Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 7-æм майы кусæгон балцы уыд Знауыры районы, цыран ын фембæлд уыд районы цæрджытимæ. Фембæлды райдианы Президент банысан кодта, зæгъгæ, ахæм фембæлдтыты рæстæджы фадат вæййы, цæмæй бынаты базонгæ уа цæрджыты цардуагон проблемæтимæ æмæ    скъуыддзаг куыд цæуынц, уыимæ. Президент æрдзырдта, президентон æвзæрстыты агъоммæ  йæ ныфсæвæрдтæй æххæст цы æрцыд æмæ ма дзы цы баззад саразинаг, уыдæттыл. 

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй 30 проценты бæрц æххæст æрцыд æмæ дзы 20 проценты бæрц та нырма хъæуы саразын. 

«Сымахæй алкæмæн дæр зындгонд у, районæн йæ мидæггагон фæндæгтæ арæзт æмæ цалцæг кæй æрцыдысты, районы хицæн хъæуты уынгтæ кæй сты рухсæй ифтонг, иуæй-иу хъæуты цæр-джытæ нал æмбæлынц нуазыны дон æмæ брæттæ ласыны проблемæтыл. Бехъмары хъæуы арæзт æрцыдис хъæууон клуб, афтæ ма горæтæй районмæ ласынц дзул дæр», – загъта Президент.

Ныфс ма уый тыххæй æвæрдта æмæ йын цы нæма бантыст саразын, уыдоны ‘хсæн ис хъæу-уонхæдзарадон техникæйæ  районы цæрджыты сифтонг кæнын. Ацы проблемæйыл æмбæлы Балтайы хъæуы цæрæг, кæцы тынг тыхсы тракторыл. Уыцы фарсты фæдыл Президент ныфс бавæрдта, дыууæ-æртæ мæйы æмгъуыдмæ ацы фарст скъуыдзаг кæй  æрцæудзæн.  Знауыры поселочы зæххыбын коммуникацитæ саразыны фарстмæ дæр хъæуы бæстон æркæсын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы проект домы егъау финансон хардзтæ æмæ куыст, уымæ гæсгæ ацы фарстмæ дæр лæмбынæг хъусдард здæхт æрцæудзæн. Фембæлды рæстæджы районы цæрджытæ хъаст кодтой, зæгъгæ, сæм бынæт-тон паддзахадон телеуынынады сигнал æвзæр хæццæ кæны, æмæ уыцы аххосагмæ гæсгæ нæ вæййы фадат бынæттон алæвæрдтæм кæсын. Уый фæдыл Президент загъта, ацы аз кæй рахиздзыстæм нымæцон телеуынынадмæ, ныртæккæ ацы хъуыддаг аскъуыддзаг кæныны фæдыл цæуы куыст. Ныртæккæ уал монтаж цæуынц телемæсгуытæ æмæ нæ республикæйы алы цæрæгæн дæр фадат уыдзæн бынæттон алæвæрдтæм кæсынæн. Ацы арæзтадон куыстытæ хъуамæ фæуой октябры мæйы кæронмæ», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли. 

2020-2022 азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты Знауыры ра-йоны арæзт æрцæудзæн 18-фатерон цæрæн хæдзар.  Иууыл иумæ районы хъуамæ арæзт æрцæуа 3 бирæуæладзыгон хæдзары. Уымæ гæсгæ Президент бахæс кодта районы администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй районы цæрджытæй йæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдонæн номхыгъд саразой, æмæ къамис та æмбæлон куыст бакæна ацы фарста аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Президент банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнг райдайын хъæуы кусын ацы фарсты фæдыл. Æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй фатертæ райсой ахæмтæ, кæцытæ æцæгдæр тыхсынц.

Фембæлды рæстæджы Президент уæлдай хъусдард аздæхта республикæйы хисæрмагонд æф-тиæгтæ фылдæр кæныны фарстамæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз паддзахадон бюджетæй нæ республикæйы медицинон уагдæтты хъæуæг хостæй сифтонг кæныны тыххæй хицæн æрцыд 120-150 милуан сомы бæрц. Уымæ гæсгæ ацы фадыджы не ‘мбæстæгтæй ничи сæмбæлдзæн зындзинæдтыл. Кæд ахæм æнæштатон уавæрыл æмбæстæгтæй исчи сæмбæла, уæд æм сæ хъус æрдардзысты æмбæлон органты кусджытæ. Хисæрмагонд æфтиæгты фæрцы фæфылдæр сты социалон æххуыстæ, сывæллæттæн бафыстытæ, пенситæ, сахъатджынтæм кæсыны фæдыл æххуыстæ, афтæ ма 2008 азы хæстон архайдтыты фæстиуæгæн цы цæрæн хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон цалцæг кæныны тыххæй фæрæзтæ. «Махæн иууыл сæйрагдæр хæс у, цæмæй нæ паддзахады хисæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр уой. Æмæ нын æнтысгæ дæр бакодта. Уый фæрцы махæн нæ бон ссис хæсты фæстиуæгæн пырх хæдзæртты цалцæг кæныны фарст аскъуыддзаг кæнын. Афтæ ма ацы азы кæронмæ нæ горæты бирæуæладзыгон хæдзæртты  раивдзысты лифтты», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент фембæлды рæстæджы уæлдай хъусдард аздæхта цалдæргай бынæтты кусыны фарстамæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ис ахæм паддзахадон органты кусджытæ, кæцытæ кусынц цалдæргай бынæтты. Уый бахæс кодта районы администрацийы сæргълæууæгæн, цæмæй ацы фарстмæ æрдара æмбæлон хъусдард. Ацы фарстамæ  хъусдард куы æрцæуа, уæд бирæ æгуыст æмбæстæгтæн фæзындзæн куысты бынæттæ. 

Егъау хъусдард ма здæхт æр-цыд бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фидыны хъуыддагмæ. Президенты ныхæстæм гæсгæ, бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонты æмбырдкæнынад зынгæ сырæзт æмæ уый та у хорз бакуысты нысан.

Президенты раныхасы фæстæ, районы цæрджытæм сæвзæрыд бирæ фарстатæ. Уыдон тынгдæр цымыдис кодтой, фæндæгты, хидты арæзтад, куыстмызд фæфылдæр кæныны æмæ æндæр фарстытæ.  Зæгъæм, районы цæрджыты тыхсын кæны, фæсивæды минæвæрттæй бирæтæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсын сæ бон кæй нæу, уый. Уый фæдыл Президент загъта, зæгъгæ, нæ уæрæсейаг коллегæтимæ сарæзтам сразыдзинад, кæцымæ гæсгæ уæрæсейаг æмбæстагдзинад ист цæудзæн фæхуымæтæгдæргонд фæткмæ гæсгæ æмæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй ацы сразыдзинад Уæрæсейы Паддзахадон Думæ сратификаци кæна.  Районы электрохызæджы кусджыты та тыхсын кæны,  кусæн бынат сын кæй нæй, уый. Йæ рады Президент бахæс кодта æмбæлон органтæн, цæмæй ацы фарст     скъуыддзаг æрцæуа æввахс рæстæджы.

Президент ма фембæлды рæстæджы районы цæрджытæн фехъусын кодта, цæмæй уыдон серьезон ахаст равдисой, нæ республикæйы тагъд цы парламентон æвзæрстытæ уагъд цæудзысты, уыдонмæ æмæ сæ райсой активон хайад.

Знауыры районы цæрджытæй бирæтæ фембæлды рæстæджы арфæйы ныхæстæ загътой Президент Бибылты Анатолийæн, сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ сын стыр хъусдард кæй здахы, уый тыххæй.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.