Æрæджы Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæрттæ Евроцæдис, ЕÆÆО æмæ ИНО-йæ. Балцы нысан уыд, Женевæйы радон 36 раунды цы фарстытыл дзырд цæудзæн, уыдонмæ бацæттæ кæнын. Хуссар Ирыстонæй дискусситы хайадисджытимæ фембæлды рæстæджы Постконфликтон фарстатæ бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат уазджытæн раарфæ кодта Президент Тыбылты Леониды номæй. Банысан кодта, зæгъгæ, Женевæйы дискусситы раз цы хæстæ ис, уыдон сты ахсджиаг æмæ актуалон.

«Нæ бæстæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, Женевæйы дискусситæ сты ахсджиаг формат, уымæн æмæ уыцы дунеон фæзуатыл Хуссар Ирыстонæн фадат ис æмæ æвдиса йæ позици. Æдасдзинад Хуссар Ирыстонæн у ахсджиаг, уымæн æнхъæлмæ кæсæм дискусситæм дæр. Президент Тыбылты Леониды цæст нын бауарзта дискусситæм бацæттæ кæнын æмæ радон раунды дæр æнтыстджын куыст», – дзырдта Джиоты Мурат.

Дарддæр уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ регионы æдасдзинады фарстытæ сты фыццаградон, уымæн æмæ Гуырдзыстон ныры онг дæр йæ къух не рбафыста, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæн, уыцы юридикон бæрнджын документыл. Уымæй дарддæр Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы иумиаг æфсæддон ахуыртæн хуссарирыстойнаг фарс аргъ кæны, куыд æгас регионы æдасдзинадæн тæссагдзинад, афтæ.

Джиоты Мурат ма фæсарæйнаг организациты минæвæрттæн радзырдта 1992 азы 20 майы Зары трагедийы тыххæй: «Æрвылаз дæр 20 май Ирыстонæн у Мысæн æмæ хъыджы бон, уыцы бон мысæм Зары трагеди æмæ æндæр трагедиты  амæттæгты. Абоны онг дæр Гуырдзыстоны бирæ азты агресси Хуссар Ирыстоны ныхмæ нæ райста æмбæлон дунеон тæрхон.

Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон стыр ныфс æвæры женевæйаг дискусситæй. Йæ хæстæ сты ахсджиаг æмæ ирд – æдасдзинад хъахъхъæнын æмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон бæрнджын документыл къухтæ æрфыссын» – дзырдта уый.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сабырад æмæ æдасдзинады фарсты Женевæйы дискусситæн ис ахсджиаг нысаниуæг.

«Ивгъуыд раунды мах бакодтам конструктивон куыст, уыдис ын позитивон фæстиу-джытæ. Мах цæттæ стæм дарддæр дæр нысанмæздæхтæй фарстытыл кусынмæ», – банысан кодта уый.

Фембæлдæн фæстиуджытæ аразгæйæ, женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Джиоты Мурат афтæ радзырдта:

– Фыццаджыдæр, æрдзырдтам Хуссар Ирыстоны æдасдзинады фарстытыл, уым ис куыд политикон, афтæ юридикон бæрнон характеры къорд фарстытæ. Нæ коллегæтимæ нын ис æмбарынад уыцы здæхты æмæ нын радон раунды хъуамæ уа цымыдисон бадзырдтытæ. Æдасдзинадимæ ма баст сты гуманитарон фарстытæ, кæцытæ мах æвæрæм æмæ æвæрдзыстæм. Уыдоныл дзырд цæуы, куыд фыццаг кусæгон къорды, афтæ дыккаджы дæр. Уый у Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл куыст.

Гуырдзыстон хъуамæ бæрндзинад хæсса нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæты тыххæй.

Ныфс нæ ис, æмæ, 2008 азы æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфтысты, уыдон фарсты фæдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы куыст æмæ дунеон организациты куыстæн кæй уыдзæн фæстиуджытæ æмæ æввахс рæстæджы кæй рабæрæг уыдзæн æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт, кæцытæ, хатдзæгтæм гæсгæ, уыдысты гуырдзиаг къухдариуæггæнджыты къухты.

Нæ тыхстдзинад ма равдыстам Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æфсæддон ахуырты фæдыл, уыдон æвзæрын кæнынц комкоммæ тæссагдзинад. Уымæн æмæ уыцы мадзæлттæй Гуырдзыстон пайда кæны æргом æртхъирæнтæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæн, уыцы фарст ахсджиаг у æмæ радон раунды ууыл дзырд цæудзæн интенсивонæй. Сабырад æмæ фидыдад сты дискусситы сæйраг хæс. Уый вазыгджын фарст у, фæлæ йыл кусын хъæуы, æмæ Зальберы хъуыдымæ гæсгæ хъæуы ноджыдæр бафидар кæнын æууæнкдзинад.

Куыд ма загъта, уымæ гæсгæ йæ ныфс ис æдасдзинады фарстатыл æнтыстджын куыст кæй бакæндзысты, æрцæугæ инциденттæн аргъ скæндзысты. Уыцы здæхты куыст ныридæгæн райдыдта æмæ дарддæр дæр кæндзæн.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер æвæрццаг аргъ кæны Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты фæлгæтты куыстæн. Йæ хайадисджытæ, зæгъгæ, сты профессионалон æмæ бæрзонд квалификациджын. Механизмты фыццаградон хæс у, уæвæг проблемæтæ æрбæстон кæнын, уыцы нымæцы Тирипоны донхæры доны фарстыл бакусын.

«Уымæй дарддæр ма кусæм ахст æмбæстæгты ссæрибар кæныны фарстыл. Сæрмагондæй, æз архайын Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты  фарстыл, кæцытæ фесæфтысты 2008 азы 10 октябры. Æз фембæлдтæн уыдон хиуæттимæ, æмбарын сын сæ рыст æмæ архайæм, цæмæй сæ бæрæг базонæм».

ИНО-йæ æмсæрдар Антти Турунен куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Женевæ у ахæм фæзуат, цыран дзырд цæуы конкретон фарстытыл, æмæ йын ис хорз фидæн дæр.

Хуссар Ирыстоны культурон бынтæй иу иконæ-триптих абоны онг дæр йæ историон хицæуттæм нæма раздæхта гуырдзиаг фарс. Уый фæдыл Турунен афтæ загъта, зæгъгæ, нæ ныфс ис, æмæ уыцы фарст æвæрцца-гæй кæй аскъуыддзаг уыдзæн.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.