Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид фембæлд 1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды къухдариуæггæнæг Плиты Мадинæимæ.

Фембæлды райдиан Тыбылты Леонид раарфæ кодта Плиты Мадинæйæн йæ райгуырæн боны цытæн, загъта йын бирæ цæрæнбонтæ æмæ агрессорæй йæ адæмы хъахъхъæнгæйæ цы адæймæгтæ фæцæфтæ сты, уыдонимæ куысты стыр æнтыстыты фæндиæгтæ.

«Ды уыцы адæймаг дæ, кæцы сын у ныфс æмæ кæрæдзимæ æввахс кæны уыцы лæппуты. Ды æрбаиу кæныс иумиаг нысанæн, дæ алыварс цы адæм ис, уыдоны, æмæ уыцы иудзинады принцип хъуамæ уа нæ куысты æмæ не ‘хсæнады царды сæйраг нысан», – загъта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, фехъуыста сæ коллегæты фæхуындмæ гæсгæ Мæскуымæ фонды минæвæртты балцы тыххæй.

«Мах нæ хъус дардтам уæ фембæлдтытæм æмæ хъуыстам уæ раныхæстæм. Æхсызгон мын у, уæ коллегæтæ уæ кæй нæ рох кæнынц æмæ уæ ахсджиаг мадзæлттæм кæй фæхонынц, уый. Алы сферæты дæр уæрæсейаг коллегæтимæ бастдзинæдтæ рæзын æмæ фидар кæнын хъæуы, уыцы нымæцы уæхи здæхты дæр. Мах нæ фидæн æнæ Уæрæсейы Федерацийæ нæ уынæм,  æмæ  цас æнгомдæр уой нæ бастдзинæдтæ, уыйас хуыздæр у» – бахахх кодта Тыбылты Леонид.

Йæ рады Плиты Мадинæ бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн, йæ архайдæн ын стыр аргъ кæй кæны, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хæсты рæстæджы æфхæрд цы лæппутæ баййæфтой, уыдонæн республикæйы къухдариуæгад кæй æххуыс кæны, уый тынг ахсджиаг у.

«Афтæ вæййы, æмæ махæн, уæззау хъысмæты адæймæгтæн, кæд цæуын алыхатт зын вæййы, нæ ныхас та – уæззау, уæддæр нæхи хатæм амондджынæй, уымæн æмæ нæ фыдæбон æнæхъуаджы нæ фæцис æмæ абон мах цæрæм сæрибар, хæдбар паддзахады», – банысан кодта Плиты Мадинæ.

ОООИВА «Инвалиды войны»-йы 25 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны сæраппонд Мæскуымæ сæ балцы тыххæй Фонды къухдариуæггæнæг йæ тæл-мæнтæ радзырдта Президентæн.

«Мах уæлдай хъармдæрæй райстой. Юбилейон боны цытæн  конференцийы хайад райстой 70 регионæй фылдæры минæвæрттæ, ныхасы бар та лæвæрд æрцыд æрмæстдæр 21 минæварæн, уыцы нымæцы махæн дæр», – загъта уый.

Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, Фонды бастдзинæдтæ бонæй-бон уæрæхдæр кæнынц.

«Æрæджы нæм фæдзырдтой нæ коллегæтæ Сербийæ, уыдон фæндон бахастой, цæмæй немæ æмгуыст кæной», – йæ ныхасы кæрон загъта Плиты Мадинæ.

Тыбылты Леонид банысан кодта ахæм æмгуыстады ахсджиагдзинад æмæ загъта, зæгъгæ, ныридæгæн республикæйæн сербæгтимæ  ис бæрæг контакттæ иуæй-иу сфе-рæты.

Фембæлды кæронбæттæны Президент бузныг загъта Плиты Мадинæйæн йæ активон куыст æмæ Райгуырæн бæстæйæн йæ лæггады тыххæй.

РХИ-йы Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.