Цытджын æмбæстæгтæ!

Ацы бонты нæ бæстæ бахызт йæ политикон царды бæрнон дугмæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны VI сæвзæрст Парламент 2017 азы 17 январы сессийы снысан кодта РХИ-йы Президенты радон æвзæрстыты бон. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнын, æвзæрстытæ ауагъдæуыдзысты ацы азы  9-æм апрелы. Йæ куыстмæ æрæвнæлдта Централон æвзарæн къамис дæр. Ацы политикон дуджы ахсджиагдзинад æмæ уыимæ иумæ РХИ-йы закъондæттынады нормæтæ æмæ домæнтæ хъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй ахсджиагыл нымайын сымахмæ мæ ацы ныстуан саразын.

Æвзарæн кампани у ахсджиаг политикон процесс, кæцы ахæсдзæн цалдæр мæйы. Ацы бонты мах бахызтыстæм уæлдæр паддзахадон бынатмæ кандидаттæ раразмæ кæныны нысанæн инициативон къордтæ æмæ баиугæндты аразыны этапмæ. Нырма йæ нæ зонæм, æдæппæт цал уыдзысты, уый, фæлæ æз нæ дызæрдыг кæнын, уыдон кæй уыдзысты нæ бæстæйы æмбæстæгтæй, кæцытæ хайджын уыдзысты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ цы миниуджытæ хъуамæ уа, уыдонæй, æмæ сын æвзарджыты ‘хсæн уыдзæн æмбæлон авторитет, сæйраджыдæр та сын уый тыххæй уыдзæн закъонон бартæ. РХИ-йы Конституци (Сæйраг закъон) алкæмæн дæр дæтты æмхуызон барты гаранти, æмæ паддзахад дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, гаранти дæтты сæ реализацийæн карзæй нæ закъондæттынадмæ гæсгæ.

РХИ-йы Президенты бынатмæ кандидаттæ раразмæ кæныны этап нырма гъеныр райдыдта, фæлæ хицæн æмбæстæгтæ, кæцытæ сæ официалон регистрацийы размæ фехъусын кодтой, кæй фæнд кæнынц уæлдæр паддзахадон бынатмæ сæ кандидатурæтæ раразмæ кæ-нын, ныридæгæн æрæвнæлдтой æвзæрстыты баталитæм. Дзыллон информацион фæрæзты, сæрмагондæй социалон хызæджы, цæуы активон æвзæрстыты агъоммæ агитаци, кæцы у нæ закъондæттынады ныхмæвæрд архайд. Сæрмагондæй катайы æппары уый, æмæ уыдон æмæ сæ фарсхæцджытæ ныры хицауады æмæ гæнæнуæвæг оппоненты ныхмæ уадзынц дискредитацийы фæдыл æргом компани. Арæх уый арæзт цæуы æфхæрды хуызы, уымæн та æппындæр æруадзæн нæй. Æз сæм, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, афтæ сидын, цæмæй ма хизой барады фæлгæттæй. Мæхицæн бар ратдзынæн, цæмæй фидарæй зæгъон, æвзæрстыты агъоммæ тохы претенденттæ, кæцыты РХИ-йы Централон æвзарæн къамис уæлдæр паддзахадон бынатмæ кандидаттæй срегистраци кæндзæн, нæ пайда кæндзысты тохы ахæм формæтæ æмæ фæрæзтæй, кæцытæ æгадыл нымайынц нæ адæм æмæ не ‘ппæт дæр цы барадон демократон бæстæ аразынмæ тырнæм, уым сын уæвæн нæй.

Мах сфæлхатт кæнын нæ бауадздзыстæм 2011 азы цауты, кæцыты фæстиуæгæн не ‘хсæнад уыд ныддихты æмæ æмбæстагон ныхмæлæуды къæсæрыл. Ивгъуыд азты фæлтæрддзинад нын куыд уынын кæны, афтæмæй æвзæрстытæ куыдфæнды дæр ма фæуой, уæддæр æрмæстдæр æппæт æхсæнады консолидацийы фæрцы нæ бон суыдзæн, нæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон аскъуыддзаг кæнын æмæ æрмæстдæр нæ рæнхъыты æнгомдзинад республикæйы дæр æмæ йæ адæмы дæр æркæндзысты бæлвырд нысанмæ.

Æз, куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент – РХИ-йы Конституцийы гарант, афтæ бæрндзинадимæ хъусын кæнын, арæзт кæй æрцæудзысты æппæт уавæртæ дæр, цæмæй æвзæрстыты закъондæттынадмæ гæсгæ адæм сæрибарæй равдисой сæ фæндон, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.