«Мах уый афтæ нæ ныууадздзыстæм». Æввахсдæр æмцæдисон Киевæн раразмæ кодта ультиматум.
Ацы бонты Польшæйы хъахъхъæнынады министр Владислав Косиняк-Камыш телеканал Polsat-ы фехъусын кодта, зæгъгæ, Украинæ Евроцæдисмæ нæ бацæудзæн, цалынмæ «волынаг фарст» скъуыддзаг æрцæуа, уæдмæ. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, Польшæ Украинæйы æвварс хæцы «цас гæнæн ис, уыййас».

1943 азы февралы мæйы украинæйаг националисттæ   райдыдтой Волыны польшæйаг цæрджыты куынæг кæныны фæдыл операци. Куынæггæнæг операцийы кульминаци ссис 1943 азы 11-æм июль. Уæд националисттæ  Волыны областы сатакæ кодтой 150 цæрæн пункты бæрц. Операцийы амæттæгтæ систы 100 мин сабыр цæрæгмæ æввахс, сæйраджыдæр сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ зæрæдтæ. Ацы цау райста «Волынская резня»-йы ном. 2016 азы Польшæйы парламент 11-æм июль сфидар кодта геноциды амæттæгты мысынады национ бонæй. Украинæйы Уæлдæр Радайы депутаттæ се ‘нæразыдзинад  равдыстой ацы уынаффæйы фæдыл, зæгъгæ, уый тæссаг у дыууæ бæстæты политикон æмæ дипломатон ахастытæн.

Æрмæст иу бонмæ, ома 1943 азы 11-æм июлы украинæйаг националисттæ амардтой 8 мин польшæйаджы. 1943 азы 11-æм июль историмæ бацыд «Тугæйдзаг хуыцаубонæй». Волыны УПА-йы архайдтытæ Варшавæ официалонæй геноцидыл банымадта 2016 азы.

«Нæ уыдзæн гом арæнтæ, нæ уыдзæн базарад æмбæлон æмвæзадыл, цалынмæ волынаг фарст аскъуыддзаг кæнæм, уæдмæ. Мах æнæ аскъуыддзаггæнгæйæ ма хъуамæ ныууадзæм æнæбайгасгæнгæ хъæдгомы», – загъта Владислав Косиняк-Камыш.

Польшæ Украинæйæн нæ хатыр кæны. Украинæйы та хатыр курын нæ фæнды

80 азы фæстæ Зеленский йæ къух æрфыста УПА-йы раздæры боевиктæн пенсион бафыстытæ бафидыны тыххæй закъоныл. Киевы централон проспекттæй иуæн радтой Бандерайы ном. Польшæйаг дзыллон информацийы фæрæзтæ басастысты, зæгъгæ, Варшавæйы бирæ азты дæргъы нæ хатыдысты украинæйаг национализмы рæзт. 2015 азы апрелы Украинæйы Рада райста закъоны проект УПА-йы реабилитацийы тыххæй, йæ хæстонты йын юридикон æгъдауæй банымадтой «сæрибардзинады сæрыл тохгæнджытыл». «Уый уыд æхсæрфарсы цæфы хуызæн амæттæгтæ æмæ сæ бинонтæн, уыдонæн абоны онг дæр сæ бон нæу аккагæй сæ фыдæлты баны­гæнын», – фыссы польшæйаг историк æмæ политолог Пшемыслав Прекель.

Польшæйы президент Анджей Дуда трагедийы амæттæгты мысынады 80 азы сæ­рап­понд Зеленскиимæ Луцкы куы уыд, уæд официалон æгъдауæй хатыр дæр нæ ракуырдта. Польшæйаг дипломаттæ дзы домдтой, цæмæй сæхи аххосджыныл банымайой, фæлæ уый æрмæстдæр ссардта амæттæгты ном.

Украинæйы амæттæгты эксгумаци 2017 азæй фактон æгъдауæй урæд æрцыд. Иу азæй фылдæр Варшавæйы æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй сын киеваг хицауад бар радта Пужникты куыстытæ райдайынæн. Уым 2023 азы августы ссардтой польшæйæгты дзыллон æгъдауæй кæм баныгæдтой, ахæм бынат. Польшæйаг журналисттæ банысан кодтой, зæгъгæ, Киев барæй ивазы хъуыддаг.

