон æмæ хæстон архайдтыты ветеранты Советы уæнгтыл. Фембæлд байгом кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Уыдон ирон тырысаимæ цы кафт сæххæст кодтой, уый тынг фæцыд сценæмæкæсджыты зæрдæмæ.
18-æм августы изæрæй паддзахадон драмон театры сценæйыл «Симд»-æн сæ улæфты фæстæ уыд фыццаг солон концерт æмæ йæм æрбацыдысты ирон аивадæн табугæнджытæ. Ансамбль хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджыты рæгъмæ радон хатт рахастой сæ репертуарæй 20 хореографион æмæ хорон номырты. Артисттæ аив сæххæст кодтой «Симд», «Хонгæ», «Зилгæ кафт», «Хохаг кафт», «Цæцæйнаг кафт», «Абхазаг» æмæ æндæр кæфтытæ. Концертон программæ рауадис тынг
Президент Гаглойты Алан хайад райста Централон æвзарæн къамисы уæнгтæн паддзахадон хорзæхтæ радтыны цытджын церемонийы. Уый банысан кодта РХИ-йы Президенты æвзæрстытæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны хъуыддагмæ Централон æвзарæн къамисы кусджыты стыр хайбавæрд. «Республикæйы сабырад æмæ стабилондзинад бирæбæрцæй баст у сымахыл – Централон æвзарæн къамисы кусджытыл. Бузныг уын 2022 азы президентон æвзæрстытæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны куысты
© 2023 Xurzærin
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.