Спортивон комплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн республикæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хайад дзы райстой 209 æвзонг богалы. Уыдон уыдысты Дзау, Къуайса, Ленингор æмæ Цхинвалæй. Спортсментæ ерыс кодтой 3 кары къорды. Чемпионат официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли. «Мæн ныфс ис, æмæ абон нæ ерысты хайадисджыты ‘хсæн кæй сты сомбоны дунеон ерысты уæлахиздзаутæ. Ирон хъæбысæйхæцджыты дæсныдзинад алыхатт дæр уыд бæрзонд æмвæзадыл. Уыдоны ‘хсæн уыдысты Олимпион чемпионтæ, дунейы æмæ Европæйы чемпионтæ. Ирыстоны, æвæццæгæн, нæй ахæм нæлгоймаг, кæцы йе взонджы бонты нæ рахызт гауызмæ æмæ йæ тыхтæ нæ бафæлвæрдта спорты ацы хуызы. Æз бирæ хæттыты банысан кодтон уый, æмæ спорты рæзты сæйраг механизм сты федерацитæ, кæцытæ хъуамæ организаци кæной ахæм ерыстæ, æмæ республикæйы къухдариуæгад та алыхатт дæр уыдонæн кæндзæн æмбæлон æххуыс», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Æрæмбырдуæвджытæн ма раарфæ кодта РХИ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент, уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат.

«Абоны спортивон бæрæгбоны стыр нысаниуæгыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæм кæй æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли æмæ республикæйы 3-аг Президент Тыбылты Леонид. Сымахæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй республикæйы спортивон кад бæрзонд кæнат», – загъта Тедеты Дзамболат. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, «Паддзахад Аланийы Чемпионат» уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъд цæуы фыццаг хатт, æмæ ацы ерыстæ тынг ахсджиаг сты æрмæст спортсментæн нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны спортивон хъæбысхæсты федерацийæн дæр.

Йæ раныхасы рæстæджы РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей та куыд банысан кодта, афтæ-мæй фыццаг хатт афтæ бирæ – 209 богалы хайад исынц  республикæйы чемпионаты. «Абон Хуссар Ирыстоны спортмæ здæхт цæуы æмбæлон хъусдард, æмæ уый та хорзæрдæм æндавы спортсменты дарддæры спортивон рæзтыл».

Ерыстæм ма æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады уæнгтæ Пухаты Эрикы сæргълæудæй.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ æхцайы премитæй.

«Уæлахизмæ тырнындзинады» тыххæй сæрмагонд призæй хорзæх-джын æрцыд Козаты Александр. «Хуыздæр техникæ»-йы тыххæй приз та райста Бежанты Чермен.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.