1920 азы хуссайраг ирæттæй йæ цард йæхи куыд фæнды, афтæ сбæлвырд кæныны сæрыл национ-сæрибаргæнæн тохы бирæ зынгзæрдæ патриоттæ истой хайад. Уыдон æхсæн уыдис Тедеты Илья дæр. Ацы лæджы царды тыххæй нын радзырдта йæ чызджы лæппу Гæджиты Хазби, Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы цæрæг. Хазбийæн та сæ радзырдта йæ мад Еленæ.

Тедеты Илья йæ цардæмбал Хуыгианимæ цардысты Дзауы районы  Шушиты хъæуы æмæ хъомыл кодтой 4 сывæллоны. Зæнæджы хистæр уыд чызг, Магра, зæгъгæ. Дыккаг чызг Еленæйыл цыд 11 азы. Уыдоны кæстæр уыд Владимир. Иууыл кæстæрыл та цыд æртæ азы, кæцыйы ном Хазби нæ бахъуыды кодта.

Хазбийы ныхæстæм гæсгæ Тедеты Илья Хуссар Ирыстоны Советон хицауад æрфидар кæныны сæрыл тохы хайад исын райдыдта 1918 азы. Уый зылдис хъæуты æмæ адæмæн æмбарын кодта, советон хицауад сын цы хорздзинæдтæ хаста, уыдоны. Гуырдзыстон Уæрæсейы импери кæй ныппырх, уымæй спайда кæнгæйæ, бафæлвæрдта Уæрæсейæ ахицæн уæвыныл æмæ хуссарирыстойнаг ирæттæн та фадат фæзынд, цæмæй Уæрæсейы сконды баззадаиккой, Ирыстоны цæгат хаимæ баиу уæвгæйæ. Афтæмæй Гуырдзыстон аскъуыддзаг кодта, Уæрæсейы скондмæ чи тырныдта, уыцы ирон адæмы физикон æгъдауæй скуынæг кæнын.

Истори куыд фенын кодта, афтæмæй ахæм бафæлвæрдтытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд, уый уыдис сæ æдзухон бæллиц. Фæлæ Хуссар Ирыстон 1920 азы равзæрста йæхи фæндаг æмæ йыл тох кодта, цахæмфæнды зынаргъ ын ма слæууыдаид, уæддæр. Хазбийы ныхæстæм гæсгæ Гуырдзыстоны хицауад официалонæй бар радта, цæмæй сыгъд æрцыдаиккой æппæт ирон хъæутæ æмæ скуынæг кодтаиккой ирон адæмы. Гуырдзиаг большевиктæ æрсабыр сты æмæ сæхи иуварс дардтой, сæхи ницыуынæг скодтой æмæ уымæй бæлвырд кодтой, зæгъгæ, геноцид арæзт æрцыди политикон  бындурыл нæ, фæлæ йын уыдис æрмæстдæр национ характер.Гуырдзыстоны агрессортæ Ирыстоны хъæутæм бырсын куы райдыдтой æмæ сæ куы сыгътой, уæд, Хазбийы ныхæстæм гæсгæ, Тедеты Илья уыд Къуайсайы æмæ уыцы хабæрттæ куы æрыхъуыста, уæд ратагъд кодта йæ хæдзармæ, фæлæ йæ фæндагыл æрцахстой æмæ йæ амардтой. Æндæр ын цы гæнæн уыд. Еленæйы мад, куыд æппæт йæ сыхæгтæ, афтæ уый дæр сфæнд кодта йæ уæзæгæй фæлидзын. Йемæ райста, йæ бон хæссын цас уыд, уыйбæрц хæринаг йæ сывæллæттæн хъармдæр дарæс æндæр æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ. Æрыгон сылгоймаг, кæй зæгъын æй хъæуы, æххæстæй не ‘мбæрста, цахæм фæндагыл æй цæуын хъæуы æмæ йæ цы хъизæмæрттæ бавзарын хъæудзæнис, уый.

«Мæ мад-иу куыд дзырдта, афтæмæй сывæллæттæ кæд нырма чысылтæ уыдысты, уæддæр сæ мады уавæры цыдысты æмæ йын æххуыс кодтой. Афтæмæй æна, йæ цыппар сывæллонимæ баиу лигъдæтты бирæнымæц колоннæимæ. Фыццаг, цалдæр километры ацæугæйæ, уымæн йæ бон хæссын нал уыд йæ хæссинæгтæ æмæ сын сæ иу хайы аппæрста. Сывæллæттæ чысылтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ-иу æй бахъуыди уыдон æрулæфын кæнын, сæ тыхтæ сын æрбамбырд кæнын æмæ-иу иннæ лигъдæттæй фæстейæ аззадысты», – радзырдта Хазби.

