Нæ горæт йæ раздæры фидыцджын хуыз кæй исы, уым дзæвгар ис цæрæнуатон-ком-муналон хæдзарады управленийы уæзгæ хайбавæрд дæр. Куыстуатæн арæхстджын разамынд кæны йæ хистæр Тыбылты Геннади, æмæ йæ дæлбаруæвæг кусджытимæ архайынц, сæ разы цы ахсджиаг сæвзæргæ хæстæ фæлæууы, уыдон, гæнæн уæвгæйæ, рæстæгыл æмæ гъæдджынæй ахицæн кæныныл. Управленийæн ивгъуыд хæдзарадон аз дæр дзæвгар куыстытæ сæххæст кæнын бантыст, æмæ уый фæстиуæгæн бæстон æрцыдысты цæрджыты иуæй-иу фарстытæ, стæй дæр хуыздæрæрдæм бандæвтой нæ горæты иумиаг рæсугъддзинадыл. Разамонæг куыд банысан кодта, афтæмæй сын ивгъуыд аз уыд тынг фæстиуæгджын, сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ кастысты бæрндзинады цæстæй. Чи дзы фæллой кæны, уыдон сты сæ хъуыддаджы арæхстджын кусджытæ, æмæ сæ бакæнгæ куыст дæр вæййы гъæдджын. БАМ-ы районы æмдзæрæндоны 59 рудзынджы раивтой пластиконтæй, ахæмтæй ма раивтой бæстыхайы бахизæн æмæ рахизæн дуæрттæй дæр цалдæры. Кæронмæ сæххæст кодтой ныккæнды доны хызæгтæ дæр. Иумиаг хатæнты къахæвæрæнты бакодтой сантехникон куыстытæ, асыгъдæг кодтой канализацион хахх æмæ йын фæткмæ æркодтой йæ территори дæр. Ахæм æнæмæнгхъæуæг куыстытæ ма ахицæн кодтой, Гуыбаты уынгыл цы æмдзæрæндон ис, уым дæр.

Цæрджыты иу хай тынг фæтыхсынц, сæ уæлхæдзæрттæ рæстмæ æмбæрзт кæй не ‘рцыдысты, мæгуырау боныгъæдты дзы къæвдайы дон кæй фæцæуы, уый тых-хæй. Сæ рæстагон домæн сын æмбары хæдзарады разамынад æмæ бацархайынц уыдон æвæстиатæй аскъуыддзаг кæныныл. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ ивгъуыд аз бакодтой ахæм бынæтты, куыд Остъайы фырты уынджы 46 хæдзары, Сталины 54, 96, 98, Мамсырайы фырты 8-æм корпусы, Харебаты Исахъы уынджы 1-æм корпусы, Ручъы уынджы 12 æмæ 15-æм бирæфатерон цæрæн хæдзæртты. Афтæ ма Хъайтарты уынджы 27, Харебаты Исахъы 62-æм, Тельманы уынджы 7-æм æмæ Дзабиты Геннадийы уынджы 69 æмæ 71-æм бирæфатерон цæрæн хæдзæртты дæр бакодтой мидæггагон инженерон хызæгты куыстытæ. Æндæр æмæ ма æндæр ахсджиаг куыстытæ бакодтой Коцты Грийы уынгыл дæр æмæ уый фæстиуæгæн ацы уынджы цæрджытæн сæххæст сты сæ домæнтæ. Бынтон мæгуырау уавæры уыд 13 Коммунары уынг, æмæ уый аххосæй тынг тыхстысты канд машинæты хицæуттæ нæ, фæлæ ма фистæгæй цæуджытæ дæр. Бахынцыд æрцыд æмбæстæгты рæстагон домæн, æмæ йæм хæдзарады управлени æрæвнæлдта æвæстиатæй. Сæхи финансты руаджы уынг æрцыд асфальтгонд, цæрджыты хæрзиуæгæн ма дзы бакодтой æндæр æмæ æндæр ахсджиаг куыстытæ дæр. Ацы уынг æмбæлон уагмæ кæй æрцыд, уый тынг æхсызгон уыд уымæ æввахс уынгты цæрджытæн дæр, уымæн æмæ сæ уавæртæ фенцондæр кæныныл хорзæрдæм бандæвта цасдæрбæрцæй.

Зындзинæдтæ æвзæрстой æмбæстæгтæ, горæты иуæй-иу уынгты æхсæвыгон рухс кæй нæ сыгъд, уый аххосæй. Фæлæ уыцы згъуыд дæр иуварс æрцыд цалдæр уынджы, уыцы нымæцы Плийы фырты (раздæры Островскийы уынг), Руставели, Хъайтарты уынг æмæ æндæр бынæтты. Афтæ ма уынгты фæндагон нысæнттæ кæй сæвæрдтой, уый дæр уыд тынг ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыст, цæмæй автомашинæтæ æмæ æмбæстæгтæ дæр уынгтыл цæуой æдасæй, уой фыдбылызæй хызт. Ахæм нысæнттæ ивгъуыд аз сæвæрдтой 134. Иудзырдæй, коллективæн ивгъуыд аз бирæ куыстытæ ахицæн кæнын бантыст. Сæ разы ацы аз дæр къаддæр хæстæ нæ лæудзæн, æмæ та сыл хъаруджынæй кæй бакусдзысты, ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.