Польшæйы Домоставы сæрмагонд æхсæнадон комитет байгом кодта цырт Волыны амæттæгтæн. Цырты цур сараздзысты Мысæн къул. Уым сæвæрдзысты мемориалон фæйнæджытæ полякты ныхмæ дзыллон фыдракæндтæ кæм æрцыд, уыцы бынæтты нæмттимæ. Уый фæдыл Польшæйы украинæгты цæдисы сæргълæууæг Мирослав Скурка фæаххосджын кодта полякты, зæгъгæ, «сæ нæ фæнды трагеди ферох кæнын æмæ спек­такль сарæзтой æнæуынондзинад фæтыхджындæр кæнынæн».

Польшæйы раздæры премьер-министр Лешек Миллеры ныхæстæм гæсгæ, Волын æмæ Скæсæн Галицийы æгъатырæй полякты амарыны цауты тых­хæй зæрдыл дарын хъæуы æрмæст геноциды факты тыххæй нæ фæлæ, фыццаджыдæр Украинæйы ОУН, УПА æмæ «Галичина»-йы СС дивизийы фыдгæнджытæй хъайтартæ кæй аразынц, уый тыххæй. Экс-премьер банысан кодта, зæгъгæ, дзырд  хæсты рæстæджы «нæ сыхæгтæ» цы арæзтой æрмæст ууыл нæ цæуы, фæлæ абон цы аразынц, ууыл дæр. Абон уыцы марджытæ Укра­инæйы систы хъайтартæ, æмæ национализм та – официалон тренд», – загъта уый.

Польшæ, Венгри æмæ Румыни  сæхи цæттæ кæнынц Ныгуылæн Украинæйы   сæ раздæры зæххытæ байсынмæ. Официалонæй ацы æртæ бæстæйы нæ раразмæ кодтой Киевмæ сæ территориалон домæнтæ. Фæлæ Украинæ ныгуылæйнаг зæххытæ  куыд райста, уый  тынг хорз зонынц. Уыимæ ацы территориты цы адæм цæрынц, уыдоны фæнды сæ историон райгуырæн бæстæмæ  фæстæмæ æрбаздæхын.

Ивгъуыд аз октябры мæйы Румынмæ йæ балцы рæстæ-джы Зеленскийæ æрдомдтой румынаг зæххытæ раздахын. Румынаг сенатор Диана Шо-шоакэ 10-æм октябры парламенты украинæйаг делегацийыл сæмбæлд румынаг зæххытæ нысан кæм сты, ахæм картæимæ. «Нацист, раздах нын нæ зæххытæ», – хъæр кодта уый. Уый фæстæ Киевы хицауад сенаторы бахастой «Миротворец»-ы базæмæ, зæгъ­гæ, политик тæссаг у Украинæйы национ æдасдзинадæн.

Уæрæсейы цæстæнгас уавæрмæ

Путин куыд банысан кодта, афтæмæй æрмæстдæр Уæрæсе у Украинæйы территориалон æнæхъæндзинады гарант. «Нæ сæ фæнды, уæд хорз. Истори алцыдæр йæ бынаты сæвæрдзæн. Мах сæ нæ фæхъыг кæндзыстæм, фæлæ нæхиуæтты дæр нæ ратдзыстæм», – банысан кодта уый.

Фæлæ Бандерайы фæдонтæн афтæ тынг райхъал сæ фашистон туг æмæ йæ нал æмбарынц хæлар æмæ сын знаг чи сты, уый. Польшæ æмæ Украинæ кæд кæрæдзийæ сæ удхæссæг уынынц, уæддæр схæлар сты, иумæйаг знаг – Уæрæсейы ныхмæ. Æмæ ахæм «хæлардзинад» та бирæ нæ ахæссы.

Польшæйы президент Анджей Дуда Украинæмæ йæ визиты рæстæджы Зеленскийыл афтæ атыхстис, раст æй цыма йæ хъæбысы ныххурх кæнынмæ хъавыд. Æвæццæгæн, Дуда Зеленскийы йæ хъæбысы нылхъивгæйæ, уыдта Львов æмæ Ныгуылæн Украинæйы Польшæйы сконды.

Украинæйы националисттæ польшæйæгтæн цы геноцид сарæзтой, уый сæ никуы ферох уыдзæн. Ахæм фыдракæндтæн рохгæнæн нæй. Мæнæ Хуссар Ирыстоны адæмæй гуырдзыйы цалдæр геноциды куыд никуы ферох уыдзысты, афтæ. Ахæм æвирхъау цаутæ цæрæнбонтæм баззайынц туджы мæцгæ хъæдгæмтты хуызæнæй…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.