Гæджийы фырты ныхæстæм гæсгæ сыл иуахæмы къæвда æрцыд. Лигъдæттæ ныххуылыдз сты æмæ хæхтæм куыд æввахсдæр кодтой, афтæ уазалæй уазалдæр кодтой. Сæ хæссинæгтæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, ныххуылыдз сты æмæ фæуæззаудæр сты. Уымæ гæсгæ та бахъуыд сæ иуты аппарын, фæлæ уыдон уыдысты æнæмæнгхъæуæг, мадмæ нал баззад, чи уазал кодтой, уыцы сывæллæтты, цæй мидæг æрбатыхтаид, уый. Фесты, йемæ цы хæринæгтæ рахаста, уыдон дæр æмæ йæ сæрæн ницыуал зыдта, цы бахæрын кодтаид йæ сывæллæттæн, уый. Ахæм уавæры æрмæст Еленæ нæ уыдис, фæлæ æппæт лигъдæттæ дæр, дзидзидай сабийæ зæронды онг. Уынгæджы сæ кодта æхсæвы уазал. Сывæллæттæ куыдтой, сæ бон дарддæр цæуын нал уыд. Æрыгон сылгоймаджы ныфс нал уыд, йæ хъæбултимæ ма Цæгат Ирыстонмæ бафтдзæнис, уымæй. Уыимæ ма фæзынд æндæр æнамонддзинад дæр. Æфцæгæй куы ахызтысты, уæд сытынг  тифы эпидеми. Лигъдæттæй бирæтæ мардысты æмæ сæ сæхиуæттæ ныгæдтой уæлæнгай къахт ингæнты. Низ никæуыл ауæрста, фæрынчын дзы сты Тедеты бинонтæ дæр, фæлæ сæ амондæн, уæддæр бахæццæ сты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æндæр лигъдæттимæ æрбынат кодтой чысыл лагеры.

«Мæ æна æмæ мæ мады кæстæр æфсымæр æруатон сты. Мæ мад уыцы хабæртты кæддæриддæр дзырдта цæссыгкалгæйæ. Хуыгиан йæхæдæг, тифæй рынчын уæвгæйæ, зылдис, чи фæрынчын, уыцы хистæр чызгмæ дæр. Лагеры, дыууæ боны уæвгæйæ, мад чысыл Еленæйы райхъал кодта, цæмæй бакастаид иннæ хатæны йе ‘фсымæрмæ, хъæлæба дзы кæй нал хъуыст, уый тыххæй. Еленæ, дуарæй бакæсгæйæ, бафарста йе ‘фсымæры, зæгъгæ, дæ дон кæнæ хæринаг нæ хъæуы, фæлæ йын уый дзуапп нæ радта. Чызг фæтарст æмæ йæм бахызт мидæмæ. Дзырдта йæм, фæлæ уый удæгас нал уыд…», – дзуры Гæджийы фырт. Хазби ма куыд радзырдта, афтæмæй йæ мад арæх дзырдта йæ уæззау мысинæгтæ. Фæндагыл цæугæйæ, æххормаг æмæ куыд мардысты, æхсæвы уазалы куыд сыдысты, мæлæт æдзух се ‘мбæлццон куыд уыдис, сæ хъæуы сын куыд сыгътой.

Еленæйæн йе ‘фсымæр куы амард, уымæй къуырийы фæстæ амард йæ мад Хуыгиан дæр. Зын радзурæн сты, дыууæ къуырийы дæргъы, йæ дыууæ  ныййарæджы æмæ йæ чысыл æфсымæры чи фесæфта, уыцы чызджы æнкъарæнтæ. Уыцы бонты уымæн фæцис йæ сабийы дуг. Байстой йын æй гуырдзиаг фыдгæнджытæ æмæ цардмæ кæсын райдыдта хъомыл адæймаджы цæстæй.

«Марды æгъдæуттæ не скæнгæйæ, мад æмæ йæ хъæбулы бавæрдтой лигъдæтты лагермæ хæстæг. Мæ мад зæрдæрисгæйæ дзырдта, сыхæгтæ сын куыд скъахтой чысыл ингæнтæ æмæ сæ марды чырынты нæ нывæргæйæ, куыд баныгæдтой. Уыдæттæ мысгæ-йæ-иу кæддæриддæр кодта кæугæ. Уый нæ базыдта, æгæрыстæмæй, йæ фыд кæм ныгæд ис, уый дæр…».

Æнæ мадæй аззайгæйæ, сывæллæттæн, сæ уавæр ноджы фæуæззаудæр, фæлæ-иу сын лигъдæттæй кæмæн цы йæ бон уыд, уымæй æххуыс кодтой. Фæстæмæ куы æрыздæхтысты Хуссар Ирыстонмæ, уæд сæ фыдыфсымæр Еленæ æмæ Владимиры йæхимæ акодта Тбилисмæ. Хистæр чызг та баззад Дзауы йæ хæстæджытæм», – дзуры йæ мады мысинæгты Хазби.

Сæ фыдыфсымæры ус не ‘руарзта сывæллæтты. Уыдис сæм карз. Бинонтæ-иу стъолы фарсмæ куы хордтой, уæд-иу уыдон та уыдысты стъолы бын æмæ сын уырдæм лæвæрдтой кæрдзыны къæбæртæ. Еленæ, кæцы фесæфта йæ кæстæр æфсымæртæй сæ иуы, тынг тарстис иннæмæн дæр æмæ йыл аудыдта. Йæ кæрдзыны къæбæр дæр-иу радта уымæн. Фыдыфсымæры  ус уый куы фæхатыд, уæд æй бафæдзæхста, цæмæй уæлдай кæрдзыны къæбæр ма иса, кæд йæхи нæ фæнды хæрын, уæд. Ахæм уавæрты фæцардысты цалдæр азы. Сывæллæттæм фыдыфсымæры усы ахæм ахасты тыххæй фæстæдæр базыдта сæ æндæр æввахс хион æмæ сæ йæхимæ ракодта. Куы байрæзтысты æмæ сæхи дарынхъом куы фесты, уæд цæрынмæ рацыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Хæдзар сарæзтой Дзауы æмæ дзы æрцардысты.

 Еленæ сылгоймаджы амондæй фæхайджын ис. Йæ цард баиу кодта Гæджиты Гедеванимæ. Схъомыл кодтой дыууæ сывæллоны – Хазби æмæ Светланæйы. Еленæ йæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддагæн. Цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ фæкуыста æндæр æмæ æндæр хъæууон скъолаты ахуыргæнæгæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.