Æрвылаз дæр августы мæйы кæрон Сырх Дзуары  æхсæнадæмон комитет ауадзы æмзæрдæдзинады акци, æбæрæгæй чи фесæфт,  уыдоны бинонты хиуæтты хайадистæй. Ацы аз дæр та уагъд æрцыд ахæм мадзал.

Акци уагъд æрцыд кафе «Vincenzo»-йы кæрты, сæрдыгон верандæйы. Ардæм æрбацыдысты лæгæй-лæгмæ сæ чи зыдта, абон дæр ма сын се ‘рбацыдмæ чи æнхъæлмæ кæсынц, уыцы адæймæгтæ.

Æбæрæгæй сæфджыты бинонты сывæллæттæн ам байгом сфæлдыстадон æрмадз. Ардæм æрбацæуæг сабитæ архайдтой, сæ бинонтæй æбæрæг сæфтыты фæлгæндзтæ саразыныл.

Мадзал байгом кодта нæ горæты Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитеты сæргълæууæг Ашот Астабацян.

«Æрвылаздæр сæрды кæрон, 30-æм августы, мах бацæттæ кæнæм Æхсæнадæмон информацион агентад «Sputnik»-имæ æбæрæгæй фесæфджыты бинонтимæ æм-зæрдæдзинады æмуддзинады мадзал. Ацы бон мах мысæм, цалдæр азы сæ бинонтæ æмæ се ‘ввахс хиуæттæ кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдонмæ».

Æбæрæгæй фесæфджыты комитеты сæргълæууæг Куыдзеты Лидæ стыр бузныг загъта Сырх Дзуары дунеон комитетæн сæ хъусдарды тыххæй, азæй-азмæ уыдон дæр æбæрæгæй сæфт адæмы бинонтимæ иумæ кæй тыхсынц æмæ архайынц исты информаци базоныныл: «Стыр бузныг уæ стæм, æппынæдзух нæ фарсмæ кæй стут! Стыр куыст кæны уæ комитет, цæмæй нæ сæфт адæймæгтæ разыной, фæлæ хъыгагæн, уыдонæй бирæтæй абон дæр ницыма хъуысы. Мах, бафæлладыстæм æнхъæлмæ кæсынæй, фæлæ сымах фæрцы нæ къухтæ нæма æруагътам», – дзырдта Куыдзеты Лидæ.

Æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты бинонтæ сæ зæрдиæгты мысгæйæ, нæ урæдтой сæ цæстысыгтæ. Уыдонæй сæ иу, Сиукъаты Юзæ загъта: «Мæ хъæбулыл цыд 26 азы, 1991 азы куы ‘рбайсæфт, уæд. Мæнмæ цы бæрæггæнæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ уый ныгæд ис Мцхетайы. Фæлæ уыцы бынаты куы скъахтой, уæд уым ницы разынд. Æз ын йæ сыджыты хай рахицæн кодтон нæхи уæлмæрды, цырт дæр ыл сæвæрдтон, æнхъæлмæ йæм кæсдзынæн, цалынмæ мæхæдæг дæр нæ амæлон, уæдмæ…»

Уый фæдыл ын Ашот Астабацян афтæ загъта: «Хъыгагæн, йæ хъыс-мæт сбæлвырд кæнын у дæргъвæтин процесс, домы бирæ рæстæг. Уым арæзт æрцæуы индентификаци. Махæн хорз ахастытæ ис уæ республикæйы разамынадимæ, уымæ гæсгæ нæ разы ницы цæлхдуртæ вæййы. Фæнды мæ спайда кæнон уавæрæй æмæ дзыллон информацион фæрæзты руаджы фехъусын кæнон адæмæн, цæмæй сæм æгæрыстæмæй, кæд чысыл исты зонæнтæ ис, уæд æрбацæуой Сырх Дзуары комитетмæ. Махæн чысыл информаци дæр вазыгджын у».

Мадзалы ма раныхас кодтой Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ Фæсконфликтон бæстонкæнынады фæдыл президенты æххæстбарджын  Джиоты Мурат.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Республикæйы территорийыл 1989 азæй 2008 азмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон нымæц у 132 адæймаджы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.