Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги куыд фехъусын кодта, афтæмæй, милицийы кусджытæ Гатыгкоты Захар æмæ Пухаты Сослан сты уæззау стабилон уавæры.

«Мах архайæм æппынæдзух, цæмæй рынчынты æнæниздзинад фæхуыздæр уа. Нæ дохтыртæ æхсæвæй-бонæй сты сæ уæлхъус æмæ контроль кæнынц рынчынты уавæр алыварсонæй дæр. Цыдæриддæр саразæн ис нæ рынчындоны сæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн, уыцы мадзæлттæ иууылдæр ист цæуынц. Хъыгагæн, сæ уавæр нырма у уæззау, фæлæ – стабилон», – банысан кодта Тотчиты Георги.

Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управленийы уголовон фæдагуырды кусджытæ Гатыгкоты Захар æмæ Пухаты Сослан æхсæнгарзæй цæфтæ райстой 16-æм июлы Цхинвалы районы Залдайы хъæуы. Сæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ, милицийы кусджытæ æнæнхъæлæджы бамбæлдысты Къæбысты Андрей æмæ Гæбæраты Сæрмæтыл, кæцытæ æм-бæхстысты милицийæ фыдракæндтæ саразыны фæстиуæгæн. Фыдгæнджытæ æхсæнгарзæй  фехстой милицийы кусджыты  æмæ сын стæй бантыст сæхи бааууон кæнын. Республикæйы æппæт тыхон структурæтæ сæ æрцахсыны фæдыл райстой æппæт мадзæлттæ, фæлæ фыдгæнджытæ, хъыгагæн, аирвæзтысты Хуссар Ирыстоны территорийæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.