Куыстуарзаг сты Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрджытӕ Санахъоты Валери ӕмӕ Габуты Зауыр. Уыдон хорз базилынц сӕ хӕдзаргӕрон зӕххыты фадгуытӕм, бинонтӕ дзы байтауынц хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕ, базилынц сӕ дыргъбӕлӕстӕм дæр ӕмӕ сӕ ӕрзайын кӕнынц хорз тыллӕг. Уымӕй дарддӕр ма ацы дыууӕ куыстуарзаг нӕлгоймаджы ныр цалдӕр азы ӕхсӕнадон хӕдзарады зӕххы байтауынц ӕфсирон культурӕтӕ ӕмӕ сӕ тыллӕгӕрзад вӕййы бӕркадджын. Фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты ацы азы уалдзӕджы дӕр ӕмӕ сын марты фыццаг бон уалдзыгӕнд мӕнӕу байтауын бантыст 14 гектары, дыууӕ гектары та байтыдтой хъӕбӕрхоры культурӕ. Нӕ фӕтыхстысты тауинагыл, уымӕн ӕмӕ дзы уымӕй размӕ тыллӕгӕй нывӕрдтой хӕрзгъӕд мыггаг дӕр. Зӕххы фадыг сын бахуым кодта æмæ байтыдта механизатор Тыджыты Валик. Зӕгъын хъӕуы, хуым кӕнын ӕмӕ тауыны куыстытæ ацы дыууӕ куыстуарзаг фӕллойгӕнӕгӕй раздӕр ничи райдыдта. Кæд сын боныгъæд сæ къух нæ арæзта, уӕддӕр бӕркадджын рауад сӕ тыллӕгӕрзад. Цӕвиттон, уалдзыгӕнд мӕнӕу ӕдӕппӕт бафснайдтой 25 тоннӕйы, дыууӕ гектары хъӕбӕрхоры хуымӕй та райстой 4 тоннӕйы. Кӕрдынмæ сӕм фӕкастысты «Агросервис»-ы Уелиты хъӕуы бригадӕйы комбайнертӕ.

Холладжы тыхтӕттӕ бафснайдтой 400 иуӕджы, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ма сын ноджыдӕр бафснаинаг ис 600 тыхтоны бæрц. Пресс кӕныныл сын кусы Кокойты Дима.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.