Дыууынæм æнусы кæрон – цæхгæр дугивæны азтæ – бирæ æнамонддзинæдтæ æрхастой адæмæн. Раздæры Советон хицауиуæгад æрлæмæгъ, ныппырх бæстæ, сæ адæмты царды æмвæзад æрхауд, схæццæ цард, сытынг сты бирæ рæтты хæстытæ. Æппæт уыдæттæ та сты хорз уавæртæ, цæмæй парахат кæной алыгъуызон зианхæссæг фæзындтытæ. Æмæ нæ царды арфдæр уидæгтæ ауагътой фыднозт кæнын, апарахат, чи нæм нæ уыд, уыцы наркомани, кæцыйы кой цыдæр нал кæнæм. Дæлæмæ хауынц, фæлтæрæй фæлтæрмæ нæм цы æргъадтæ æрхæццæ сты, уыдон, кæд уый фæдыл фæстаг азты куыст фæтынгдæр ис рæзгæ фæлтæры ‘хсæн, уæддæр.

Уыцы æмæ æндæр фæзындтæ адæймаджы, уæлдайдæр та – æрыгон лæппуйы, чызджы уды деградаци кæнынц, хырыз æй кæнынц æмæ сæ сомбон катайаг рауайы, бирæтæн дзы сæ царды байсынц, сæ хиуæттæн марой æмæ зæрдæрыст ныууадзгæйæ.

Æппæт уыдæтты фæстиуæг нæ адæм сæхиуыл уæлдай тынгдæр бавзæрстой æмæ абон дæр æвзарынц. Æмæ уый та у, цы хæствæндæгтыл, цы хъизæмæрттыл фæцыдыстæм, уый фæстиуæг.

Цыма нын уыдæттæ цъус уыдысты, уыйау ныр та нæ размæ ног фыдбæллæх фæзынд. Ныр нын уый та нæ æвзонгдæр фæлтæрмæ бавнæлдта. Адæм тасы ныххаудысты. Тас се уæнгты бацыд сæ сывæллæтты тыххæй. Интернеты цавæрдæр хъазт фæзынд «Синий кит», зæгъгæ, æмæ йæхимæ сайы хъазтæмхиц сывæллæтты. Хъæзтытæ дæр алыгъуызæттæ вæййынц, иутæ дзы сывæллоны æппæтфарсон рæзтæн ахъазгæнæг сты, æндæртæ сæ тыхбахаст æмæ æндæр ахæм æвæрццаг митыл цайдагъ кæнынц. Фæлæ дзы ацы хъазтæн æмбал бынтон нæй! Хъазты рæстæджы æндавдæуы сывæллонæн йæ психикæйыл, манипуляци дзы кæнынц, разæнгард æй кæнынц йæхицæн травмæтæ скæнынмæ. Кæронбæттæны та хъуамæ йæхи амара. Афтæ куынæ бакæна, уæд æм æртхъирæнтæ кæнынц, йæ ныййарджыты йын кæй амардзысты.

Дызæрдыггаг не сты интернеты хæрзиуджытæ. Уый руаджы адæймаджы цард бирæ фенцондæр ис. Фæлæ зиан дæр кæй хæссы, уый дæр бæлвырд у. Бирæтæ йæм куы бахизынц, уæд дзы рахизын нал фæзонынц. Растдæр зæгъгæйæ та фæзонынц, фæлæ сæ нал фæфæнды рахизын. Афтæмæй реалон цардæй иппæрд кæнынц æмæ фæцæрынц виртуалон царды. Уæдæ адæймаджы æнæниздзинадыл дæр мæгуырауæрдæм æнæндавгæ кæм у. Гъе, фæлæ дзы ахæм хъазт фæзына æмæ йæхимæ сывæллæтты æлваса, уый стыр трагеди у. Æмæ адæм алы рæтты фæдисы дзæнгæрджытæ цæгъдынц. Ацы хъазты фæстиуæгæн сæхицæн мæлæты тæрхон чи рахæссынц, ахæмтæ Уæрæсейы ныридæгæн дæсгæйттæ, сæдæгæйттæ сты. Йæ амæттæгтæ фæзындысты Ирыстоны дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент æруынаффæ кодта ацы катайаг фарстыл. Парламенты Сæрдар бацамыдта, цæмæй тагъдыл бацæттæ æрцæуа документ æмæ æрвыст æрцæуа æдасдзинадæн дзуаппдæттæг службæтæм. Ахсджиагыл банымадта, ахæм сайтты сæхгæнын æмæ сæ уацары чи бахаудысты, уыцы сывæллæтты æвæстиатæй уыдонæй фæиппæрд кæнын.

Нæ республикæйы цæрджытæм æмæ æгас æхсæнадмæ дæр стыр катайдзинад æвзæрын кæны ахæм уавæр æмæ тыхсынц сæ кæстæрты тыххæй. Уый фæдыл республикæйы мидхъуыддæгты министрады Сывæллæтты хатæны кусджытæ скъолаты ахуыргæнинæгтимæ, сæ ныййарджытимæ уадзынц профилактикон беседæтæ æмæ сидынц ныййарджытæм, ахуыргæнджытæм, цæмæй сывæллæттæ æдзух уой сæ хъусдарды бын. Сæ катайдзинад æвдисгæйæ, уыдон дæр домынц, цæмæй ахæм сайттæ æхгæд æрцæуой.

Ацы хъазты мидис чи нæма зоны, уыдонмæ дæр æмбæлы, цæмæй йæ зоной æмæ æмбарой, цы тасдзинад хæссы суинаг адæймæгтæн æмæ махæн, хистæр кары адæймæгтæн дæр. Хъазты амонджытæ архайынц, цæмæй йæм фылдæр сывæллæтты æрбахоной. Се ‘ндæвдады бын чи бахауынц, уыдон хъуамæ сæххæст кæной 50 амынддзинады. Æххæст та сæ хъуамæ кæной æмбисæхсæв, 4.20 сахатыл. Иу амындæй иннæ вæййы карздæр, зындæрæххæстгæнæн. Æппæты фæстаг та вæййы, цæмæй сывæллон йæхи æрцауындза. Сывæллæттæ фæхъусынц, сайттæй сын амынддзинæдтæ чи дæтты, уыдонмæ, сæ ныййарджыты ныхас сæм нал фæхъары.

Зæххыл сывæллонæй зынаргъдæр ницы ис. Уый никæцы ныййарæгæн хъæуы бæлвырд кæнын. Стæй æрмæст хи сывæллон нæу зынаргъ. Зынаргъ нын сты нæ хиуæтты æмæ æцæ-гæлæтты сывæллæттæ дæр. Махæн, хистæртæн, нæ хæс у, цæмæй нæ бон цы у, уымæй сæ хъахъхъæнæм алыгъуызон æвзæрдзинæдтæй, цайдагъдзинæдтæй. Цы хъазт фæзынд интернеты, уый хъазт нæу, уымæн йæ фæстæ ис мæлæт, кæстæры мæлæт æмæ кæй кæстæр у, уый хъауджыдæр нæу. Алчи дæр нæ суинаг адæймаджы, бæстæйы фидæн аразæджы уыцы хъазтæй куынæ бахиза, уæд емынæйау апырх уыдзæн. Æмæ цалынмæ нæ апырх, уæдмæ рæстæгыл мадзæлттæ райсæм, бæрндзинад равдисæм. Цæмæй ма байрæджы уа…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.